Сӕйрагдӕр – цӕмӕй бинонтӕ уой иумӕ

Рафыссын
Плиты Вячеслав иунӕгӕй хъомыл кӕны йе’хсӕз хъӕбулы

Хуссар Ирыстоны, куыд æппæт дунейы, афтæ 1 июны нысан кæнынц Сывæллæтты хъахъхъæныны бон. Ацы бон уӕлдай хъусдард фӕнды аздахын зын уавӕрты цы сабитӕ хъомыл кӕнынц, уыдон хъысмӕтмӕ.

Плиты бинонтӕ, цыран хъомыл кӕнынц ӕхсӕз сывӕллоны, цӕрынц Знауыры районы Хъорнисы хъӕуы. Кӕд уыдон цӕрынц тынг уӕззау уавӕрты, уӕддӕр, уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, сӕхи нæ ауагътой, ныфс сӕ ис, тагъд сӕ цард кӕй фӕивдзӕн хорзырдӕм.

Цалдӕр азы размӕ сабитӕн рарынчын сӕ гыцци. Бинонты хистӕр Вячеслав ныууӕй кодта иууылдӕр йӕ мулк, йæ фӕллой, цӕмӕй йӕ бинойнагӕн схос кӕна. Фӕлӕ зынаргъ хостӕ дӕр нал баххуыс сты рынчынӕн. Ныр ӕнӕкуыстхъом фыд (йӕхӕдӕг дӕр рынчын у) йе ‘хсӕз хъӕбулы хъомыл кӕны иунӕгӕй.

Вячеславӕн дзырдтой, цӕмӕй йе ‘нахъом сабиты интернатмӕ ратта. Фӕлӕ фыд не сразы. Уый фидарӕй зоны, сывӕллӕттӕ бинонты 'хсӕн кӕй хъуамӕ рӕзой. Уырны йӕ, фыды уарзондзинад зын кӕй фӕуыдзӕн æвдадзы хос ӕмӕ сын кӕй айрох кӕндзӕн сӕ маст.

