Ӕлборты Аланӕ: ӕхсызгон мы уыд, кӕй барухс кодтон мӕ тренертӕ ӕмӕ фарсхӕцджыты зӕрдӕтӕ

Ӕлборты Аланӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.08.2021
Рафыссын
Европӕйы кубокы уӕлахиздзау Ӕлборты Аланӕ радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта, куыд ссис сыгъзӕрин майданы хицау
Ӕлборты Аланӕ: ӕхсызгон мы уыд кӕй барухс кодтон мӕ фарсхӕсджыты зӕрдӕтӕ

Хуссарирыстойнаг дзюдаисткӕ Ӕлборты Аланӕ ссис Европӕйы кубокы уӕлахиздзау. Ерыстӕ уагъд цыдысты Италийы. Аланӕ куыд радзырдта, уымӕ гӕсгӕ уӕлдай цин ӕнкъары, йӕ тренер, ныййарджытӕ ӕмӕ йӕ фарсхӕцджыты зӕрдӕтӕ кӕй барухс кодта, уый тыххӕй.

"Мӕ ныхмӕ цы спортменкӕ хӕцыд, уыимӕ хӕцыдтӕн Португалийы. Уым тох кодтам финалмӕ рахизыны сӕраппонд ерысты. Ныр та финалы фембӕлдыстӕм. Тренерты ӕххуысӕй йӕм мӕхи дзӕбӕх бацӕттӕ кодтон ӕмӕ йӕ сыгъдӕгӕй рамбылдтон", - радзырдта Аланӕ.

Спорстменкӕ куы банысан кодта, уымӕ гӕсгӕ тренерты ӕххуыс тынг вазыгджын у ӕмӕ кӕд алыхатт ерысты нӕ вӕййынц йемӕ, уӕддӕр ӕй телефоны руаджы сразӕнгард кӕнынц уӕлахизмӕ.

Дарддӕры нывӕзты тыххӕй ӕвзонг спортсменкӕ загъта, ныр та кӕй цӕттӕ кӕны йӕхи Европӕйы фыццагадмӕ, кӕцы уагъд цӕудзӕн сентябры Люксенбургы.

Ног хабӕртты лентӕ
0