Дзиццойты Юрий: мæ дунеæмбарынады сфæлтæрды хъуыддаджы мын баххуыс сты ирон фысджытæ

© Sputnik / Наталья АйриянДзиццойты Юрий
Дзиццойты Юрий  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.06.2021
Рафыссын
ХИПУ Ирон æвзаг æмæ иумæйаг æвзагзонынады кафедрæйы гæс Дзиццойты Юрий радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта йæ цард æмæ профессийы тыххæй
Дзиццойты Юрий: мæ зондахаст æмæ дунеæмбарынады сфæлтæрды хъуыдтаджы мын баххуыс сты нæ фысджытæ

Дзиццойты Юрий æхсæнадæмон зонадон дунейы зындгонд ахуыргонд у. Ацы аз 6 июны нысан кæны йæ юбилей. Юрий Альберты фырт куыд радзырдта, уымæ гæсгæ йæ скъоладзауæй фæндыд фыссæг суæвын, æмдзæвгæтæ фыссын дæр фæлвæрдта.

"Фарастæм къласы куы ахуыр кодтон, уæд нæ фысджыты цæдис бауынаффæ кодта, цæмæй æрыгон æмæ райдайгæ фысджытæн сараза хицæн къорд. Лекцитæ дæр сын уагътой æмæ практикон сахаттæ дæр", - загъта Юрий.

Дзиццойты Юрийы ныхæстæм гæсгæ, уыцы къорды уыдысты, фæстæдæр зынгæ фысджытæ чи ссис, ахæмтæ. Йæхæдæг дæр бахауд уыдон хыгъды.

"Абон дæр бузныг дæн нæ фысджытæй, уыцы хъуыддаг кæй сарæзтой, уый тыххæй, уымæн æмæ мæнæн уыдон тынг баххуыс сты: иуæрдыгæй професси равзарыны хъуыддаджы, иннæрдыгæй мæ зондахаст, мæ дунеæмбарынад цæмæй сфæлтæра, йæ гаччы 'рбада æмæ раст фæндагыл ацæуа, уымæн", - банысан кодта Дзиццойты Юрий.

Ахуыргонд куыд бахахх кодта, уымæ гæсгæ фæстæдæр йæ професси равзæрстыл бандæвта, Абайты Уасойы историон-этимологион дзырдуат кæй балхæдта æмæ йæ бакаст, уый.

Дзиццойты Юрий банысан кодта, зæгъгæ, кæд фыссæг не 'сдæн, уæддæр "зонадоны сфæлдыстадон куыст кæй кæнын, уый руаджы реализаци æрцыд мæ бæллиц".

Бæстондæрæй нæ аудиоæрмæджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0