Кокайты Тотрадз: Хуссар Иры "Кады зарæг"-ы ныхæстæ райгуырдысты æнæнхъæлæджы

© www.osetia.kvaisa.ruХуссар Ирыстоны гимны автортæ – Кокайты Торадз æмæ Æлборты Феликс
Хуссар Ирыстоны гимны автортæ – Кокайты Торадз æмæ Æлборты Феликс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны гимны ныхæсты автор, поэт Кокайты Тотрадз радио Sputnik эфиры радзырдта, куыд ныффыста ацы æмдзæвгæ, уый тыххæй
Кокайты Тотрадз: æнæнхъæлæджы райгуырдысты "Кады зарæг"-ы ныхæстæ

Алы бæстæйæн дæр ис паддзахадон символтæ, сæ иу у гимн. Алкæмæн дæр зындгонд у, Хуссар Ирыстоны гимны автортæй сæ иу кæй у Кокайты Тотрадз. Поэт куыд загъта, уымæ гæсгæ гимны ныхæстæ райгуырдысты æнæнхъæлæджы.

"Уыцы рæстæджы Æлборты Феликсы сфæлдыстадимæ уыдтæн зонгæ, фæлæ йын йæхи нæма зыдтон", - загъта Тотрадз.

Тотрадз куыд радзырдта, афтæмæй Феликс уыд диссаджы курдиаты хицау æмæ гимны музыкæ ныфысста иу æхсæвмæ.

"Цалдæр композиторæй мæм æрбацыдысты, зарджытæ кæй фыстон, уый зыдтой, æмæ мæм æрбахатыдысты, гимны ныхæстæ ныфысс, зæгъгæ. Æз сын загътон, гимн хуымæтæг фыссгæ нæу æмæ сæ арвыстон", - банысан кодта Кокайты Тотрадз.

Кокайты Тотрадз уыцы рæстæг æрымысгæйæ банысан кодта, Æлборты Феликс æй йæхæдæг кæй равзæрста, цæмæй гимны ныхæстæ ныффысса. Кæд æмæ Цæгат Ирыстоны конкурсы "Кады зарæг" нæ рамбылдта, уæддæр æй 1995 азы Хуссар Ирыстоны парламент равзæрста паддзахадон гимнæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0