Гаглойты Алан: фæлварын цæгъдын дала фæндырыл

© Sputnik / Фатима ПлиеваГаглойты Алан
Гаглойты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тугъанты Махарбеджы нывгæнæн ахуыргæнæндоны студент Гаглойты Алан радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта ирон музыкалон инструментты тыххæй
Гаглойты Алан: фæлварын дала фæндырыл цæгъдын

Ирон музыкалон инструментари хъæздыг у. Гаглойты Аланы ныхæстæм гæсгæ, уый йæхæдæг фæлвары цæгъдын дала фæндырыл, æмæ музыкалон инструменттæ аразын.

"Инструменттæ хуыздæр у тæгæрæй аразын, Цæгат Ирыстонæй æнхъæлмæ кæсæм Деметы Зауырмæ, цæмæй нын бацамона куыд хъæуы музыкалон инструмент аразын", - загъта Алан.

Гаглойты Алан куыд загъта, уымæ гæсгæ хуссайраг тæгæр иууыл хуыздæр у инструменттæ аразынæн, йæ музыкалон зæлтæ ирдæй дæр разынынц.

"Æвзонг техникты станц нын рахицæн кодтой æрмадз, уым ахуыр кæндзыстæм куыд æвзонг фæсивæд, афтæ ма скъоладзауты дæр", - банысан кодта Алан.

Æрмадз саразынæн Гаглойты Алан æмæ Зауыр бацæттæ кодтой проект, æмæ йæ бавдыстой æхсæнадæмон фæсивæдон форум "Тавридæ"-мæ, цы ран сын финансон фæрæзтæ рахицæн кодтой.

Ног хабӕртты лентӕ
0