Цхинвалы БАМ-ы микрорайоны фæндаг аразджытæ бахынцдзысты цæрджыты фæндиæгтæ

© Sputnik / Фатима ПлиеваАразджытæ бахынцдзысты БАМ-ы микрорайоны цæрджыты фæндиæгтæ фӕндагрӕзтады рæстæджы
Аразджытæ бахынцдзысты БАМ-ы микрорайоны цæрджыты фæндиæгтæ фӕндагрӕзтады рæстæджы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ивгъуыд къуыри микрорайон БАМ-ы цæрджытæ рацыдысты сӕ районмӕ фӕндагарӕзтады ныхмӕ. Уыдон къухфыстытӕ ӕмбырд кодтой фæндаг фӕуӕрӕхдӕр кӕныны домæнимæ куырдиаты бын

ЦХИНВАЛ, 13 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы микрорайон БАМ-мӕ хъаугъайаг фӕндагарӕзтады генералон нардуатон организаци ӕмӕ арӕзтадон министрад бахынцдзысты бынæттон цӕрджыты фӕндиӕгтӕ ӕмӕ гӕнӕн кӕм ис, уым бахӕсдзысты ивындзинӕдтӕ, фехъусын кодтой Sputnik арӕзтады министрады пресс-службӕйы.

Ивгъуыд къуыри микрорайоны БАМ-ы цæрджыты иу хай рацыдысты сӕ районмӕ фӕндагарӕзтады ныхмӕ. Уыдон къухфыстытӕ ӕмбырд кодтой фæндаг фӕуӕрӕхдӕр кӕныны домæнимæ куырдиаты бын.

"Арӕзтады министрад ӕмæ генералон нардуатон организаци бахынцдзысты микрорайоны цӕрджыты фиппаинæгтӕ ӕмӕ гӕнӕн уӕвгӕйӕ проектмӕ хаст ӕрцӕудзысты баххӕстгӕнинӕгтӕ", - загъта министрады пресс-секретарь Тедеты Алена.

Уый ма банысан кодта, фӕндаг йӕ раздӕры бӕрцӕй кæй у уӕрӕхдӕр, йӕ проект та фидар ӕрцыд горӕты администрацийы разыдзинадӕй.

Цхинвалы БАМ-ы цæрджытæ хъаст кæнынц экономон арæзтадæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уынгæг фæндаджы ныхмæ: Цхинвалы БАМ-ы цæрджытæ хъаст кæнынц экономон арæзтадæй

"Уынгты проекттӕ цӕттӕ цӕуынц фӕндаджы раздӕры параметртӕм гӕсгӕ. Ацы фӕндаджы магистралон хай хъуамӕ уа ӕхсӕз метрӕй авдмӕ, йӕ аннӕ хай - микрорайоны мидӕг та хъуамӕ ма уа ӕхсӕз метрӕй къаддӕр (раздӕр уыд 5,7 - 5,8 м). Уыимӕ иумӕ проекты ис автобусы лӕууӕндон, тротуартӕ ӕмӕ парковкайы бынӕттӕ. Хӕрзарӕзтцӕуӕг территорийы иумӕйаг фӕзуат у 3,3 мин квадратон метры", - бафтыдта уый.

Уагдоны ма загътой, корпусты хсæн территориты хæрзарæзт проекты кæй нæй, уыдон фæстæдæр æххæст кæндзæн горæты администраци.

Куыстытӕ цӕуынц 2020-2022 ӕзты инвестицион нывӕзты фӕлгӕтты æмæ фӕуыдзысты азы кӕронмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0