Бестауты Бала: улæфæн бынæттæ сыгъдæгæй дарын у стыр проблемæ республикæйы

© Sputnik / Наталья АйриянБала Бестауты
Бала Бестауты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикæйы экологи æмæ æрдзæй пайдакæнынады комитеты сæрдар Бестауты Бала радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта улæфты сезон æмæ экологийы тыххæй
Бестауты Бала: улæфты бынæттæ сыгъдæгæй дарын у стыр проблемæ нæ республикæйы

Сæрды алы адæймаджы дæр фæнды, цæмæй доны был йæ фæллад æсуадза. Бестауты Балайæн Хъевселты хъæуы ис улæфæн лагерь, æмæ æрвылаз дæр уым арвитынц сæ рæстæг æрмæст республикæйы цæрджытæ нæ, фæлæ ма фæсарæйнаг туристтæ дæр. Ацы аз Балайы ныхæстæм гæстгæ туристтимæ ис проблемæ. Фæлæ ацы аз карантины тыххæй, хъыгагæн, республикæмæ не  'рыфтыдысты фæсарæйнаг туристтæ.

"Карантин алкæуыл дæр æвзæр бандæвта. Фылдæр хатт мæм бахатынц, цæмæй уырдæм ацæуой цæл кæнынмæ, фæлæ уый тыххæй Хъевселтмæ нæ хъæуы цæуын. Мæн фæнды, цæмæй чи æрцæуа, уыдонæн равдисон уыцы комы рæсугъдзинад", - банысан кодта Бала.

Бестауты Бала ма куыд загъта, уымæ гæсгæ, улæфæн бынат у цæттæ туристты райсынмæ, фæлæ нæма ничи сфæнд кодта уырдæм.

"Уыцы комы ис бирæ рæсугъд бынæттæ, кæдæм акæнын туристты, уыдон хыгъды: Кеды ком, Морæхы дзуар, Леты комы æхсæрдзæнтæ. Тынг хорз æмæ рæсугъд бынæттæ ис", - загъта Бестауты фырт.

Экологи æмæ æрдзæй пайдакæнынады комитеты сæрдар йæ катай равдыста, улæфты сезоны рæстæджы цæрджытæ кæй ныууадзынц бирæ бырон сæ фæстæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, йæ райгуырæн бæстæ чи уарзы, уый хъуамæ тырна йæ сыгъдæгдзинадмæ.

Лæмбынæгдæр ныхасмæ байхъусут нæ аудиоæрмæджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0