Цхинвал дыууæ мæйы дӕргъы æхсæвыгæтты хицæн кæндзысты донæввонгӕй

© Sputnik / Михаил Хасиев"Мæскуыйаг" микрорайон
Мæскуыйаг  микрорайон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ахæм мадзæлттæ фæахъаз уыдзысты донивылдты рæстæджы горæты коммуникацитæ æмæ донæввонгы системæ быронæй бахъахъхъæнынӕн.

ЦХИНВАЛ, 11 мар — Sputnik, Козаты Дианæ. Цхинвалы цæгаттаг микрорайонты цæрджытæ фæстаг бонты хъаст кæнынц, дон сæм фæлæу-фæлæугæнгæйæ кæй цæуы. Сæ ныхæстæм гæсгæ, алы æхсæв дæр сæм краны дон йæ цæуынæй ныллæуы, æмæ рацæуы æрмæстдæр райсом 8-9 сахатыл.

"Афтæ у ныр цалдæр боны. Æрдæгæхсæв дон ныллæуы йæ цæуынæй æмæ рацӕуы æрмæстдæр райсом. Нæ районы дон йæ цæуынæй никуы æрлæууы, уымæ гæсгæ ничи æвæры бактæ æмæ нæ фæстауæрц кæны дон", — дзуры Sputnik микрорайон БАМ-ы цæрæг Анжелæ.

Ацы проблемæйыл ма æмбæлынц "Мæскуыйаг" æмæ "Цæгаттаг" микрорайонты цæрджытæ. Уыдон æрымысынц, горæты иу цалдæр бонтæ дон куы нæ цыд, уыцы рæстæджытæ, фæлæ уыдон раджы аивгъуыдтой. Магистралон доны хæтæл "Едыс-Цхинвал", кӕцыйы уылты дон цæуы горæтмæ, æрцыд цалцæг æмæ дон хицæн æрцæуы æрмæстдæр йæ хицæн фадгуытыл чысыл авариты фæстиуæгæн, уыдон та иуварс æрцæуынц, иууыл фылдæрæй, суткæйы æмгъуыдмæ.

Мэрияйы пресс-службæйы Sputnik фехъусын кодтой, ацы проблемæтæ баст кæй сты, Дзомагъы хъæуы цур донæмбырдгæнæн станцæ кæй æрцыд хицæн магистралон трубæйæ, уыимӕ.

"Горæты кæцыдæр районтæй дон комкоммæ цæуы магистралон хаххæй, горæты резервуарты фæрсты. Уый фæстиуæгæн уыдон нæ фæразынц рæстæгыл йедзаг кæнын, æмæ горæты иннæ районтæм дон нал хæццæ кæны æмбæлон бæрцæй", — загътой мэрияйы "Водоканал"-ы сæргълæууæг Зассеты Сергейы ныхæстæй.

Уымæй дарддæр ма ныртæккæ у донивылдты сезон, дон свæййы тынг чъизи æмæ змæст æмæ сбырон кæны донæввонгы системæ. Уымæ гæсгæ, "Водоканал"-ы къухдариуæгад аскъуыддзаг кодта доны графикмæ ивындзинæдтæ бахæссын, дон æхсæвæй райсомы онг хицæнгæнгæйæ.

"Дыууæ мæйы дæргъы дон хицæн кæндзысты 00:00 — 6:00 сахатмæ. Ацы мадзæлттæ фæахъаз уыдзысты столицæйы донæввонгы æмбæлон уавæр æмæ донивылдты рæстæджы горæты коммуникацитæ æмæ донæввонгы системæ сбыронæй бахъахъхъæнынӕн", — банысан кодтой мэрияйы.

Ам ма хъусдард аздæхтой, ацы районты цæрджытæ рæстæгыл кæй нæ фидынц доны фиддонтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0