Цхинвайлаг журналист райста Цӕгат Иры сӕргълӕууӕджы преми

© Республика Северная Осетия - АланияЦхинвайлаг журналист райста Цӕгат Иры сӕргълӕууӕджы преми
Цхинвайлаг журналист райста Цӕгат Иры сӕргълӕууӕджы преми - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Газет "Республика"-йы уацхӕссӕг Цхуырбаты Мӕдинӕйы рахицӕн кодтой номинаци "Единение"-йы, кӕцы лӕвӕрд фӕцӕуы хуссарирыстойнаг журналисттӕн

ЦХИНВАЛ, 13 янв – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны фӕсивӕдон газет "Республика"-йы журналист Цхуырбаты Мӕдинӕ райста Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславы ӕрвылазон преми "Единение". Цхинвайлаг журналист премийы лауреат ссис йӕ куыст "Север-Юг Алании. Единство судеб сквозь столетия"-йы тыххӕй. 

Хорзӕхкӕныны церемони ацыд Дзӕуджыхъӕуы Национ музейы бӕстыхайы ӕмӕ йӕ ӕрӕмных кодтой Уӕрӕсейы дзыллон информацийы бонмӕ, кӕцы нысан цӕуы 13 январы.

"Тынг ӕхсызгон мын у, ацы хорзӕхы аккаг мӕ кӕй скодтой. Стыр бузныг мӕ загъын фӕнды сӕрмагондӕй мӕ редактор Хьоцыты Андрейӕн. Стӕй ма Цӕгат Иры разамонӕг Битарты Вячеславӕн, ӕнӕхъусдард кӕй нӕ уадзы Хуссары журналистты, уый тыххӕй",-  загъта Sputnik премийы лауреат Цхуырбаты Мӕдинӕ.

Мадзал рӕстӕджы ма премитӕ радтой ӕндӕр номинациты дӕр. Цӕгат Ирыстоны разамонӕг Битарты Вячеслав раафӕ кодта журналисттӕн Ног аз ӕмӕ мыхуыр боны фӕдыл ӕмӕ фехъусын кодта, ацы азӕй республикӕйы кӕй райдайдзӕн кусын ӕвзонг журналистты цӕттӕйы нывӕзт.

Преми лӕвӕрд цӕуы ныр ӕртыккаг аз, уымӕй размӕ ӕзты премийы хицау баисты газеттӕ "Республика" ӕмӕ  "Южная Осетия"-йы журналисттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0