Бренд "BEKOEV". Фыццаг цхинвайлаг модельер

© Sputnik / Фатима ПлиеваХох Бекъойты
Хох Бекъойты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕвзонг модельер Хох бӕллы цхинвайлаг чызджыты йӕ бренд "BEKOEV"-ы дарӕсы кондӕй уынын ӕмӕ ныридӕгӕн цӕттӕ кӕны йӕ фыццаг коллекцийы равдыст.

ЦХИНВАЛ, 10 фев — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы иунӕг модельер Бекъойты Хох кусы йӕ фыццаг коллекцийыл, йӕ къабаты равдыст "BEKOEV" фӕнд кӕны ауадзын сӕрды, модельтӕ та йын уыдзысты Цхинвалы рӕсугъддӕр чызджытӕ.

29-аздзыд курдиатджын лӕппу рагӕй цымыдис кодта модӕмӕ ӕмӕ дарӕс хуыйыны дӕсниадмӕ. Сӕрмагонд ахуырад нӕ райста, фӕлӕ йӕ фыццаг куыстытӕ ахӕм цымыдисон рауадысты, ӕмӕ ныр йӕ студимӕ чызджытӕ лӕууынц радты, цӕмӕй Хохӕн бахуыйын кӕной исты дарӕс.

Чи ахъуыды кодтаид, ӕмӕ паддзахадон телеуынынады монтажы режиссер, Хуссар Ирыстоны иунӕг фӕсивӕдон журнал "CXINVAL magazine" редактор ӕмӕ дизайнер йӕхицӕн равзардзӕн, республикӕйы барӕнтӕм гӕсгӕ, ахӕм ӕнахуыр дӕсниад.

© Sputnik / Фатима Плиева29-аздзыд курдиатджын лӕппу рагӕй цымыдис кодта модӕмӕ ӕмӕ дарӕс хуыйыны дӕсниадмӕ
Хох Бекоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
29-аздзыд курдиатджын лӕппу рагӕй цымыдис кодта модӕмӕ ӕмӕ дарӕс хуыйыны дӕсниадмӕ

 

Хох, ӕндӕртау, Милан, Париж ӕмӕ ӕндӕр подиумтӕм афтынмӕ нӕ тырны, ис ын ӕндӕр бӕллиц — цӕрджытӕ йын йӕ хуыд дарӕс куы дариккой ӕмӕ сын ӕхцондзинад куы хӕссид.

"Сӕрдмӕ ӕввахс хъуамӕ саразӕм нӕ фыццаг коллекцийы равдыст. Профессионалон модельтӕ нӕм, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нырма нӕй, фӕлӕ нӕм ис тынг бирӕ рӕсугъд фӕсивӕд. Хъӕуы сӕ ӕрмӕст сахуыр кӕнын подиумыл сӕхи дарыны сусӕгдзинӕдтыл", — дзуры модельер.

Хӕдахуыр дизайнер йӕ фыццаг къахдзӕфтӕ аразын райдыдта хӕрз ӕвзонгӕй. Фыццаг къабатӕ бахуыдта йӕ чысыл хӕрӕфыртӕн.

"Мӕ фыццаг модель, ӕхсӕзаздзыд Виктория йӕ дарӕсӕй баззад тынг райгондӕй. Стӕй йын бахуыдтон дыккаг, ӕртыккаг къаба ӕмӕ афтӕ фӕцайдагъ дӕн уарзон дӕсниадыл", — мысы йӕ фыццаг куыстытӕ дизайнер.

Ныр та йе 'сфӕлдыстадон ӕрмадзы куыст фыцы. Цардуагон лӕггӕдты кӕлӕццаг хӕдзары Хох йе ‘мбӕлттимӕ сцалцӕг кодта дыууӕ хатӕны ӕмӕ ӕрӕвнӕлдта йӕ уарзон куыстмӕ.

