Фарастаздзыд чемпион

Ӕвзонг боксер Бабаты Стасик
Ӕвзонг боксер Бабаты Стасик - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бабаты Станислав ӕртӕ азы цӕуы боксмӕ, 2014 азы ссис республикӕйы чемпион. Тренертӕ къаннӕг лӕппуйы хонынц сӕ олимпиаг ныфс, йӕхӕдӕг та тырны Гасситы Мураты ӕнтыст сфӕлхатт кӕнынмӕ.

ЦХИНВАЛ, 28 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Фарастаздзыд Бабаты Станислав Цхинвалы боксы скъоламӕ кӕд ӕртӕ азы йедтӕмӕ нӕ цӕуы, уӕддӕр ын ныридӕгӕн ис стыр ӕнтыстытӕ — 2014 азы чысыл лӕппу ссис Хуссар Иры чемпион.

Ирыстон кӕдфӕндыдӕр сӕрыстыр уыд йӕ номдзыд спортсментӕй. Стасик дӕр фӕнд кӕны спорты ирон уӕлахиздзауты нымӕц баххӕст кӕнын. Ӕрвылбон дӕр ахуырӕй ӕмӕ йӕ уарзон мультфильмтӕй йӕхи фӕиппӕрд кӕны ӕмӕ ныддугъ кӕны фӕндзӕм скъолайы спортивон залмӕ тренировкӕтӕм, цыран тренер, Уӕрӕсейы спорты мастер Дзигойты Ацӕмӕзы къухдариуӕгады бын ахуыр кӕны рингыл тохы бындурон фадӕттӕ.

Ӕвзонг боксер Бабаты Стасик
Ӕвзонг боксер Бабаты Стасик  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕвзонг боксер Бабаты Стасик

Ӕвзонг боксер иттӕг хорз нысӕнттыл ахуыр кӕны Колыты Аксойы номыл аивӕдты лицейы ӕртыккӕгӕм къласы. Ныв кӕнын дӕр тынг уарзы, уайгӕ дӕр ын хорз кӕны, фӕлӕ бокс ницӕуыл баивдзӕн. Стасик кӕд нырма йе ‘мцахъхъӕнтӕй асӕй дӕр гыццылдӕр у ӕмӕ спорты ӕрмӕст ӕртӕ азы архайы, уӕддӕр рингыл у ӕнӕбасӕтгӕ. Йӕхӕдӕг дӕр йӕ хъус дары боксы дунейы хуыздӕр минӕвӕрттӕм, Майк Тайсон ӕмӕ Гасситы Мураты нымайы фӕзминагыл.

"Тынг уарзын Майк Тайсоны. Ирон боксертӕй та мӕ зӕрдӕмӕ цӕуы Гасситы Мурат. Мурат рингмӕ куы рахизы, уӕд ӕй бацамонынц, куыд Мурат — Ирон. Ӕз дӕр фидӕны ахӕм боксер куы суон, уӕд равзардзӕн мӕхицӕн ном Стасик — Ирон ӕмӕ-иу ныддӕрӕн кӕндзынӕн мӕ ныхмӕлӕуджыты иууылдӕр", — дзуры чысыл боксер.

Стасикӕн хоббитӕ бирӕ ис, йӕхӕдӕг куыд зӕгъы афтӕмӕй иууыл фылдӕр уарзы ныв кӕнын, мультфильмтӕм кӕсын, уӕлдайдӕр та "Мадагаскар"-мӕ, тынг ма уарзы макаронтæ дӕр, фӕлӕ йӕ зӕрдӕйы иууыл арфдӕр ӕрфысым бокс ӕмӕ алы изӕр дӕр рӕвдзӕй згъоры тренировкӕтӕм. Тренертӕ та йӕ йӕ нагъӕддаджы тырнынады тыххӕй схуыдтой сӕ олимпиаг ныфс.

"Тынг бирӕ курдиатджын сывӕллӕттӕ нӕм ис, ис сын хорз спортивон фидӕн. Бирӕтӕ дзы сӕхи ӕнтыстджынӕй равдыстой цӕгаткавказаг ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон ӕмвӕзады ерысты. Станислав афтӕ куы куса, уӕд ӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр спортивон фидӕн", — дзуры боксы скъолайы директор Кокойты Мурат.

© Sputnik / Плиты ФатимаСтасик йӕ тренертимӕ
Стасик йӕ тренертимӕ  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Стасик йӕ тренертимӕ

Скъолайы спортзалы ма ахуыргӕнинӕгтӕ боксы тренировкӕтӕй дарддӕр ӕмрӕстӕджы фӕхъазынц футболӕй дӕр. Хъазт куы сцырын вӕййы, уӕд чысыл Стасик йӕ ‘мбӕлтты хсӕн зынгӕ дӕр нал фӕкӕны. Фӕлӕ, йӕ кар ӕмӕ асмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, лӕппуйы ис ахӕм ныфсхастдзинад ӕмӕ хъару, ӕмӕ алкӕй дӕ уырны, фидӕны кӕй слӕудзӕн боксы уӕлахиздзауты пьедесталы бӕрзонд къӕпхӕныл.

Ног хабӕртты лентӕ
0