Тӕхуды, цӕргӕсау …

© Sputnik / Руслан ТадтаевХуыбецты Петр
Хуыбецты Петр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвайлаг Хуыбецты Петр рагæй аразы хæдтæхæг, цæмæй сæххæст кæна йæ рагон бæллиц - тæхæг суæвын.

ЦХИНВАЛ, 9 фев — Sputnik, Тадтаты Андрей. Хуыбецты Петры рагӕй фӕстӕмӕ фæндыд тæхын. Райдиан кълӕсты-иу скъолайæ хæдзармæ здæхгæйæ (скъоламæ та йæ хæдзарæй цæуын хъуыд æхсæз километры), æрбадт къуылдымыл æмæ хъуыды кодта: тæхын куы зонин, уæд батæхин уæртæ уыцы къуыпмæ!

Бирæ æзты фæстæ, йæ бæллиц сæххæст кæнын ын куыннæ бантыст, уæд Петр сфæнд кодта хæдтæхæг — рог штурмовик саразын. Тæхгæ аппараты æфсæддон хуыз та равзæрста уымæн, æмæ уæд уыдысты 90-æм æзтæ, Хуссар Ирыстон тыхамæлттæй куы дæтта ныхкъуырд гуырдзиаг хотыхджын къордтæн, уӕд. Æвзонг республикæйæн нæ уыд æхсæн хæцæнгарх дæр, хæдтæхæг та суыдаид æнæбаивгæ фæрæз.

Алцыдæр райдыдта 60-æм æзты, Карибар кризисы тыххæй дунейыл кæй апарахат ядерон хæсты тас. Советон Æфсæддон — уæлдæфон тыхтæ йæм æппæт тыхтæй сæхи цæттæ кодтой, ахуырадон атахттæ ныллæг бæрзондыл уагъд цыдысты Хуссар Ирыстоны сæрмæ дæр. Хистæр кары адæмы тасимæ кастыты сæ фæдыл, сывæллæтты цин та уыд æгæрон. Раст уæд лæппу фидарæй аскъуыддзаг кодта тæхæг суæвын.

"Мах цардыстæм хъæуы æмæ-иу мæ мад рæстæгæй- рæстæгмæ Цхинвалы базармæ æрласта нæ цæхæрадонæй халсартӕ. Ракодта-иу мӕ йæмæ æмæ иухатт, хæдзармæ здæхгæйæ, махæй рацæйцыдыстæм газетты киоскы цур æмæ тæрхæгыл мæ цæст схæцыд хæдтæхджыты нывтимæ журнал — "Крылья Родины". Суынгæджы кодтон мæ мады, цæмæй мын æй балхæна æмæ йæ уый фæстæ иудадзыг рауын-бауын кодтон. Йæ фæрстыл уыд хæдтæхæджы хуызы хахныв æмæ йæ аскъуыддзаг кодтон æрæмбырд кæнын", — мысы Хуыбецты Петр.

Сæрмагонд æрмæджытæ йæм кæй нæ уыд, уый тыххæй йæ хæдтæхæг арæзта фæйнæджы гæбазтæй. Хæдтæхæг рауад журналы цы къам уыд, уый хуызæн, фæлæ йын мотор кæй нæ уыд, уый аххосагæн нæ тахт. Петр хиаразгæ хæдтæхæг балæвар кодта йе 'мбалæн. Уый ма раздæрдæр йæ къухтæй бирæ дзауматæ уагъта — къахдзоныгътæ, дзоныгътæ, машинæтæ афтæ аив арæзта æмæ-иу чысылæй-стырæй дисы æфтыдысты.

"Хистæр къласты аскъуыддзаг кодтон мæ бæллиц æххæст кæнынмæ æрæвналын, фæлæ тæхæг ахуыргæнæндонмæ бацæуыны фадат кæй нæ уыд, уый тыххæй мæхи ныффыссын кодтон Уæлдæфон хъахъхъæнынады ныхмæ ахуыргæнæндонмæ Дзæуджыхъæуы. Хæдзары ацы хъуыды хорзыл нæ банымадтой, фæстæдæр мæхæдæг дæр бамбæрстон, æцæгæйдæр мæ бæллиц æндæргъуызон кæй уыд æмæ нал ацыдтæн ахуырмæ", — худы Петр.

Фæстæдæр ацыд Тбилисмæ, цæмæй радта фæлварæнтæ æмбæстагон авиаахуыргæнæндонмæ, фæлæ нæ ахызт къамис. Йæ бæллиц уæддæр рохуаты нæ дардта. Цалдæр азы фæстæ Петр йе 'мбалимæ ацыд Тбилисмæ инструктор-дельтапланеристыл сахуыр кæнынмæ, фæлæ дзы бирæ нæ афæстиат — СССР ныппырх уыд æввахс, Гуырдзыстоны та йæ тыхы бацыд национализм.

