Остъаты Роберт Беслæны трагедийы тыххæй: кӕронмӕ никӕй уырныдта, ахӕм фыдми кӕй ис саразӕн

© Из личного архива Роберта ОстаеваОстъаты Роберт Беслӕны трагедийы рӕстӕджы
Остъаты Роберт Беслӕны трагедийы рӕстӕджы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.09.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны парламенты депутат Остъаты Роберт радио Sputnik-ы интервьюйы æрымысыд 2004 азы Беслæны трагикон бонтæ
Остъаты Роберт Беслæны трагедийы тыххæй: адæм æнæбон хатыдысты сæхи
Æвддæс аз рацыд, æнæхъæн дуне цы хабар ныккæрзын кодта, уыцы бонæй - Беслæны фыццæгæм астæуккаг скъола бацахстой террористтæ. Остъаты Роберт æнæнхъæлæджы æвдисæн ссис уыцы бонты цаутæн. Йæ ныхæстæм гæсгæ, фыны фенæджы хуызæн уыдысты, кæронмæ никæй уырныдта, ахæм фыдми кæй ис гæнæн æруадзын, уый.
"Кæй амардтой (террористтæ), уыдон рудзгуытæй куы æппæрстой, уæд адæм дæр æмæ тыхон структурæты минæвæрттæ дæр сæхи фæхатыдысты æнæбон", - загъта Роберт.
Роберт куыд бафиппайдта, уымæ гæсгæ иууылдæр æмбæрстой, тугдзыхты къухы кæй сты сывæллæттæ æмæ æнæсæрфат митæн кæй нæ уыд бынат.
"Знаджы уыныс æмæ йемæ тох кæныс, уый æндæр хъуыддаг у, фæлæ йӕ уым та зоныс, сывæллæттæ сæ къухы сты æмæ дæ мигæнæн кæцырдæм адарай, уый дæр нæ зоныс", - банысан кодта депутат.
Остъаты Роберт куыд радзырдта, уымæ гæсгæ штурммæ ничи уыд цæттæ - нæдæр адæм, нæдæр Уæрæсейы сæрмагонд службæты минæвæрттæ.
Бӕстондӕрæй - нӕ аудиоӕрмӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0