Алла Кокион: лæмбынæг мæ фæнды æрæвналын мæ аивадмæ

© Sputnik / Наталья АйриянАлла Кокион
Алла Кокион  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Музыкалон ахуыргӕнӕндоны эстрадон вокалы рауагъдон, музыкант Алла Кокион радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта йæ дарддæры фæндты тыххæй
Кокион: лæмбынæг мæ фæнды æрывналын мæ аивадмæ

Ацы аз Цхинвалы музыкалон ахуыргӕнӕндоны рауагъдонтæ радтой фæстаг фæлварæнтæ. Уыдон æмрæнхъ сты эстрадон вокалы студенттæ дæр. Алла Кокионы нæ республикæйы зонынц куыд музыкант æмæ зарæггæнæг, уый дæр ацы аз фæцис эстрадон вокалы факультет.

"Цыппар азы размæ сфæнд кодтон музыкалон ахуыргӕнӕндоны эстрадон вокалмæ бацæуын. Фыццаг мын кæд зын уыд, уæддæр тынг цымыдисон разынд мæ ахуыр", - загъта Кокион.

Алла Кокионы ныхæстæм гæсгæ, уый эстрадон вокалы факультет равзæрста йæ аивадон фæндагимæ баст кæй у, уый тыххæй.

"Заргæ дæр кæнын, æмæ мæ фæндыд мæхи æндæр вокалон жанрты дæр бафæлварын", - банысан кодта музыкант.

Музыканты фæнды, цæмæй йæ аивадмæ лæмбынæгдæр æрæвнала, бахæсса дзы ивындзинæдтæ æмæ ма ноджы фæхъæздыгдæр кæна йæ репертуар.

Ног хабӕртты лентӕ
0