Битарты Зойæ: сабийæн йæ алфамбылай цы ис, уыдон хъуамæ ахуыр кæна мадæлон æвзагыл

© Sputnik / Natalia Airiyan Битарты Зойæ
Битарты Зойæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.09.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ирон æвзаджы кафедрæйы профессор Битарты Зойæ радио Sputnik эфиры радзырдта, сабидæтты билингвалон ахуырадон программæ "Малусæг" куыд кусы, уый тыххæй
Битарты Зоя: сабийæн 3-4 азмæ йæ алфамбылай цы цæуы уыдон хъуамæ ахуыр кæна мадæлон æвзагыл
Хуссар Ирыстоны сабидæтты уæвынад кæны билингвалон ахуырадон программæ "Малусæг". Проекты автор, профессор Битарты Зойæ куыд радзырдта, уымæ гæсгæ программæйæн уыд хорз фæстиуджытæ, фæлæ йыл эпидемиологон уавæр æппæрццагæй бандæвта.
"Махæн не 'хсæнад ис тынг зын уавæры, уый æрмæст абоны аххос нæу, фæлæ суанг куы райдайæм геноцид æмæ уый размæ азтæй дæр, уæд уыдонæн ис тынг æвзæр æндæвдад не 'взаджы райрæзты", - загъта Битырты Зойæ.
Профессоры ныхæстæм гæсгæ, иртæстытæ бæрæг кæнынц, ирон æвзагыл кæй цæуы иууыл къаддæрæй 6000 азы.
"Æвзаг цыдæриддæр рахаста йæ равзæрдæй, уыцы архайд æмæ хъуыдытæ генетикон æгъадуæй сты нæ сæры магъзы æвæрд æмæ уыдон саби хъуамæ райса æнæмæнгдæр 4 азы кармæ. Психологтæ дæр, физиологтæ дæр æмæ философтæ дæр æмхуызонæй иу хъуыдыйыл лæуд сты: сабийæн 3-4 азмæ йæ алыварс цыдæриддæр архайд цæуы, уыдон ын хъæуы йæ мадæлон æвзагыл хæссын", - банысан кодта Битарон.
Битарты Зойæ ма куыд бафиппайдта, уымæ гæсгæ билингвалон ахуырадон программæ "Малусæг" реализацигонд куы цыд сабидæтты, уæд ныййарджыты 'рдыгæй сæвзæрд ныхмæлæуд, фæлæ, уымæ æнæкæсгæйæ, программæ æрхаста æвæрццаг фæстиуджытæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0