Мӕргъиты Алексийы номарынӕн

© facebook, Нелли Габараева Алексей Маргиев
Алексей Маргиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Алекси хорз лӕг уыд. Йӕ кӕстӕртӕ хуыздӕр цардагурӕг ныппырхытӕ сты ӕппӕт дунейыл, фӕлӕ уый баззад Иры дзыхъхъы. Никуыдӕм фӕлыгъд нӕдӕр хӕсты рӕстӕджы, нӕдӕр аннӕ зындзинӕдты.

Пӕррӕстаты Лана

Зынгӕ ирон историограф Мӕргъиты Алекси кӕй фӕхъуыд ацы цардӕй, уый мӕм афтӕ бахъардта ӕмӕ мӕ зӕрдӕ дыккаг бон йӕ кӕуынӕй нӕ лӕууы. Рӕгмӕ базыдтон ацы ӕвирхъау хабар. Телеграммӕ арвитын дӕр нӕ сарӕхстӕн. Фӕсарӕнтӕй дзыназын, фӕлӕ мӕ бон цы у… Ныр мӕ зӕрдыл ӕрбалӕуыд, кӕддӕр мын куыд дзырдта, кӕд, дам, дӕ фӕнды, уӕд, дам, мын мӕ чиныгӕн разныхас ныффысс. Нӕ ныффыстон… Цы чиныг уыд, уый налдӕр хъуыды кӕнын, фӕлӕ абон Алексийы ном куыннӕ ссарон, уӕд мӕ сӕр уӕлӕмӕ скӕсынӕн нал уыдзӕн.

Мӕ миддунейы Алекси уыд Иры бинаг дуртӕй сӕ иу. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый мӕнӕй бирӕ хистӕр уыд ӕмӕ мӕ ныхас гӕнӕн ис ӕмӕ бынтон стыр ма рауайа, стыр ныхӕстӕ чи дзура, уыдон дӕр бирӕ уыдзысты. Мӕн та фӕнды ныффыссын, куыд ӕй бахъуыды кодтон — хуымӕтӕг, зӕрдӕхӕлар, хъӕлдзӕг ныхас уарзӕг — афтӕ.

Фӕстаг цыппар аз-иу Ирмӕ куы ныццыдтӕн ӕмӕ-иу Алексийыл куы сӕмбӕлдӕн, уӕд-иу зӕрдӕ барухс. Нӕуӕдзаздзыд уӕвгӕйӕ йӕ куыст нӕ уагъта. Йӕхӕдӕг йӕхицӕн схӕс кодта нӕ историйы цаутӕ фыссын ӕмӕ уыцы хъуыддаг йӕ фӕстаг бонтӕм нӕ ныууагъта.

Раст зӕгъгӕйӕ, йӕ фӕстаг бонтӕн ын бирӕ ницы зонын. Фӕлӕ йӕ цуры фӕкуыстон 2007 азӕй 2011 азмӕ. Ӕмӕ-иу дзы "уынгӕджы" уыдыстӕм. Кӕцӕйдӕр-иу гуырдзиаг газеттӕ скъахта, ратӕлмац-иу кодта Ирыстоны тыххӕй цы фыстой, ӕмӕ-иу сӕ стӕй махӕн мыхуыр кӕнын кодта. Стӕй чингуытӕ аразыныл куы схӕцыд, уӕд-иу дзы ӕмбӕхсгӕ дӕр бакодтам. Ныр мӕм худинаг кӕсы, фӕлӕ раст цы у, уый зӕгъын хъӕуы. Ӕз уыййас нӕ уарзтон кусын.

Алексийыл кӕд бирӕ ӕзтӕ цыд, уӕддӕр уӕнгтӕй бирӕ нӕртон адӕмӕй рогдӕр уыд. Уартӕ фӕкӕс мӕ хицауады ӕхсӕзӕм уӕладзыгӕй кӕсы, ӕмӕ мӕнӕ ныр та Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады кусджытӕм бауад. Стӕй кӕс, ӕмӕ "Сырх дзуары" дуӕрттӕй рахизы. Афтӕ алыбон дӕр.

Ӕппӕты зӕрдӕрухс та-иу уыд 9 майы. Скодта-иу йӕ майдантӕ, ӕмӕ-иу зӕрдиаг ныхӕстӕ фӕкодта ветерантимӕ.

Алексийы фӕрцы базадис Ирыстонӕн ныры бон дӕр ахсджиаг чиныг "Грузия. Этнические чистки в отношении осетин". Коцты Ингаимӕ иумӕ ахӕм стыр куыст бакодтой ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй. Уыцы чиныг алкӕй хӕдзары дӕр хъуамӕ уа, цӕмӕй нӕ сомбон макуыуал уа афтӕ саудалынг.

