Обри Мишель Аллен. Уарзондзинады кӕрон?

© Sputnik / Дзерасса БиазартиОбри Мишель Аллен тӕрхондоны залы
Обри Мишель Аллен тӕрхондоны залы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Йӕ уарзоны фӕдыл Ирыстонмӕ чи ӕрцыд, уыцы америкӕйаг чызджы дысон феддӕдуар кодтой бӕстӕйӕ.

ЦХИНВАЛ, 12 май — Sputnik, Биазырты Дзерассӕ. Америкӕйаг чызг Обри Мишель Аллены Ирыстонӕй арвыстой ӕртыццӕгӕй цыппӕрӕммӕйы ӕхсӕвы. Тӕрхондоны кусджытӕ чызджы афӕндараст кодтой йӕ райгуырӕн бӕстӕм — Иугонд Штаттӕм.

Америкæйаг Обри Мишель Аллен Цæгат Ирыстонмæ æрцыд Пенсильванийæ, цæмæй чындзы ацæуа бынæттон цæрæг Хацырты Аланæй. Фæлæ чызджы фæаххосджын кодтой Уӕрӕсейы территорийыл уӕвыны режим фехалыны хъуыддаджы. Обри ӕмӕ Алан базонгӕ сты интернеты руаджы ӕмӕ бауарзтой кӕрӕдзи.

Обри Мишель Аллен, архивон къам. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Обри Мишель йӕ ирон уарзоны тыххӕй загъта "нӕ" америкӕйаг ӕмбӕстагадӕн

Обри Мишель Аллен Ирыстоны цы ӕртӕ мӕйы фӕцард, уыдонӕй дыууӕ арвыста фӕсарӕйнаг ӕмбӕстӕгты рӕстӕгмӕ дарӕн пункты, дыууӕ хатты административон фӕткхалды цаутӕ кӕй ӕруагъта, уый тыххӕй. Официалон версимӕ гӕсгӕ, Обри Мишель Аллен йе ‘рцыды тыххӕй Цӕгат Ирыстоны Мӕздӕджы районмӕ развӕлгъау нӕ фехъусын кодта Ӕдасдзинады федералон службӕйӕн (ӔФС). Уый фӕстӕ ма ноджы иу хатт фехӕлдта Горӕтгӕрон районы уӕвыны режим. Уый фӕстиуӕгӕн тӕрхондон аскъуыддзаг кодта чызджы йӕ райгуырӕн бӕстӕм арвитын.

Хацырты Аланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, лӕппумӕ ис фӕндтӕ йӕ уарзоны фӕстӕмӕ раздахыны фӕдыл, фӕлӕ сӕ нырма нӕ хъӕр кӕны.

Чызг йӕхӕдӕг журналисттӕн радзырдта, кӕй тох кӕндзӕн йӕ уарзондзинады сӕраппонд. Ирыстонмӕ йын цы фондз азы нӕй ӕрцӕуӕн, уыдон дӕргъы, йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, гӕнӕн ис ӕмӕ ӕрцӕрой, науӕд та ӕмбӕлой ӕндӕр бӕстӕты.

"Ӕз ӕппӕт амӕлттӕй дӕр тырндзӕн мӕ уарзонмӕ", — банысан кодта Обри.

Ацы уарзондзинады истори у иууыл хӕццӕдӕр фӕстаг рӕстӕджыты. Барадхъахъхъӕнӕг органтӕ ацы хъуыддаджы фӕдыл дзыллон информацийы фӕрӕзтӕн нырма дӕр бӕстон комментаритӕ нӕ радтой.

Ирыстоны цӕрджытӕ дӕр фӕдих сты, иутӕ сӕ зӕрдӕмӕ арф айстой уарзӕтты хъысмӕт, аннӕтӕ чызджы ӕнхъӕлынц шпион.

Цалынмӕ йӕ бӕстӕйӕ нӕ феддӕдуар кодтой, уӕдмӕ Обри ныффыста фыстӕг бынӕттон фӕсивӕдон газетмӕ, цыран райхӕлдта йӕ уарзондзинад Уӕрӕсемӕ, Ирыстонмӕ ӕмӕ Хацырты Аланмӕ, фӕлӕ уымӕй нӕ балхӕдта закъоны кусджыты зӕрдӕтӕ.

Ууыл уарзондзинады истори аскъуыйдзӕн ӕви нӕ, уый та равдисдзӕн рӕстӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0