Цӕгат Ир баххуыс кӕндзӕн Хуссар Ирӕн хостӕ ӕмӕ туаггуырӕй COVID-19-ӕн хос кӕнынӕн

© Sputnik / Наталья АйриянДзӕуджыхъӕу
Дзӕуджыхъӕу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалмӕ гуманитарон ӕххуыс арвитын цӕгатирыстойнаг къухдариуӕгад аскъуыддзаг кодта регионы сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав ӕмӕ президент Бибылты Анатолийы телефонон ныхасы фӕстӕ

ЦХИНВАЛ, 4 ноя - Sputnik. Цӕгат Ирыстон бакӕндзӕн гуманитарон ӕххуыс Хуссар Ирӕн хосты ӕмӕ медицинон туаггуыры хуызы, ахӕм скъуыддзаг райстӕуыд РЦИ-А сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав ӕмӕ РХИ президент Бибылты Анатолийы телефонон ныхасы фӕстӕ.

"Хуссар Иры сӕвзӕрд вазыгджын уавӕр коронавирусон инфекциимӕ, уымӕ гӕсгӕ мах бахатыдыстӕм Цӕгат Иры къухдариуӕгадмӕ, цӕмӕй ных баххуыс кӕной медикаменттӕй", - хъусын кӕны Бибылты Анатолийы ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.

Битарты Вячеслав банысан кодта, ног коронавирусон инфекции кӕй ссис "фӕлварӕн ӕнӕхъӕн дунейӕн".

Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры фӕуд кӕнынц хостӕ коронавирусӕй рынчынтӕн – Тотчиты Георгий

"Ӕмӕ абон Хуссар Ирыстоны рынчынты нымӕц бирӕбӕрцӕй куы фылдӕр кӕны, уӕд мах нымайӕм нӕ хӕсыл, цӕмӕй цы нӕ бон у, уымӕй баххуыс кӕнӕм не ‘фсымӕртӕн низимӕ тохы", - бахахх кодта уый.

Битарты Вячеславы хӕслӕвӕрдӕй, Хуссар Ирыстонмӕ рарвитдзысты медикаменты партии, кӕцытӕ сты ӕнӕмӕнгхъӕуӕг коронавирусы хоскӕнынад ӕмӕ профилактикӕйы тыххӕй. Уымӕй дарддӕр ма Хуссар Ир райсдзӕн медицинон туаггуыр дӕр.

Ныхасы кӕрон Битарты Вячеслав Цӕгат Ирыстоны ӕппӕт цӕрджыты номӕй загъта хуссайраг ӕфсымӕртӕн ӕнӕниздзинады фӕндиӕгтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0