Хуссар Ирыстонӕй рацӕугӕ дохтыры схорзӕхджын кодта Путин

© Из личного архива Вадима МедоеваМедойы Вадим
Медойы Вадим - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Иры 2008 азы хӕсты рӕстӕджы Медойты Вадим Цхинвалы рынчындоны ныккӕнды, къуындӕг уавӕрты бынӕттон дохтыртимӕ арӕзта опеацитӕ, ирвӕзын кодта цӕфты

ЦХИНВАЛ, 25 июн – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстонӕй рацӕугӕ дохтыр, Цӕгат Ирыстоны тагъд ӕххуысы клиникон рынчындоны хирургийы хайады хистӕр, медицинон зонӕдты кандидат Медойты Вадимы Владимир Путин схорзӕхджын кодта Пироговы Орденӕй. Ирон медикы хорзӕх Хуссар Иры дохтыртӕ нымайынц сӕхи ӕнтыстыл, загъта Sputnik РХИ сӕйраг анестезиолог ӕмӕ реаниматолог Плиты Александр.

Медойты Вадимы схъомыл ис Хуссар Ирыстоны, каст фӕцис фӕндзӕм астӕуккаг скъола. Уый фӕстӕ Цӕгат Ирыстоны медицинон академи каст фӕцис сырх дипломимӕ.

"Хуссар Иры дохтыртӕн уый уыд тынг ӕхсызгон хабар - ахӕм аккаг ӕмӕ разагъта хирургы схорзӕхджын кодтой Уӕрӕсейы. Хорзӕхыл цин кӕны Хуссар Иры ӕппӕт медицинон ӕхсӕнад. Арфӕ кӕнын ӕз дӕр мӕ хӕларӕн", - загъта йе ʻмгар Плиты Александр.

2008 азы хӕсты рӕстӕджы Медойты Вадим уыд Цхинвалы ӕмӕ бацыд рынчындонмӕ йӕ коллегӕтӕн ӕххуыс кӕнынмӕ. Уыдон иумӕ архайдтой фӕцӕфуӕвджыты фервӕзын кӕныныл. Операцитӕ цыдысты рынчындоны ныккӕнды, къуындӕг уавӕрты, фӕлӕ уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ уыдысты нывыл арӕзт. Хӕсты фӕстӕ дӕр Медойты Вадим йӕ архайды тыххӕй райста бӕрзонд хорзӕх.

Пациентка Казбека Кудзаева, пострадавшая во время Спитакского землетрясения - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон дохтыр агуры, Спитакы зӕххӕнкъуысты фӕстӕ цы чызджы фервӕзын кодта, уый

"2008 азы уый равдыста хъайтардзинад ӕмӕ дӕсныйады дӕнцӕг. Бирӕ хӕстонты ӕмӕ сабыр цӕрджыты цард аирвӕзын кодта. Хӕсты йӕ архайды тыххӕй уый рахицӕн кодтой медицинӕйы фадыджы Уӕрӕсейы иууыл бӕрзонддӕр хорзӕх "Призвание"-йӕ", - бафтыдта хуссарирыстойнаг реаниматолог.

Йӕ коллегӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Медойты лӕппу у ацы хорзӕхы аккаг.

"Пироговы орден ссардта аккаг хицауы, уый алкӕддӕр уыд хуыздӕр дохтыр. Фыццаг курсӕй йӕ зонын. Ахуыры рӕстӕджы дӕр хицӕн кодта аннӕтӕй, ӕнӕхъӕн бон фӕрсгӕйӕ-иу ӕй басихор кӕнын дӕр айрох. У хорз ӕмгар, алы хъуыддаджы дӕр дзы вӕййынц сӕрыстыр", - загъта Цӕгат Ирыстоны РКР-ы сывӕллӕтты дохтыр-реанимотолог Табуты Фатимӕ.

Пирогововы орден Медойты Вадимӕн лӕвӕрд ӕрцыд коронавирусимӕ тох кӕныны тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0