Уыцы рæстæджы та Петр сфæнд кодта хæдтæхæг саразын.

Цыдысты хæстон архайдтытæ æмæ ахъуыды кодта, хæдтæхæг кæй хъуамæ уа хотыхджын — иу пулемет æмæ цыппар ракетæйы. Райдыдта æрмæджытæ æмбырд кæнын, хъуыд авиацион аллюминий. Уый та йæ къухты бафтыд, республикæйы хæхты экстренон æгъдауæй куы æрбадт гуырдзиаг вертолет Ми-8, уæд. Экипаж æмæ пассажиртæ ныууагътой вертолет æмæ уайтагъд бынаты февзæрдысты Петр æмæ йе 'мбæлттæ.

© Sputnik / Руслан ТадтаевЦхинвайлаг Хуыбецты Петр рагæй аразы хæдтæхæг, цæмæй сæххæст кæна йæ рагон бæллиц - тæхæг суæвын
Недостроенный самолет Петра Хубежова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг Хуыбецты Петр рагæй аразы хæдтæхæг, цæмæй сæххæст кæна йæ рагон бæллиц - тæхæг суæвын

Фæлæ цы æрмæг бафтыд йæ къухты, уый сфаг æрмæстдæр куыст райдайынæн…

1992 азы Хуссар Ирыстонмæ куы æрбацыдысты æмхæццæ (уæрæсейаг — ирон — гуырдзыстойнаг) фидауынгæнæн тыхтæ, уæд бацыд сæ радтæм, бирæ рæстæг службæ кодта комендатурæйы Цхинвалы.

Гуырдзиаг фидауынгæнæн батальон лæууыд Никозы раздæры вертолетон полчы бынаты. Баззадис ма дзы дыууæ тæхгæ машинæ аварион уавæры — иу дзы æнæнтыст æрбадты рæстæджы бахъыгдардта иннæйы.

"Аскъуыддзаг кодтон уыдон хæйттæй Цхинвалмæ æрбаласын. Фæлæ гуырдзиаг фидауынгæнджытæ мæнæн ахæм фадат нæ радтаиккой. Æххуысмæ мын æрцыд уæрæсейаг батальоны комендант, кæцыйæн радзырдтон мæ пълæнттæ. Штурмовик саразыны идейæ уæдмæ фесæфта йæ актуалондзинад, уымæ гæсгæ сфæнд кодтон хиаразгæ хæдтæхæг саразын", — дарддæр дзуры Хуыбецты Петр.

Уый райдыдта æмбырд кæнын хæдтæхæг Цхинвалмæ æввахс иу ангары. Базыртæ æрласта Пятигорскæй, уыдон уыдысты Ан-2-йæ. Мотор — митыл цæуæн машинæйæ, фрузеляж та вертолеты уæлхуыдæй…

"Бирæ цыдæртæ мæхæдæг арæзтон, æлхæдтон, æхца-иу мæм куы уыд, фæлæ йæ кæронмæ уæддæр нæ сæмбырд кодтон", — мысы Петр.

Аппарат цы ангары æмбырд кодта, уый 2008 азы августы фæстæ ныппырх кодтой. Æрдæгарæзт хæдтæхæг аззад тыгъд быдыры гом арвы бын, фæстæдæр та Петр базыдта, афтæ зынтæй цы æрмæджытæ æрæмбырд кодта, уыдон кæй фæхастой.

Ныртæккæ Хуыбецты Петр кусы шофырæй Хуссар Ирыстоны хицауады. Пенсимæ ма йын баззад цалдæр азы, схъомыл кодта фырт, рæзы йын хъæбулы хъæбул. Æрдæгарæзт хæдтæхæг лæууы йæ гаражы цур. Йæ фарсмæ ис йæ мотор.

"Æрæвналдзæн æм, пенсийы куы ацæуон, уæд. Цадæггай йæ сараздзæн. Уый зын куыст у, домы бирæ рæстæг æмæ быхст. Фæлæ йæ æнæмæнгæй сисдзæн уæлдæфмæ!", — дзуры Петр.

Фæлæ хъуыддаг ацæуид рæвдздæр, проектæн куы уаид финансон æххуыс — хæдарæзт хæдтæхæг саразынæн дæр хъæуы æхцайы фæрæзтæ. Ныры рæстæджы афтæ бирæ не сты, фæлæ Петрæн егъау æхца сты…

Уыдон куы разыниккой, уæд Хуссар Ирыстоны сæрмæ арвмæ стæхид йæ историйы фыццаг фыдыбæстæйон хæдтæхæг.

Ног хабӕртты лентӕ
0