Ахӕм уӕлибыхтӕ кӕнынц ӕрмӕстдӕр Ирыстоны

Рафыссын
Ирон уæлибыхтæ уыдысты æмæ сты ирон къæбицы уарзондæр хæринаг. Йæ аразыны сусæгдзинæдтæм Sputnik Хуссар Ирыстон фотоуацхæссæг бацымыдис кодта повар-профессионалтæм.

Уæлибыхтæ аразынц рагон традицион æгъдаумæ гæсгæ. Иууыл кадджынылдæр нымад цæуынц тæнцъар дзаджджын хæбизджынтæ.

Ирон уæлибых у националон хæринаг. Æртæ уæлибыхы ирон адæммæ рагзамантæй нымад цыдысты Хуыцау, Хур æмæ Зæххы символтыл. Æртæ уæлибыхы стыр бынат ахсынц ирон фынгтыл. Фыццаг уал скувынц Хуыцауæн æмæ уый фæстæ алыг кæнынц æртæ кæрдзыны.

Ирон уæлибыхтæ хорз зындгонд сты дунейы бирæ бæстæты æмæ бонæй-бон фылдæр кæны сæ популярондзинад. Ныры онг зындгонд ис фараст хуызы уæлибыхтæ.

Уæлибых фыцын зын нæу, фæлæ уæддæр хъуамæ дзуапп дæтта фыдæлтæй баззайгæ технологийæн. Хъуамæ уарзай ирон къæбиц æмæ спайда кæнай æнæмæнгхъæуæг ингредиенттæй. Уæлибыхтæ аразыны технологи æгас Ирыстоны иугъуызон у, фæлæ йæ алы æфсин дæр кæны йæхирдыгонау.

Цæхæраджын сцæттæ кæнынæн хъæуы саразын хыссæ ссад, цæхх, æнхъизæн, æхсыр æмæ чысыл дон. Цæхæрайы сыфтæ хъæуы бæстон ныхсын цæугæ донмæ, басур кæнын, ралыг кæнын сæ хъæдтæ æмæ лыстæг алыг кæнын сыфтæ. Фыдкæрдæны рауадзын цыхт (æрмæстдæр ирон цыхт), бафтауын æм хъæуы цæхæрайы сыфтæ æмæ сӕ иумӕ дзæбæх сызмæнтын. Фæстагмæ хыссæ нытæнæг кæнынц, астæуæй æрæвæрынц йæ мидæггаг æмæ йæ æрбассивынц. Уæлибых фыцынц тъæпæн тебæйыл цырд артыл.

