Уӕззау фӕсидт: Мишустин коронавирус, премьеры цард ӕмӕ Уӕрӕсейы туризмы тыххӕй

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæМихаил Мишустин
Михаил Мишустин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
УФ премьер-министр Михаил Мишустин йӕ интервьюйы телеканал "Россия 24"-йӕн радзырдта коронавирусы дыккаг уылӕн ӕмӕ йӕхӕдӕг куыд хос кодта COVID-19-ӕй, уый тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 23 июл - Sputnik. УФ премьер-министр Михаил Мишустин йӕ интервьюйы телеканал "Россия 24"-йӕн радзырдта йӕ фӕлтӕрддзинады тыххӕй коронавирусы ныхмӕ тохы, вирусы дыккаг уылӕны тыххӕй, афтӕ ма пандемийы фӕстиуджыты тыххӕй уӕрӕсейаг экономикӕйӕн.

"Вирус никӕй ӕвзары"

Мишустин банысан кодта, коронавирус ӕцӕг тӕссаг кӕй у ӕмӕ нырма бӕрӕг нӕу, куыд бахӕцы уый адӕймагыл.

"Вирус никӕй ӕвзары. Хъыгагӕн, уый тынг тӕссаг у. Нырма бӕрӕг нӕу, куыд бахӕцы коронавирус адӕймагыл. Низӕй тагъд рӕстӕгмӕ не сӕнӕниз дӕн ӕз дӕр, уый уыд зын процесс", - радзырдта уый.

УФ премьер фехъусын кодта, нырма кӕй нӕй разӕууӕлтӕ коронавирусы дыккаг уылӕнӕн Уӕрӕсейы.

Михаил Мишустин - Sputnik Хуссар Ирыстон
УФ премьер-министр: нывӕндӕм сфидар кӕнын ӕмгуыстад Хуссар Иры хицауадимӕ

"Абоны бон къаддӕр кӕны коронавирусӕй рынчынты нымӕц бӕстӕйы. Мӕскуыйы уый у 0,2-0,3%, ӕппӕт бӕстӕйы та иу процентӕй чысыл къаддӕр. Дыккаг уылӕнӕн нырма разӕууӕлтӕ не ссардтой нӕ специалисттӕ ӕмӕ ахуыргондтӕ. Уый фӕдыл хъӕуы ӕххӕст кӕнын Роспотребнадзор ӕмӕ дохтырты домӕнтӕ, ӕмӕ уӕд дыккаг уылӕн нӕ уыдзӕн", - загъта премьер-министр.

Афтӕ ма Михаил Мишустин загъта бузныг пандемийы рӕстӕджы чи куыста, уыцы дохтыртӕн.

Саразын Уӕрӕсейы уавӕртӕ улӕфынӕн

Туризм у тынг ахсджиаг здӕхт, ӕмӕ националон проект "Туризм" – дзуапп дӕтты фӕсидттӕн, кӕцытӕ ӕрхаста пандеми, бахахх кодта Мишустин.

М. Мишустин  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры премьер: Мишустины рæстæджы УФ-имæ ахастытæ райдзысты ног импульс

"Хуыздӕр у саразын уавӕртӕ улӕфынӕн дӕхи бӕстӕйы. Уый фӕдыл хъӕуынц инвестицитӕ инфраструктурӕмӕ, фӕндӕгтӕм, коммуникацитӕм, цӕмӕй алцыдӕр уа комфортон улӕфтӕн. Афтӕ ма мах хъуыды кӕнӕм, цӕмӕй саразӕм ӕнцонвадат билеттӕ трнаспортмӕ, кӕцыйы руаджы улӕфджытӕ цӕудзысты улӕфӕн бынӕттӕм. Мӕн уырны, ацы мадзӕлттӕй мах кӕй ратдзыстӕм адӕмӕн фадат ӕвзарын, цы ран баулӕфой. Мӕн уырны, уыдон кӕй равзардзысты Уӕрӕсе", - банысан кодта уый.

Премьер-министры царды тыххӕй

Уӕрӕсейаг хицауады сӕрдар радзырдта, куыд йӕм бадзырдта президлент, цӕмӕй уый суа премьер-министр.

"Хицауады кусыны фӕдыл мӕм бадзырдта Уӕрӕсейы президент Владимир Путин йӕхӕдӕг", - загъта хицауады сӕрдар.

Уый банысан кодта, пандемийы райдайӕнӕй бахъуыд кусын национ проекттыл ӕмӕ мадзӕлттыл, кӕцытӕ райстой коронавирусон инфекцийы апарахат ма руадзыны нысанӕн.

"Уый уыд уӕззау фӕсидт, ӕмӕ адӕм хъуамӕ саргъ кӕной, куыд сӕххӕст кодтам ацы хӕслӕвӕрдтӕ, уымӕн", - фехъусын кодта премьер.

Афтӕ ма Михаил Мишустин банысан кодта, хицауады зын куыст кӕй нӕ уадзы рӕстӕг улӕфынӕн.

"Хицауады уӕнгтӕ, вици-премьертӕ кӕддӕрты кусынц ӕрвыл суткӕйы. Уый баст вӕййы уавӕримӕ", - бахахх кодта премьер.

Ног хабӕртты лентӕ
0