Улӕфт боны маршрут: Гуфта – Эрцъо – Къоз

Рафыссын
Хуссар Ирыстоны Дзауы район у Республикæйы иууыл уæлхох район. Уый нымад цыд туристтæн иууыл аккагыл, уый фæстиуæгæн ам ис бирæ турбазæтæ. Дзауы районы сты республикæйы иууыл алæмæттагдæр бынæттæ, сурæтхуыз кæмттæ, хæххон цæугæдæттæ, æхсæрдзæнтæ æмæ зындгонд цадтæ – Къозы цад, Хъелы цад æмæ Эрцъойы цад.

Хуссар Ирыстон ӕввахс базонынӕн, йӕ историон ӕмӕ культурон цыртдзӕвӕнтӕ, географион хицӕндзинӕдтӕ ӕмӕ алӕмӕттаг бынӕттимӕ базонгӕ кӕнынӕн республикӕ хъуамӕ ацӕуай раст ӕмӕ цӕхгӕрмӕ. Ӕмӕ кӕд йӕ территори егъау нӕу, уӕддӕр бахъӕудзӕн цалдӕр къуырийы.

Фылдӕр хатт та Хуссар Ирыстон ӕмӕ йӕ уазджытӕн активон улӕфтӕн вӕййы иу- дыууӕ боны.

Туристтӕн феххуысы нысанӕн мах бацӕттӕ кодтам фенддаг бынӕтты къамты лентӕ.

Абоны маршрутыл ацæуын хъæуы Хуссар Ирыстоны столицæйæ Транскамы фæндагыл Гуфтайы онг, дарддæр Эрцъойы цадмæ, Начърепайы хъæумæ æмæ Къозы цадмæ.

Афтæ бакæсут нæ раздæры маршруттæм: Цхинвал-Дменис-Зонкъар ӕмӕ Цхинвал-Икъорта-Ленингор-Ларгвис-Ахмадж.