© Sputnik / Алексей КовалевИрыстоны уарзондæр уæлибыхтæ – цæхæраджынтæ – саразыны тыххæй райсын хъæуы цæхæрайы сыфтæ.
Ирыстоны уарзондæр уæлибыхтæ – цæхæраджынтæ – саразыны тыххæй райсын хъæуы цæхæрайы сыфтæ. - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/13
Ирыстоны уарзондæр уæлибыхтæ – цæхæраджынтæ – саразыны тыххæй райсын хъæуы цæхæрайы сыфтæ.
© Sputnik / Алексей КовалевИрон цыхт у сæйраг ингредиент. Æндæр цыхтæй ирон уæлибых нæ рауайы.
Ирон цыхт у сæйраг ингредиент. Æндæр цыхтæй ирон уæлибых нæ рауайы. - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/13
Ирон цыхт у сæйраг ингредиент. Æндæр цыхтæй ирон уæлибых нæ рауайы.
© Sputnik / Алексей КовалевЦæхæрайы сыфтæй дарддæр ма цæхæраджыны сконды вæййы чиндз æмæ хъонтхора.
Цæхæрайы сыфтæй дарддæр ма цæхæраджыны сконды вæййы чиндз æмæ хъонтхора. - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/13
Цæхæрайы сыфтæй дарддæр ма цæхæраджыны сконды вæййы чиндз æмæ хъонтхора.
© Sputnik / Алексей КовалевАлы ирон уæлибыхы – картофджын, къабускъаджын, хахуыджын - бындур дæр у цыхт. Сыгъдæг цыхтæй уæлибых – цыхтджын та нымад цæуы сæйрагыл.
Алы ирон уæлибыхы – картофджын, къабускъаджын, хахуыджын -  бындур дæр у цыхт. Сыгъдæг цыхтæй уæлибых – цыхтджын та нымад цæуы сæйрагыл. - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/13
Алы ирон уæлибыхы – картофджын, къабускъаджын, хахуыджын - бындур дæр у цыхт. Сыгъдæг цыхтæй уæлибых – цыхтджын та нымад цæуы сæйрагыл.
© Sputnik / Алексей КовалевИрон уæлибыхтæ ахæм уарзон сты æмæ бонæй-бон фылдæр кæны уæлибыхфыцæн цехты нымæц. Хъыгагæн, уый та дзурæг у ууыл, æмæ уæлибыхтæ хæдзæры арæх кæй нал фыцынц.
Ирон уæлибыхтæ ахæм уарзон сты æмæ бонæй-бон фылдæр кæны уæлибыхфыцæн цехты нымæц. Хъыгагæн, уый та дзурæг у ууыл, æмæ уæлибыхтæ хæдзæры арæх кæй нал фыцынц. - Sputnik Хуссар Ирыстон
5/13
Ирон уæлибыхтæ ахæм уарзон сты æмæ бонæй-бон фылдæр кæны уæлибыхфыцæн цехты нымæц. Хъыгагæн, уый та дзурæг у ууыл, æмæ уæлибыхтæ хæдзæры арæх кæй нал фыцынц.
© Sputnik / Алексей КовалевХыссæ хъуамæ бирæ ма уа. Арæхстджын æфсиныл нымад цæуы, тæнцъар уæлибых чи фыцы.
Хыссæ хъуамæ бирæ ма уа. Арæхстджын æфсиныл нымад цæуы, тæнцъар уæлибых чи фыцы. - Sputnik Хуссар Ирыстон
6/13
Хыссæ хъуамæ бирæ ма уа. Арæхстджын æфсиныл нымад цæуы, тæнцъар уæлибых чи фыцы.
© Sputnik / Алексей КовалевНæ куырдиатмæ гæсгæ, махæн сарæзтой ныры онг æнæфенгæ уæлибых-ассорти – æрдæг картофджын, æрдæг та цæхæраджын.
Нæ куырдиатмæ гæсгæ, махæн сарæзтой ныры онг æнæфенгæ уæлибых-ассорти – æрдæг картофджын, æрдæг та цæхæраджын. - Sputnik Хуссар Ирыстон
7/13
Нæ куырдиатмæ гæсгæ, махæн сарæзтой ныры онг æнæфенгæ уæлибых-ассорти – æрдæг картофджын, æрдæг та цæхæраджын.
© Sputnik / Алексей КовалевХыссæ нытæнæг кæнынц, астæуæй æрæвæрынц йæ мидæггаг æмæ йæ æрбассивынц.
Хыссæ нытæнæг кæнынц, астæуæй æрæвæрынц йæ мидæггаг æмæ йæ æрбассивынц. - Sputnik Хуссар Ирыстон
8/13
Хыссæ нытæнæг кæнынц, астæуæй æрæвæрынц йæ мидæггаг æмæ йæ æрбассивынц.
© Sputnik / Алексей КовалевХыссæйы гæппæлæй фенынц пецы тæвдад.
Хыссæйы гæппæлæй фенынц пецы тæвдад. - Sputnik Хуссар Ирыстон
9/13
Хыссæйы гæппæлæй фенынц пецы тæвдад.
© Sputnik / Алексей КовалевПец хъуамæ уа тæвд, иу уæлибыхыл хъуамæ 15 минутæй фылдæр ма цæуа.
Пец хъуамæ уа тæвд, иу уæлибыхыл хъуамæ 15 минутæй фылдæр ма цæуа. - Sputnik Хуссар Ирыстон
10/13
Пец хъуамæ уа тæвд, иу уæлибыхыл хъуамæ 15 минутæй фылдæр ма цæуа.
© Sputnik / Алексей КовалевУæлибых цæттæ у!
Уæлибых цæттæ у! - Sputnik Хуссар Ирыстон
11/13
Уæлибых цæттæ у!
© Sputnik / Алексей КовалевХъæуы ма йæ байсæрдын царвæй.
Хъæуы ма йæ байсæрдын царвæй. - Sputnik Хуссар Ирыстон
12/13
Хъæуы ма йæ байсæрдын царвæй.
© Sputnik / Алексей КовалевЦины фынгтыл бадут кæддæриддæр!
Цины фынгтыл бадут кæддæриддæр! - Sputnik Хуссар Ирыстон
13/13
Цины фынгтыл бадут кæддæриддæр!
Ног хабӕртты лентӕ
0