Бибылты Анатолий: Хуссар Ирыстон йæ фидæн нæ уыны æнæ чырыстон динæй

© Пресс-служба президента РЮОПрезидент фембæлд Цхинвалы архиепископ Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг Леонидимæ
Президент фембæлд Цхинвалы архиепископ Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг Леонидимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президент фембæлд Цхинвалы архиепископ Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг Леонидимæ

ЦХИНВАЛ, 27 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы адæмы, æхсæнпаддзахадон политикон æмгуыстады бæрзонд æмвазидимæ иумæ, иу кæны иумæйаг расткадон дин, æнæ кæцыйæ республикæ нæ уыны йæ фидæн. Уый тыххæй президент Бибылты Анатолий загъта архиепископ Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг Леонидимæ фембæлды рæстæджы, хъусын кæны дыццæджы паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.

Бибылты Анатолий æмæ архиепископ Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг Леонид æруынаффæ кодтой Хуссар Ирыстоны чырыстон динæн æххуысы фарстытыл.

"Махæн Уæрæсейаг Федерациимæ цы ахастытæ ис политикон къабазы, уыдонæн ис размæцыды серьезон темп. Нæ иумæйаг чырыстон дины тыххæй та зæгъдзæн, мах нæ фидæн кæй нæ уынæм æндæр фæдыздæхты. Мах Хуыцауы æххуысæй цы къахдзæфтæ аразæм, уыдон араздзыстæм чырыстон дины тыххæй", — банысан кодта паддзахады сæргълæууæг.

Уый зæрдыл æрлæууын кодта, Цыппурсы Цхинвалы службæ уагъд кæй æрцыд УРД-ы ног аргъуаны, кæцы уагъта фыд Сергий.

"Хуыцаумæ скуывдмæ афтæ бирæ адæм кæй æрбацыд, уый дзурæг у Хуссар Ирыстоны цæрджыты бæрзонд монон тыхыл. Ӕмæ адæмæн тынг æхсызгон уыд, кæй ис Хуыцамæ скувыны фадат ахæм рæсугъд ног аргъуаны", — загъта Бибылты Анатолий.

Уый ма банысан кодта, Хуссар Ирыстоны столицæмæ бацæуæны цы аргъуан арæзт цæуы, уый балхынцъ кæныны æнæмæнгхъæуындзинад.

© Пресс-служба президента РЮОПрезидент фембæлд Цхинвалы архиепископ Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг Леонидимæ
Встреча президента РЮО с архиепископом Владикавказским и Аланским - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент фембæлд Цхинвалы архиепископ Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг Леонидимæ

Архиепископ фæхæццæ кодта президентæн Уæрæсейаг рæстдинон дзуары сæргълæууæг, партиарх Кириллы хъарм арфæтæ.

"Патриарх Кирилл Дын рарвыста иууыл хуыздæр арфæтæ, цы фембæлд уын уыд, уый зæрдыл даргæйæ. Йæ цæст Дын бауарзта æнтыстджын куыст Хуссар Ирыстоны адæмы хæрзиуæгæн æмæ равдыста ныфс, цы бадзырдтæ æмæ нывæзттæ сарæзтат, уыдон иууылдæр кæй æрцæудзысты реализацигонд", — банысан кодта архиепископ Леонид.

Фембæлды райстой хайад дины хъуыддæгты фæдыл президенты æххæстбарджын минæвар Хуыбиаты Соня æмæ УРД-ы иерей, фыд Сергий (Кокойты).

Ног хабӕртты лентӕ
0