© Sputnik / Роин БибиловХъорнисы хъӕумӕ фӕндаг. Ам цӕрынц Плиты бинонтӕ.
Хъорнисы хъӕумӕ фӕндаг. Ам цӕрынц Плиты бинонтӕ. - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/14
Хъорнисы хъӕумӕ фӕндаг. Ам цӕрынц Плиты бинонтӕ.
© Sputnik / Роин БибиловАслан, Алиса, Анжела, Азӕмат, Динӕ, Денис – стыр, хъӕрмуд, фӕлӕ ӕнӕххӕст биноты сывӕллӕттӕ. Уыдон хъомыл кӕны сӕ фыд. Чысылтӕ сын аххуыс кӕны сӕ нана дӕр.
Аслан, Алиса, Анжела, Азӕмат, Динӕ, Денис – стыр, хъӕрмуд, фӕлӕ ӕнӕххӕст биноты сывӕллӕттӕ. Уыдон хъомыл кӕны сӕ фыд. Чысылтӕ сын аххуыс кӕны сӕ нана дӕр. - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/14
Аслан, Алиса, Анжела, Азӕмат, Динӕ, Денис – стыр, хъӕрмуд, фӕлӕ ӕнӕххӕст биноты сывӕллӕттӕ. Уыдон хъомыл кӕны сӕ фыд. Чысылтӕ сын аххуыс кӕны сӕ нана дӕр.
© Sputnik / Роин БибиловСабиты мад йӕ цардӕй ахицӕн дыууӕ азы размӕ. Ныр хистӕртӕ рӕвдауынц кӕстӕрты.
Сабиты мад йӕ цардӕй ахицӕн дыууӕ азы размӕ. Ныр хистӕртӕ рӕвдауынц кӕстӕрты. - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/14
Сабиты мад йӕ цардӕй ахицӕн дыууӕ азы размӕ. Ныр хистӕртӕ рӕвдауынц кӕстӕрты.
© Sputnik / Роин БибиловСтыр бинонтӕн сӕ куыстытӕ дӕр бирӕ сты – абон уал сын уыд гӕрзтӕхсӕн бон.
Стыр бинонтӕн сӕ куыстытӕ дӕр бирӕ сты – абон уал сын уыд гӕрзтӕхсӕн бон. - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/14
Стыр бинонтӕн сӕ куыстытӕ дӕр бирӕ сты – абон уал сын уыд гӕрзтӕхсӕн бон.
© Sputnik / Роин БибиловХӕдзары миты хистӕртӕм сӕ къух фӕдарынц сабитӕ иууылдӕр.
Хӕдзары миты хистӕртӕм сӕ къух фӕдарынц сабитӕ иууылдӕр. - Sputnik Хуссар Ирыстон
5/14
Хӕдзары миты хистӕртӕм сӕ къух фӕдарынц сабитӕ иууылдӕр.
© Sputnik / Роин Бибилов. Денисыл ӕртӕ азы йедтӕмӕ нӕма цӕуы. Уый йӕ мады бынтондӕр нӕ хъуыды кӕны, ӕмӕ йӕ фыдыл дӕр уӕлдай ахуыр уымӕн у.
.      Денисыл ӕртӕ азы йедтӕмӕ нӕма цӕуы. Уый йӕ мады бынтондӕр нӕ хъуыды кӕны, ӕмӕ йӕ фыдыл дӕр уӕлдай ахуыр уымӕн у. - Sputnik Хуссар Ирыстон
6/14
. Денисыл ӕртӕ азы йедтӕмӕ нӕма цӕуы. Уый йӕ мады бынтондӕр нӕ хъуыды кӕны, ӕмӕ йӕ фыдыл дӕр уӕлдай ахуыр уымӕн у.
© Sputnik / Роин БибиловЧызджытӕм хауы хӕдзар ӕмӕ кӕрт ӕфснайын.
Чызджытӕм хауы хӕдзар ӕмӕ кӕрт ӕфснайын. - Sputnik Хуссар Ирыстон
7/14
Чызджытӕм хауы хӕдзар ӕмӕ кӕрт ӕфснайын.
© Sputnik / Роин БибиловФӕлӕ сын хъазынн дӕр рӕстӕг фӕвӕййы.
Фӕлӕ сын хъазынн дӕр рӕстӕг фӕвӕййы. - Sputnik Хуссар Ирыстон
8/14
Фӕлӕ сын хъазынн дӕр рӕстӕг фӕвӕййы.
© Sputnik / Роин БибиловПлиты бинонтӕн ӕххуыс кӕнын мад Серафима Цхинвалӕй. Уый сӕм арӕх ӕрбацӕуы лӕвӕрттимӕ.