© Sputnik / Фатима ПлиеваХӕдахуыр дизайнер йӕ фыццаг къахдзӕфтӕ аразын райдыдта хӕрз ӕвзонгӕй
Хох Бекоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хӕдахуыр дизайнер йӕ фыццаг къахдзӕфтӕ аразын райдыдта хӕрз ӕвзонгӕй

Ам хицауиуӕг кӕны сфӕлдыстадон ӕмтъеры — зӕронд хуыйӕн машинӕтӕ, тӕрхӕджытыл ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр хуыз хъуымӕцтӕ, модӕйы журнӕлттӕ, алыгъуызон хӕсгӕрдтӕ, ӕндӕхтӕ ӕмӕ ӕндӕр ӕнӕмӕнгхъӕуӕг ӕрмӕджытӕ. Кофейы хӕрздӕф дымгӕ хӕссы ӕрмадзӕй дарддӕр.

Райста йӕхицӕн кусджыты дӕр — дыууӕ дӕсны хуыйӕджы Хохы цӕстдарды бын кӕлӕнтӕ кӕнынц фидӕны коллекцийыл, "BEKOEV", зӕгъгӕ ахӕм брендимӕ.

Коллекцийы фыццаг къаба хуыд ӕрцыд Хохы уарзон хуыз — сырх хъуымацӕй, аннӕтӕ нырма сты гӕххӕтыл. Равдыстмӕ цӕттӕ кӕны алыгъуызон дарӕс — къабатӕ, хӕлӕфтӕ, хӕдӕттӕ. Дизайнеры коллекци цалынмӕ чиныгӕй подиуммӕ рахиза, уӕдмӕ йын ис цыппар мӕйы фыдӕбон.

Хохы фыццаг ӕмӕ уарзондӕр куыстытӕй сӕ иу уыд, зынгӕ ирон оперон зарӕггӕнӕг Джиоты Вероникайӕн цы къаба бахуыдта, уый.

"Вероникайӕн мӕ куыст йӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы концерты сценмӕ рацыд мӕ къабайы. Ноджы ма йын ис закъазгонд иу къаба", — худы ӕвзонг хуыйӕг.

Ӕрмадзмӕ ӕрбацӕугӕйӕ адӕймаг аныгъуылы цавӕрдӕр ӕнахуыр, хъарм ӕмӕ бӕрӕгбонон атмосферӕйы. Хатӕны къултӕ сфӕлыстой зындгонд модельертӕ Chanel, Givenchy, Alexander McQueen къамтӕй, уыдонмӕ хӕстӕг Джиоты Вероника дӕр "BEKOEV"-ы къабайы. Сфӕлдыстадон къорд ацы къуымӕй фӕнд кӕны модӕ ӕмӕ рӕсугъддзинады центр саразын.

© Sputnik / Фатима ПлиеваМодельер Бекъойты Хох
Хох Бекоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Модельер Бекъойты Хох

Коллекцийӕ дарддӕр ма Хох ӕмӕ "йӕ командӕ" фыдӕбон кӕнынц ӕндӕр дарӕсыл дӕр — ис сӕм бирӕ закъазтӕ цӕрджытӕй.

"Ӕмрӕстӕджы хуыйӕм нӕ коллекцийы къабаты, адӕмӕн дарӕс, Хуссар Ирыстоны кафты ансамбльтӕй сӕ иуӕн та хуыйӕм националон дарӕс", — банысан кодта модельер.

Хохы ныхӕстӕм гӕсгӕ, фидӕны коллекци, кӕд нырма цӕттӕ дӕр нӕу, уӕддӕр развӕлгъау у уӕй.

Иумӕйагӕй модӕйыл дзургӕйӕ, ӕвзонг модельер банысан кодта, фӕстаг азты Цхинвалы кӕй зыны ӕвӕрццаг ивындзинӕдтӕ.

"Цхинвалы фӕсивӕд фӕстаг рӕстӕджыты сӕхи хорз кӕнын райдыдтой ӕмӕ, зӕгъӕн ис, Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Мӕскуйы чызджытӕй сты хӕрзконддӕр. Ӕрмӕст сӕ зӕрдыл дарын хъӕуы, цӕмӕй цӕхӕркалгӕ пысултӕ фӕуадзой бӕрӕгбӕттӕм", — уынаффӕ кӕны Бекъойты Хох.

Ног хабӕртты лентӕ
0