Хуссар Иры президент хайад райста Сырх Фӕзуаты цытджын мадзӕлтты

© Ruptly Парад 2020
Парад 2020 - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Абон Уӕрӕсейы Федерацийы сӕйраг горӕты уагъд цӕуынц Стыр Фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизы 75-азонг юбилейы цытӕн бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ

ЦХИНВАЛ, 24 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий хайад исы Стыр Фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизы 75-азонг юбилейы цытӕн бӕрӕгбонон мадзӕлтты Мӕскуыйы.

© Ruptly Хуссар Иры президент хайад райста Сырх Фӕзуаты цытджын мадзӕлтты
Хуссар Иры президент хайад райста Сырх Фӕзуаты цытджын мадзӕлтты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры президент хайад райста Сырх Фӕзуаты цытджын мадзӕлтты

Абон Уӕрӕсейы Федерацийы сӕйраг горӕтыацыд ӕфсӕддон парад 14 мин ӕфсӕддоны хайадистӕй. Уӕрӕсейы сӕргълӕууӕг Владимир Путины фӕхуындмӕ гӕсгӕ парадмӕ ӕрцыдысты фӕсарӕйнаг бӕстӕты президенттӕ.

Юилейон мадзӕлттӕм Мӕскуымӕ ныццыдысты Бибылты Анатолий, Абхазы президент Аслан Бжания, Белоруссийы президент Александр Лукашенко, Босни ӕмӕ Герцеговинӕйы Президиумы сербаг уӕнг Милорад Додик, Казахстаны президент Касым-Жомарт Токаев, Киргизийы президент Сооронбай Жээнбеков, Молдавийы президент Игорь Додон, Сербийы президент Александар Вучич, Таджикистаны президент Эмомали Рахмон, Узбекистаны президент Шавкат Мирзиеев.

Парады фӕстӕ Путин, Бибылты Анатолий ӕмӕ сӕ иннӕ фӕсарӕйнаг коллегӕтӕ дидинтӕ сӕвӕрдтой Ӕбӕрӕг Солдаты Ингӕны цур Ӕнусон артмӕ.

Уӕлахизы парад Мӕскуы ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕндӕр горӕтты ацыд 24 июны - ацы бон 1945 азы Сырх Фӕзуатыл ацыд уӕлахиздзауты легендарон историон парад. Мадзӕлттӕ хаст ӕрцыдысты 9 маййӕ коронавирусы фӕдыл вазыгджын эпидемиологон уавӕры тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0