Гасситы Петр: хицауады дыууæ къабазы æхсæн конфронтацийы дуг аивгъуыдта

© FacebookПетр Гассиев
Петр Гассиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ног æвзæрст спикер фехъусын кодта, парламенты ныхмæлæуды рæстæг хицауады аннæ къабæзтимæ кæй аивгъуыдта æмæ æрсидт депутаттæм кусын æппæт тыхтæй

ЦХИНВАЛ, 7 июн — Sputnik, Козаты Диана. Парламент æмæ хицауады аннæ къабæзты хсæн ныхмæлæуды рæстæг аивгъуыдта æмæ абон закондæттæн органы ницы хъыгдары кусын æппæт тыхтæй, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны парламенты ног спикер Гасситы Петр.

Депутаттæ æртыццæджы схъæлæс кодтой Гасситы Петры кандидатурæйæн парламенты сæргълæууæджы бынатмæ.

"Сымах равдыстат бæрзонд æууæнк мæ кандидатурæйыл, уый тыххæй уæ алкæмæн дæр зæгъын бузныг. Уыимæ иумæ æз иттæг хорз æмбарын, ацы бæрзонд æууæнкимæ мыл кæй сæвæрдтат бæрзонд бæрндзинад. Ӕмæ ут æнæдызæрдыг, мæн сымах ныфс куы нæ уыдаид, зæгъгæ, мын æххуыс кæндзыстут ацы бæрндзинад дих кæнын, уæд никуы сразы уыдаин ацы бынатыл", — загъта Гасситы Петр.

Ног спикер банысан кодта, хицауады къабæзты æхсæн конфронтацийы дуг кæй баззад ивгъуыды æмæ парламенты хъæуы райдайын кусын æппæт тыхтæй.

Дмитрий Тасоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тасойты Дмитрий: æвæццæгæн, рахиздзынæн "Иугонд Ирыстоны" фракцийæ

"Мах нæ араздзыстæм аргълæвæрд, чи уыд раст, чи та нæ ацы конфронтацийы. Адæм сарæзтой равзæрст æмæ паддзахады уæлдæр бæрнон гоймаг ссис парламенты депутат", — банысан кодта Гасситы Петр.

Уый загъта бузныг, чидæриддæр ын схъæлæс кодта, уыдонæн æмæ сын радта дзырд, кæй сараздзæн æппæт дæр, "цæмæй фыдæнхъæл ма фæуой".

Гасситы Петр ма загъта бузныг йæ кандидатурæйы ныхмæ чи схъæлæс кодта, уыдонæн дæр "сæ позицийы æмæ куысты фæдыл уæлæмхас стимулы тыххæй".

Гасситы Петр равзæрст æрцыд сусæг хъæлæсæппæрстæй, йæ кандидатурæйæн сæ хъæлæстæ радтой сессийы хайадисæг 32 депутатæй 21 депутаты.
Цыппар парламентарийы загътой "нæ" йæ кандидатурæйæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0