© Sputnik / Ада БагианАцы маршрутыл ацæуын хъæуы Хуссар Ирыстоны столицæйæ Транскамы фæндагыл Гуфтайы онг, дарддæр Эрцъойы цадмæ, Начърепайы хъæумæ æмæ Къозы цадмæ.
Гуфта-Эрцъо-Коз - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/24
Ацы маршрутыл ацæуын хъæуы Хуссар Ирыстоны столицæйæ Транскамы фæндагыл Гуфтайы онг, дарддæр Эрцъойы цадмæ, Начърепайы хъæумæ æмæ Къозы цадмæ.
© Sputnik / Ада БагианГуфтайы хиды сæрмæ фыст "Цвети Осетия моя" фæзынд XX æнусы 70-æм азты.
Гуфта-Эрцъо-Коз - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/24
Гуфтайы хиды сæрмæ фыст "Цвети Осетия моя" фæзынд XX æнусы 70-æм азты.
© Sputnik / Ада БагианКъуыдаргом æмæ Дзауы ком кæм иу кæнынц. Гуфтайы хъæуы цур хидæн ис историкон нысаниуæг. Эксплуатацимæ лæвæрд æрцыд 1929 азы 1 ноябры. Йæ аразыныл бахъуыдысты æрмæстдæр 10 мæйы. Йæ дæргъ у 72 метры, йæ бæрзæнд та – 22 метры. Ныртæккæ хидыл нæй цӕуӕн.
Гуфта-Эрцъо-Коз - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/24
Къуыдаргом æмæ Дзауы ком кæм иу кæнынц. Гуфтайы хъæуы цур хидæн ис историкон нысаниуæг. Эксплуатацимæ лæвæрд æрцыд 1929 азы 1 ноябры. Йæ аразыныл бахъуыдысты æрмæстдæр 10 мæйы. Йæ дæргъ у 72 метры, йæ бæрзæнд та – 22 метры. Ныртæккæ хидыл нæй цӕуӕн.
© Sputnik / Ада БагианЦæугæдон Пацъа у тынг сыгъдæг. Сæрдыгон рæстæг уый нычысыл вæййы.
Гуфта-Эрцъо-Коз - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/24
Цæугæдон Пацъа у тынг сыгъдæг. Сæрдыгон рæстæг уый нычысыл вæййы.
© Sputnik / Ада БагианХъемултайы хъæумæ ракаст.
Гуфта-Эрцъо-Коз - Sputnik Хуссар Ирыстон
5/24
Хъемултайы хъæумæ ракаст.
© Sputnik / Ада БагианХъемултайы хъæумæ æввахс ис Советон Цæдисы хъайтар Остъаты Алексейæн цыртдзæвæн.
Гуфта-Эрцъо-Коз - Sputnik Хуссар Ирыстон
6/24
Хъемултайы хъæумæ æввахс ис Советон Цæдисы хъайтар Остъаты Алексейæн цыртдзæвæн.
© Sputnik / Ада БагианЭрцъомæ фæндагыл ис Елхъанты хъæу.
Гуфта-Эрцъо-Коз - Sputnik Хуссар Ирыстон
7/24
Эрцъомæ фæндагыл ис Елхъанты хъæу.
© Sputnik / Ада БагианСæридтаты ком.
Гуфта-Эрцъо-Коз - Sputnik Хуссар Ирыстон
8/24
Сæридтаты ком.
© Sputnik / Ада БагианСæридты хъæуы цур ис астæуккаг æнусты хъахъхъæнæн комплексы баззайæггæгтæ.
Гуфта-Эрцъо-Коз - Sputnik Хуссар Ирыстон
9/24
Сæридты хъæуы цур ис астæуккаг æнусты хъахъхъæнæн комплексы баззайæггæгтæ.
© Sputnik / Ада БагианЦад æрмæст йæ рæсугъддзинадæй зындгонд нæу, фæлæ май æ аномалон миниуæгæй дæр. Цалдæр аз иу хатт йæ дон фесæфы.
Гуфта-Эрцъо-Коз - Sputnik Хуссар Ирыстон
10/24
Цад æрмæст йæ рæсугъддзинадæй зындгонд нæу, фæлæ май æ аномалон миниуæгæй дæр. Цалдæр аз иу хатт йæ дон фесæфы.
© Sputnik / Ада БагианБынæттон цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, дон ахъуызы йæ быны уæвæг стыр лæгæттæм.
Гуфта-Эрцъо-Коз - Sputnik Хуссар Ирыстон
11/24
Бынæттон цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, дон ахъуызы йæ быны уæвæг стыр лæгæттæм.
© Sputnik / Ада БагианНыртæккæ цад у йемыдзаг æмæ туристты æхсæн у популярон.
Гуфта-Эрцъо-Коз - Sputnik Хуссар Ирыстон
12/24
Ныртæккæ цад у йемыдзаг æмæ туристты æхсæн у популярон.
© Sputnik / Ада БагианГуфтайæ Къуайсамæ фæндагыл балхæнæн ис ирон цыхт æмæ сæн.
Гуфта-Эрцъо-Коз - Sputnik Хуссар Ирыстон
13/24
Гуфтайæ Къуайсамæ фæндагыл балхæнæн ис ирон цыхт æмæ сæн.
© Sputnik / Ада БагианХуссар Ирыстоны дыккаг горæт - Къуайсайы фæндаг.
Гуфта-Эрцъо-Коз - Sputnik Хуссар Ирыстон
14/24
Хуссар Ирыстоны дыккаг горæт - Къуайсайы фæндаг.
© Sputnik / Ада БагианАвгуст – хосгæрдæн мæй. Бынæттон цæрджытæм æххуысмæ æрбацæуынц сæ хæстæджытæ горæтæй.
Гуфта-Эрцъо-Коз - Sputnik Хуссар Ирыстон
15/24
Август – хосгæрдæн мæй. Бынæттон цæрджытæм æххуысмæ æрбацæуынц сæ хæстæджытæ горæтæй.
© Sputnik / Ада БагианЕлхъанты царынц æрмæстдæр цалдӕр хæдзары.
Гуфта-Эрцъо-Коз - Sputnik Хуссар Ирыстон
16/24
Елхъанты царынц æрмæстдæр цалдӕр хæдзары.
© Sputnik / Ада БагианЦæугæдон Джоджора зындгонд у лæбурæг уад æмæ сыгъдæгдзинадæй.
Гуфта-Эрцъо-Коз - Sputnik Хуссар Ирыстон
17/24
Цæугæдон Джоджора зындгонд у лæбурæг уад æмæ сыгъдæгдзинадæй.
© Sputnik / Ада БагианХуссар Ирыстоны абоны онг хос æмбырд кæнынц зæронд амалтæй.
Гуфта-Эрцъо-Коз - Sputnik Хуссар Ирыстон
18/24
Хуссар Ирыстоны абоны онг хос æмбырд кæнынц зæронд амалтæй.
© Sputnik / Ада БагианДзауы районы хъæуты цæрджытæ цæрынц сæйраджыдæр фосдардæй.
Гуфта-Эрцъо-Коз - Sputnik Хуссар Ирыстон
19/24
Дзауы районы хъæуты цæрджытæ цæрынц сæйраджыдæр фосдардæй.
© Sputnik / Ада БагианКъуайсамæ ракаст Къозы цады `рдæм фæзилæнæй.
Гуфта-Эрцъо-Коз - Sputnik Хуссар Ирыстон
20/24
Къуайсамæ ракаст Къозы цады `рдæм фæзилæнæй.
© Sputnik / Ада БагианСтыр Кавказы рагъмæ ракаст.
Гуфта-Эрцъо-Коз - Sputnik Хуссар Ирыстон
21/24
Стыр Кавказы рагъмæ ракаст.
© Sputnik / Ада БагианКъозы цад сырæзт, зæхх кæй аскъуыд, уый фæстиуæгæн. Цады алыварс ис тар хъæд.
Гуфта-Эрцъо-Коз - Sputnik Хуссар Ирыстон
22/24
Къозы цад сырæзт, зæхх кæй аскъуыд, уый фæстиуæгæн. Цады алыварс ис тар хъæд.
© Sputnik / Ада БагианАрдæм æрцæуынц туристтæ Цхинвалæй, Къуайсайæ, Цæгат Ирыстонæй.
Гуфта-Эрцъо-Коз - Sputnik Хуссар Ирыстон
23/24
Ардæм æрцæуынц туристтæ Цхинвалæй, Къуайсайæ, Цæгат Ирыстонæй.
© Sputnik / Ада БагианЦхинвалæй Къозы цадмæ цæуын хъæуы дыууæ сахаты бæрц, фæлæ уый хъуамæ цæлхдур ма уа Хуссар Ирыстоны алæмæттаг бынат фенынæн.
Гуфта-Эрцъо-Коз - Sputnik Хуссар Ирыстон
24/24
Цхинвалæй Къозы цадмæ цæуын хъæуы дыууæ сахаты бæрц, фæлæ уый хъуамæ цæлхдур ма уа Хуссар Ирыстоны алæмæттаг бынат фенынæн.
Ног хабӕртты лентӕ
0