Плиты бинонтӕн ӕххуыс кӕнын мад Серафима Цхинвалӕй. Уый сӕм арӕх ӕрбацӕуы лӕвӕрттимӕ. - Sputnik Хуссар Ирыстон
9/14
Плиты бинонтӕн ӕххуыс кӕнын мад Серафима Цхинвалӕй. Уый сӕм арӕх ӕрбацӕуы лӕвӕрттимӕ.
© Sputnik / Роин БибиловВячеслав йӕ рӕстӕг иууылдӕр ӕрвиты йӕ хъӕбултимӕ. Уымӕй нӕй кусыны фадат – хъӕуы нӕй сывӕллӕтты цӕхӕрадон.
Вячеслав йӕ рӕстӕг иууылдӕр ӕрвиты йӕ хъӕбултимӕ. Уымӕй нӕй кусыны фадат – хъӕуы нӕй сывӕллӕтты цӕхӕрадон. - Sputnik Хуссар Ирыстон
10/14
Вячеслав йӕ рӕстӕг иууылдӕр ӕрвиты йӕ хъӕбултимӕ. Уымӕй нӕй кусыны фадат – хъӕуы нӕй сывӕллӕтты цӕхӕрадон.
Бирӕсывӕллонджын бинонтӕн сӕ ног хӕдзар баззад ӕрдӕгарызтӕй. Ныр цалдӕр азы лӕууы ӕдзӕрӕгӕй ӕмӕ цадӕггай ӕдзӕллаг уавӕрмӕ цӕуы.
Бирӕсывӕллонджын бинонтӕн сӕ ног хӕдзар баззад ӕрдӕгарызтӕй. Ныр цалдӕр азы лӕууы ӕдзӕрӕгӕй ӕмӕ цадӕггай ӕдзӕллаг уавӕрмӕ цӕуы. - Sputnik Хуссар Ирыстон
11/14
Бирӕсывӕллонджын бинонтӕн сӕ ног хӕдзар баззад ӕрдӕгарызтӕй. Ныр цалдӕр азы лӕууы ӕдзӕрӕгӕй ӕмӕ цадӕггай ӕдзӕллаг уавӕрмӕ цӕуы.
© Sputnik / Роин БибиловЗӕронд хӕдзар дӕр нӕй схонӕн цӕрынӕн бӕзгӕ. Зымӕг фӕхъӕуы пецы ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕндзарын, цӕмӕй къулты ӕмӕ рудзгуыты хуынчъытӕй хъарм ма цӕуа.
Зӕронд хӕдзар дӕр нӕй схонӕн цӕрынӕн бӕзгӕ. Зымӕг фӕхъӕуы пецы ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕндзарын, цӕмӕй къулты ӕмӕ рудзгуыты хуынчъытӕй хъарм ма цӕуа. - Sputnik Хуссар Ирыстон
12/14
Зӕронд хӕдзар дӕр нӕй схонӕн цӕрынӕн бӕзгӕ. Зымӕг фӕхъӕуы пецы ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕндзарын, цӕмӕй къулты ӕмӕ рудзгуыты хуынчъытӕй хъарм ма цӕуа.
© Sputnik / Роин БибиловЗӕнӕджы хистӕр Аслан ӕфсӕрмы кӕны махӕй. Уый фӕнды йӕ фыдау спортсмен суӕвын, фӕлӕ Хъорнисы нӕй спортзал.
Зӕнӕджы хистӕр Аслан ӕфсӕрмы кӕны махӕй. Уый фӕнды йӕ фыдау спортсмен суӕвын, фӕлӕ Хъорнисы нӕй спортзал. - Sputnik Хуссар Ирыстон
13/14
Зӕнӕджы хистӕр Аслан ӕфсӕрмы кӕны махӕй. Уый фӕнды йӕ фыдау спортсмен суӕвын, фӕлӕ Хъорнисы нӕй спортзал.
© Sputnik / Роин БибиловВячеславӕн дзырдтой, цӕмӕй сывӕллӕтты радта Интернатмӕ, фӕлӕ уый аскъуыддзаг кодта, йӕхицӕй хуыздӕр сӕм кӕй ничи фӕкӕсдзӕн. Фыды уарзондзинад та сын ничи баивдзӕн.
Вячеславӕн дзырдтой, цӕмӕй сывӕллӕтты радта Интернатмӕ, фӕлӕ уый аскъуыддзаг кодта, йӕхицӕй хуыздӕр сӕм кӕй ничи фӕкӕсдзӕн. Фыды уарзондзинад та сын ничи баивдзӕн. - Sputnik Хуссар Ирыстон
14/14
Вячеславӕн дзырдтой, цӕмӕй сывӕллӕтты радта Интернатмӕ, фӕлӕ уый аскъуыддзаг кодта, йӕхицӕй хуыздӕр сӕм кӕй ничи фӕкӕсдзӕн. Фыды уарзондзинад та сын ничи баивдзӕн.
Ног хабӕртты лентӕ
0