Чиныг йедзаг у ӕвдисӕйнӕгтӕй, документтӕй, нывтӕй — цас фыдми фӕкодта Гуырдзы ирӕттӕн нӕуӕдзӕм азты. 2010 азы нын фӕцис фадат, ратӕлмац ӕй кодтам англисаг ӕвзагмӕ ӕмӕ уый не ‘ртӕйӕн дӕр уыд афтӕ ӕхсызгон хабар ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй. Стӕй ацы чиныг парахат кодтам, цы фӕсарайнаг организациты кусджытимӕ ӕмбӕлдыстӕм, уыдоны хсӕн. Хъыгагӕн, уыдонӕн сӕ фылдӕр 2008 азы хӕсты тыххӕй зонынц, фӕлӕ уый размӕйы хабӕрттӕ та на. Ӕмӕ Алекси ӕмӕ Ингайы чиныг стыр ӕххуыс уыд уыдонимӕ кусыны хъуыддаджы.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдис ахӕмтӕ ӕмӕ-иу ӕрмӕг райстой Алексийӕ, фӕлӕ-иу ын йӕ ном "ферох кодтой" чиныджы сӕр ныффыссын… Уыдонӕн се ‘мбисонд сӕхи… Сӕ зӕрдӕ сын ӕвдисӕн.

Йе стыр куыст кӕнгӕйӕ, йӕ дыууӕуӕладзыгон хӕдзар байдзаг чингуытӕй, газеттӕй. Базмӕлӕнтӕ дӕр-иу ӕм нӕ уыд. Стӕй йын хицауады

Ксерокс куы радтой, уӕд ноджы фӕфылдӕр сты. Уырыссагау "самиздат" (хиконд) цы хонынц, ахӕм чингуытӕ арӕзта Гуырдзы ӕмӕ Иры ахастыты тыххӕй, Уӕрӕсеимӕ ахастыты тыххӕй. Стӕй уыййас ӕрмӕг ӕртымбыл кодта Уӕрӕсейы уӕды президент Дмитрий Медведевы тыххӕй, ӕмӕ йӕ чиныджы уӕз рауад иу-дӕс кило уӕддӕр. Уыцы чиныг Мӕскуымӕ дӕр арвыста, фӕхӕццӕ ӕви нӕ, уымӕн, ӕцӕг, ницыуал базыдтон.

Алекси хорз лӕг уыд. Йӕ кӕстӕртӕ хуыздӕр цардагурӕг ныппырх сты ӕппӕт дунейыл, фӕлӕ уый баззад Иры дзыхъхъы. Никуыдӕм фӕлыгъд нӕдӕр хӕсты рӕстӕджы, нӕдӕр аннӕ зындзинӕдты.

Уый уын йе стыр куысты тыххӕй. Фӕлӕ мӕн ӕппӕты фылдӕр фӕнды радзурын, куыд хъӕлдзӕгзӕрдӕ уыд Алекси, уый тыххӕй.

Иу хатт дын не ‘мкусӕгӕн цыдӕр телефоны номыртӕ радта: "Тынг тыхстӕй дӕ, зӕгъгӕ, агуырдтой!" Ацы чызг дӕр фӕдзырдта. Йӕ ном загъта, бафарста: "Агуырдтад мӕ?" Уым ын афтӕ: "Нӕй". Ахызтис та кӕдӕмдӕр ӕмӕ фӕстӕмӕ куы рбацыд, уӕд та йын Алекси афтӕ: "Ай, мӕнӕ та дӕ ацы тӕккӕ агуырдтой!" Мӕгуыр чызг та фӕдзырдта, мӕ та "Нӕй". Афтӕ цалдӕр хатт. Ӕппын фӕстаг кӕмӕ дзырдта, уыдон ӕй бафарстой: "Кӕдӕм дзурыс уый зоныс?" Чызг ӕй нӕ зыдта, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы. "Омӕ дам ӕррадонмӕ дзурыс, ӕррадонмӕ!"

Уый уыд фыццӕгӕм апрель. Ӕмӕ ахӕм та уыд Алекси. Мӕн та-иу хуыдта «хулиганка». Цӕмӕн, уый абоны бон дӕр нӕ зонын. Мӕ йӕ ныр нал дӕр базондзӕн…

Рухсаг у, Алекси! Мӕрдты дзӕнӕты бад! Хуыцау зӕгъӕд, ӕмӕ разына ахӕм адӕм, кӕцытӕ дын дӕ куыст адарддӕр кӕндзысты ӕмӕ дӕ ном ӕнустӕм нӕ ферох уыдзӕн!

Ног хабӕртты лентӕ
0