Уæлахизы Тырыса æрхæццæ Цхинвалмæ

© Sputnik / Алексей КовалевУæлахизы Тырыса æрхæццæ Цхинвалмæ
Уæлахизы Тырыса æрхæццæ Цхинвалмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Не ‘Стыр Уæлахизы стъалы" райдыдта 5 апрелы. Автозгъорды фондз автоколоннӕйы сӕ фӕндаг райдыдтой Уӕрӕсейы фондз горӕтӕй — Архангельск, Севастополь, Брест, Дербент ӕмӕ сакъадах Русскиййӕ. Цхинвалмӕ сӕ ных цы автомобилисттӕ сарӕзтой, уыдон рацыдысты Дербентӕй. Цхинвалы акцийы хайадисджытæ айтынг кодтой Уæлахизы Тырысайы копи 200 кв километрыл.

ЦХИНВАЛ, 15 апр — Sputnik, Босыкты Наталья. Хуссар Ирыстонмæ æрцæуæг автозгъорды хайадисджытæ майрæмбоны динтæ сæвæрдтой Æнусон артмæ æмæ райтынг кодтой Уæлахизы Тырысайы масштабон копи.

"Не ‘Стыр Уӕлахизы стъалы"-йы автомаршы къорды командæгæнæг Сергей Кашицыны ныхæстæм гæсгæ, ацы мысæн эстафетæ ссис традицион.

"Кæддæр нæ фыдæлтæ æдæрсгæйæ цыдысты сæ Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнынмæ. Уыцы æнтыстытæ мысынæн мах сфæнд кодтам ацы фæндагыл рацæуын æмæ цæудзыстæм размæ. Хуссар Ирыстонмæ мах лæвары хуызы æрластам Уæлахизы Тырыса æмæ нæ фæнды, цæмæй ацы тырысайыл уæ къух авæргæйæ сымах фæхатад фæлтæрты бастдзинад хуымæтæг советон солдат æмæ нæ ветерантимæ", — загъта Кашицын.

Автозгъорды хайадисджытæ, республикæйы къухдариуæгад, æхсæнадон организациты минæвæрттæ, ветерантæ æмæ скъоладзаутæ иумæ Кады Аллейы айтынг кодтой Уæлахизы Тырысайы копи 200 кв километрыл.

Тырыса баззайдзæн Хуссар Ирыстоны. Дарддæр дзы ам пайда кæндзысты патриотикон акциты рæстæджы. Уæлахизы тырысайæ дарддæр ма акцийы организатортæ Цхинвалмæ æрластой Георгий Жуков ӕмӕ Юрий Гагарины бюсттӕ. Балæвар сæ кодтай Кадетон скъола æмæ Цхинвалы фæндзæм скъолайæн, бюсттæ ма балæвар кæндзысты автозгъорд цы горæтты хайад исы, уыдонæн.

"Автозгъорды фæлгæтты мах лæвар кæнæм бюсттæ алы горæты дæр, сæйраджыдæр ахуырадон уагдæттæн, цæмæй рæзгæ фæлтæр зона йæ хъайтарты", — банысан кодта маршы хайадисæг Баширов.

© Sputnik / Алексей КовалевАвтозгъорды хайадисджытæ Кады Аллейы айтынг кодтой Уæлахизы Тырысайы копи
Участники акции Звезда Знамени Победы возложили гирлянду в Вечному огню - Sputnik Хуссар Ирыстон
Автозгъорды хайадисджытæ Кады Аллейы айтынг кодтой Уæлахизы Тырысайы копи

2015 азы ма республикæ йæхимæ райста проекты хайадисджыты. Ам цы Уæлахизы тырыса райтынг кодтой, уый делегаци аласта йемæ æмæ айтынг кодта Берлины, Рейхстагы цур, "цæмæй дунейæн равдисæм нæ тых".

"Не ‘Стыр Уæлахизы стъалы" райдыдта 5 апрелы. Автозгъорды фондз автоколоннӕйы сӕ фӕндаг райдыдтой Уӕрӕсейы фондз горӕтӕй — Архангельск, Севастополь, Брест, Дербент ӕмӕ сакъадах Русскиййӕ.

Цхинвалмӕ сӕ ных цы автомобилисттӕ сарӕзтой, уыдон рацыдысты Дербентӕй. Цхинвалы акцийы хайадисджытæ айтынг кодтой Уæлахизы Тырысайы копи 200 кв километрыл. Акцийы хайадисджытæ фæстæмæ æрæмбырд уыдзысты 5 майы Владимиры, уый фæстæ иу колоннæйæ сæ ных скæндзысты Мæскуымæ, цыран рацӕудзысты 9 майы Сырх фæзуатыл "Æнæмæлгæ полк"-ы сконды.

30 боны мидæг згъорды хайадисджытæ рацæудзысты 35 00 км æмæ бацæудзысты 150 цæрæн пунктмæ. Проекты сæйраг нысан у бирæнационалон советон адæмы хъæбатырдзинад историкон зæрдылдарæны бахъахъхъæнын.

Ног хабӕртты лентӕ
0