Сергей Меняйлойы равзæрстой Цæгат Иры сæргълæууæгæй

© Пресс-служба президента РЮОСергей Меняйло
Сергей Меняйло  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.09.2021
Рафыссын
Меняйлойæ дарддæр кандидатты нымæцы уыдысты регионы депутаттæ Баликъоты Валерий æмæ Медея Элдзарова
ЦХИНВАЛ, 19 сен - Sputnik. Цæгат Ирыстоны депутаттæ сусæг хъæлæсæппæрсты руаджы равзæрстой Сергей Меняйлойы регионы къухдариуæггæнæгæй.
"Меняйлойы тыххæй схъæлæс кодтой - 57, ныхмæ - 0, не ʻсхъæлæс кодтой - 0", - загъта Цæгат Ирыстоны парламенты нымайæн къамисы сæрдар Гæбæраты Юрий.
Цæгат Ирыстон комкоммæ æвзæрстытæ нæ уадзы, регионы разамонæджы æвзары парламент УФ президенты бавдыстгонд кандидатурæты нымæцæй.
"Ӕз æй зонын, Ирыстоны цæрджытæ махмæ æнхъæлмæ кæсынц раст къахдзæфтæм. Ӕнхъæлмæ кæсынц ног скъуыддзæгтæ æмæ рæстдзинадмæ. Нæ хæс та у саразын афтæ, цæмæй алкæцы адæймагæн дæр йæ цард цæуа сабыр æмæ фадатджынæй. Регионы цæрджытæ хъуамæ уыной мах кæй архайæм иумæйаг хæрзиуæгл. Ууыл кусдзæн æз уæ æххуысæй", - загъта Сергей Меняйло.
Ног хабӕртты лентӕ
0