Дменисаг къухджын лӕппу: уадз æмæ Хуссар Иры дæр уа лимузинтæ

© Sputnik / Григорий Сысоев /  Ахизын медиабанкмæЛимузин
Лимузин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Джиголаты Мераб 23 аздзыдæй сарæзта лимузин зæронд "ВАЗ-2106"- æй. Бирæ рæстæг æй не ‘вæрдтой Паддзахадон автоинспекцийы хыгъдыл æмæ йæ фæстæмæ райхæлдта. Ныр та архайы дыккаг лимузиныл, æмæ йæ фидар ныфс ис, кæй йæ сæвæрдзæн хыгъдыл.

ЦХИНВАЛ, 3 мар — Sputnik, Тадтаты Андрей. Хи къухтæй лимузин саразын Джиголаты Мераб æрхъавыд æхсæз азы размæ, Дзæуджыхъæуы æнахуыр даргъ "Волгæ" дыууæ фæрсаг рудзынджы бæсты æртæимæ куы федта, уæд. Уæрæсейаг машинæ хæпполдзинады фæсарæйнаг символмæ рацаразыны идейæ тынг цымыдисон фæкаст æвзонг лæппумæ.

Фæстæмæ, Дменисы хъæумæ æрæздæхгæйæ, Мераб фенгæ экзотикæйы тыххӕй радзырдта бынæттон лæппутæн, ома лимузин æрæмбырдгæнæн ис цыфæнды машинæйæ дӕр. Йе ‘мбæлттæ йын фæхудтысты йæ ныхæстыл.

"Уый мын аргумент не ‘ссис æмæ аскъуыддзаг кодтон мæ ныхæстæ хъуыддагæй бафидар кæнын. Мæхимæ дæр цымыдис каст, сарæхсдзæн æви нæ. Машинæты уадиссаг æмбаргæ дæр ницы кодтон", — дзуры Мераб.

Йæ фæнд реализаци кæнын райдыдта зæронд "ВАЗ-2106"- ы бындурыл. Машинæ уыд хицауæй кардзыддæр, йæ бакаст дæр æвзæр уыд, æмæ дзы кæд ницы рауадаид, уæддæр æвгъау нæ уыд.

© Sputnik / Руслан ТадтаевДменисаг къухджын лӕппу Джиголаты Мераб
Мераб Гиголаев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дменисаг къухджын лӕппу Джиголаты Мераб

Рацарæзт бацахста иу мæйы бæрц. Мераб алыг кодта машинæ, астæуккаг хай та сарæзта ноджы иу "жигули"-йы корпусæй æмæ æрæмбырд кодта уæды онг ацы бынæтты æнæфенгæ фæлладуадзæн транспортон фæрæз.

"Салоны сæвæрдтон бадæнты æртыккаг рад, сфæлыстон æй сæракæй. Цыбыр дзырдæй, йæ бакаст хорз уыд. Фæлæ йæ æддейæ сахорын нæ бантыст — уый лæууыд мæ куыстмыздтæй дыууæ æмæ æрдæг", — дзуры къухджын лӕппу.

Лимузин рауад цæсты фидыц. Уынынмæ йæм цыдысты æрмæст Мерабы æмхъæуккæгтæ æмæ æмбæлттæ нæ — дменисаг лæппуйы оригиналон сфæлдысты хабар айхъуыст æгас республикæйыл, телеуынынад дæр æм арæх цыд сюжеттæ аразынмæ.

"Бирæ рацу-бацу кодтон, цæмæй мæ машинæйæн райсон документтæ, фæлæ мын паддзахадон автоинспекцийы нæ разы кодтой. Ома, хъæуы йæ сахорын. Рауардтой ма-иу цавæрдæр æндæр аххосæгтæ. Афтæ мæм фæлæууыд цалдæр азы. Ме ‘мбæлттимæ йыл тезгъо кодтон æрмæстдæр хъæуы мидæг. Цалдæр хатт трассæмæ дæр рахызтызтæм йæ фадæттæ базоныны тыххæй — йæ тагъддзинад уыд 120 км сахаты мидæг", — мысы Мераб.

Лимузинæн документтæ райсыны фæдыл йæ ныфс куы асаст, уæд æй райхæлдта. Ныууагъта ма дзы цавæрдæр хæйттæ. Ахæм къахдзæф саразынмæ йæ басхуыста æрмæст бюрократон дæлæ-уæлæ нæ, фæлæ ма кæронмæ йæ зæрдæмæ кӕй нæ цыд.

Тӕхуды, цӕргӕсау …

"Хуыздæр саразæн дæр уыд. Ныр мæм ис фæлтæрддзинад æмæ йæ саразин хуыздæр — йе ‘ддаг бакаст дæр, æмæ йæ техникон фадæттæ дæр", — дзуры йæ нывæзтыл Мераб.

Мераб ныридæгæн равзæрста, цы машинæйæ араздзæн йæ ног лимузин. Уый дæр у "жигули", æрмæст "универсал" куыфимæ. Машинæйы хицау, Мерабы проекты тыххæй базонгæйæ, не ‘сразы æхца айсын æмæ машинæ ратдзæн æнæаргъæй. Æввахс рæстæджы уый æрæвналдзæн машинæйы рацарæзтмæ.

"Документ ын куыннæ раттой, уæд президенты онг дæр ссæудзæн", — дзуры уый.

Йæ монц амоны хуымæтæгæй: "Дзæуджыхъæуы дæр ис хæдарæзт лимузинтæ, интернеты куы бакæсай, уæд та дзы сты сæдæгай. Уадз æмæ махмæ дæр уа".

Ног хабӕртты лентӕ
0