Дзудцаты Тамерлан: Къостайӕн мах нырма аккаг аргъ не скодтам

© Sputnik / Наталья АйриянДзудцаты Тамерлан
Дзудцаты Тамерлан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.10.2021
Рафыссын
Паддзахадон драмон театры аивадон къухдариуӕггӕнӕг, режиссер Дзудцаты Тамерлан радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта Хетӕгкаты Къостайы хъӕздыг сфӕлдыстады тыххӕй
Дзудцаты Тамерлан: Къостайӕн нӕма мах аккаг аргъ не скодтам
Хетӕгкаты Къостайыл кӕд бирӕ уацтӕ ӕмӕ публикацитӕ фыст ӕрцыд, уӕддӕр, режиссер Дзудцаты Тамерланы хъуыдымӕ гӕсгӕ, нырма кӕронмӕ иртӕст не ‘рцыд йе 'сфӕлдыстад.
"Мах нырма бирӕ нӕ зонӕм, зӕгъӕм: нӕ зонӕм Къостайы куыд нывгӕнӕг, афтӕ, уымӕн ӕмӕ цы федтам, уыдон лӕмбынӕгӕй нӕ раиртӕстам, цӕмӕй йӕ базонӕм, цыхуызӕн нывгӕнӕг уыд, уый. Мах нӕма Къостайӕн нӕ саргъ кодтам, куыд театралон аивады кусӕгӕн. Къоста йӕхӕд пьесӕ дӕр ныффыста, театры дӕр куыста, декорацитӕ дӕр йӕхӕдӕг ныв кодта, ӕмӕ цӕмӕдӕриддӕр бавнӕлдта, уыдон сты тынг вазыгджын махӕн. Уымӕ гӕсгӕ уыдон хъӕуы зонын ӕмӕ иртасын", - загъта Дзудцаты Тамерлан.
Режиссеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, Къостайы сфӕлдыстадӕн аккаг аргъ хъӕуы радтын, цӕмӕй йӕ дарддӕры фӕлтӕртӕ дӕр зоной, цы стыр бындур ныууагъта ирон адӕмӕн, уый.
"Ӕрмӕст "Ирон фӕндыр"-ыл нӕ хъӕуы ӕрынцайын, фӕлӕ йӕ ӕргомӕй хъӕуы зӕгъын, уый дӕр нырма кӕронмӕ кӕй нӕ сахуыр кодтам ӕмӕ йӕ кӕронмӕ нӕ пропаганда кӕнӕм", - бахахх кодта уый.
Культурӕйы минӕвар ӕрымысыд, раздӕр интеллигенцийы минӕвӕрттӕ хуымӕтӕг ӕмбырдты рӕстӕджы дӕр кӕй кастысты Къостайы ӕмдзӕвгӕтӕ ӕмӕ архайдтой, цӕмӕй сӕ зонындзинӕдтӕ радӕттой ӕвзонг фӕлтӕртӕн дӕр.
Ног хабӕртты лентӕ
0