Арӕнгӕрон цӕрджыты сӕ цӕрӕн бынӕттӕй рарвитыны дам-думтӕ сты ӕнӕбындур

© Sputnik / Руслан ТадтаевАрӕнхъахъхъӕнджыты фембӕлд цӕрджытимӕ
Арӕнхъахъхъӕнджыты фембӕлд цӕрджытимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейаг ӕмӕ хуссарирыстойнаг арӕнхъахъхъӕнджытӕ фембӕлдысты Знауыры районы арӕнгӕрон хъӕуты цӕрджытимӕ, лӕмбынӕг сын бамбарын кодтой арӕнгӕрон зонӕйы уӕвыны фӕтк ӕмӕ сӕ базонгӕ кодтой паддзахадон арӕн хъахъхъӕныны дарддӕры нывӕзтимӕ.

ЦХИНВАЛ, 16 фев — Sputnik, Козаты Диана. Адӕмы ‘хсӕн цы дам-думтӕ сӕвзӕрд, ома Хуссар Ирыстоны сӕ цӕрӕн бынӕттӕй арвитдзысты арӕнмӕ хӕстӕг цӕрджыты, сты ӕнӕбындур. Уӕрӕсейы арӕнхъахъхъӕнджытӕ Мугут ӕмӕ Дидмухайы цӕрджытимӕ фембӕлды рӕстӕджы ныфс бавӕрдтой, ахӕм уынаффӕ кӕй ничи райста.

Цӕрджытӕ стыхстысты, ацы дам-думтӕ куы фехъуыстой, уӕд ӕмӕ сӕ фарстытимӕ бахатыдысты арӕнгӕрон службӕйы ӕххӕстбарджын фадыгон кусӕгмӕ, уый фӕстӕ рахастӕуыд уынаффӕ цӕрджытимӕ фембӕлын ӕмӕ сын уавӕр бамбарын кӕныны тыххӕй.

"Ацы дам-думтӕ бӕлвырдгӕнӕг гӕххӕтытӕ махмӕ нӕй, ахӕм уынаффӕ нӕ рахастӕуыд. Уыдон ӕдыхстӕй хъуамӕ цӕрой сӕ хӕдзӕртты", — загъта Хуссар Иры ПӔК-ы арӕнгӕрон управленийы кусӕг Тыджыты Сослан.

© Sputnik / Руслан ТадтаевАрӕнхъахъхъӕнджыты фембӕлд цӕрджытимӕ
Встреча с жителями приграничных сел - Sputnik Хуссар Ирыстон
Арӕнхъахъхъӕнджыты фембӕлд цӕрджытимӕ

Ахӕм дам-думтӕ ма апарахат сты ивгъуыд азы Оконайы хъӕуы. Уӕд дӕр арӕнхъахъхъӕнджытӕ фембӕлдысты хъӕуы цӕрджытимӕ ӕмӕ сын аиуварс кодтой сӕ тас.

Уымӕй дарддӕр ма бынӕттон цӕрджыты цымыдис кодта арӕнгӕрон зонӕйы уӕвыны фӕтк, ома цӕмӕн хъӕуы сӕрмагонд пропуск. Ацы фӕтк нӕ хауы Знауыры районы фыст чи у, уыцы адӕммӕ. Уыдонӕн бар ис 50 метрон арӕнгӕрон зонӕмӕ дӕр бахизын.

"Попусктӕ хъӕуы саразын, районы территорийыл фыст чи нӕу, уыдоны. Уый хауы уӕ уазджытӕм, хӕлӕрттӕм, хӕстӕджытӕм, кӕцытӕ уӕм хъавынц ӕрцӕуынмӕ. Уыдоны развӕлгъау хъӕуы бацӕуын ПӔК арӕнгӕрон службӕмӕ, цыран 5 минуты ӕмгъуыдмӕ райсдзысты пропуск", — загъта Тыджыты Сослан.

© Sputnik / Руслан ТадтаевАрӕнхъахъхъӕнджыты фембӕлд цӕрджытимӕ
Встреча с жителями приграничных сел - Sputnik Хуссар Ирыстон
Арӕнхъахъхъӕнджыты фембӕлд цӕрджытимӕ

Цӕрджытӕ развӕлгъау хъуамӕ фехъусын кӕной хъӕуы бӕрӕгбӕттӕ ӕмӕ зиӕнтты тыххӕй, цӕмӕй сын зындзинӕттӕ ма фӕзына.

"Ахӕм бонты мах ӕмгуыст кӕнӕм нӕ уӕрӕсейаг коллегӕтимӕ ӕмӕ кӕцыдӕр бонты уадзӕм ӕнӕ пропусктӕй дӕр", — загъта ПӔК кусӕг.

Хъӕуы цӕрджытӕ сӕ ӕнӕразыдзинад равдыстой ацы фӕткимӕ.

"Куыд хъуамӕ райсон пропуск мӕ уазӕгӕн развӕлгъау, кӕд мӕм ӕрцӕуа, уый дӕр бӕлвырд куыннӕ зонон, уӕд? Мӕн нӕ фӕнды мӕ райгуырӕн зӕххыл цӕуын пропусктимӕ", — йӕ тыхстдзинад равдыста хъӕуы цӕрджытӕй иу.

Арӕнхъахъхъӕнджытӕ бамбарын кодтой, ацы мадзӕлттӕ ист кӕй цӕуынц арӕнгӕрон зонӕйы фӕткхалды цаутӕ аиуварс кӕныны нысанӕн.

"Уе ‘нӕразыдзинад равдисут районы къухдариуӕгадӕн, уыдон та сӕ фӕхӕццӕ кӕндзысты хицауадмӕ", — банысан кодта арӕнгӕронг службӕйы кусӕг.

ПӔК-ы ма банысан кодтой, ахӕм мадзӕлттӕ кӕй ауадздзысты ӕндӕр арӕнгӕрон хъӕуты дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0