Козаты Левӕн нӕ бантыст цӕрын, хъазын, уарзын

© Sputnik / Алексей КовалевКозаты Лев
Козаты Лев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Левчик не ′мбӕхст ныккӕндты, нӕ ацыд горӕтӕй – ахӕм хъуыды йӕм цӕугӕ дӕр не ′ркодта. Уый хӕцӕнгарзимӕ хъахъхъӕдта райгуырӕн Цхинвал, йе ′мгӕртты, йӕ бинонты ӕмӕ уарзон чызг Агуындӕйы, кӕцыимӕ йын чындзӕхсӕв хъуамӕ уыдаид фӕстӕдӕр мӕй.

ЦХИНВАЛ, 8 авг — Sputnik, Хъотайты Мария. 7-8 агвусты ӕхсӕвы Цхинвал сармадзанты арты куы ссыгъд, уӕд 20-аздзыд Козаты Лев йӕ хӕстон ӕмгӕрттимӕ бахауд хӕстон архӕйдтыты эпицентры. Цхинвалы цур хъӕутӕй тохтӕ рацыдысты горӕты кӕрӕттӕм — "Шанхай", 12-ӕм скъолайы районмӕ, Хъайтарты уынг ӕмӕ Вокзалгӕрон фӕзуатмӕ.

Хӕстӕй цалдӕр бон раздӕр Лев арвыста Дзӕуджыхъӕумӕ йӕ кӕстӕр хо Викӕйы.

"Автобустӕ цыдысты фӕзуатӕй. Левчик сбадын кодта Викӕйы автобусыл ӕмӕ йын ныхъхъӕбыс кодта. Уый уыд сӕ фӕстаг фембӕлд", — мысы Левы мад Гатыгкоты Ларисӕ.

Хъӕцмӕзты Арсен - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъӕцмӕзты Арсен – "град"-ы бын гуырд

Аст азы рацыд Хуссар Ирыстоны ныхмӕ ӕфсӕддон агрессийӕ, фӕлӕ ацы цаутӕ Ларисӕйы хъуыдыты абоны онг дӕр кӕронмӕ нӕма бахӕццӕ сты. Цхинвалы ӕхсӕвыгон ӕхсты бын уыд суанг 8 августы онг, уый фӕстӕ райдыдтой активон хӕстон архӕйдтытӕ.

Знаджы бронетехникӕ Хъайтарты уынгыл араст горӕты центрмӕ. Лев йе ′мгӕрттимӕ, куыд сӕ бон уыд, афтӕ лӕууыдысты знаджы ныхмӕ. Уый службӕ кодта республикӕйы хъахъхъӕнынады министрады, уыд минӕхсӕгты дӕлхайады командир. Йӕ амӕлӕты хӕдразмӕ йын бантыст йӕ ныййарджыты бафӕдзӕхсын, гуырдзиаг дӕлхайадтӕ горӕтмӕ кӕй бабырстой ӕмӕ цӕмӕй ссарой ӕмбӕхсӕн.

"Горӕты уӕдмӕ нал уыд рухс, тынг лӕмӕгъ уыд мобилон бастдзинад. Сӕррамӕ мӕ бирӕ нал хъуыд — нӕ зыдтон кӕм ис, удӕгас ма у… Уӕдмӕ, 8 августы райсомӕй, уый фӕдзырдта ӕмӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй ссарӕм ӕмбӕхсӕн, уымӕн ӕмӕ знаг ӕрбатыдта горӕтмӕ. Уыд тынг тыхст, загъта, кӕй ис Хъайтарты уынгыл, дукани "Спартак"-ы цур. Уыцы рӕстӕджы телефонӕй райхъуыст тыхджын гыбар-гыбур. Бастдзинад фӕхицӕн… Нал мын бантыст мӕ хъӕбулмӕ бахауын ӕмӕ йӕ удӕгасӕй фенын", — дзуры цӕссыгкалгӕйӕ хъайтары мад.

© FacebookИрыстоны хъайтар Козаты Лев
Ирыстоны хъайтар Козаты Лев  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирыстоны хъайтар Козаты Лев

Лӕппуйы цур фехӕлд гуырдзиаг сармадзан, уый фӕмард 8 августы бирӕнымӕц цӕфты фӕстиуӕгӕн.

Левчик не ′мбӕхст ныккӕндты, нӕ ацыд горӕтӕй — ахӕм хъуыды йӕм цӕугӕ дӕр не ′ркодта. Уый хӕцӕнгарзимӕ хъахъхъӕдта райгуырӕн Цхинвал, йӕ ′мгӕртты, йӕ бинонты ӕмӕ уарзон чызг Агуындӕйы, кӕцыимӕ йын чындзӕхсӕв хъуамӕ уыдаид фӕстӕдӕр мӕй.

Баныгӕдтой йӕ сӕхи цӕхӕрадоны — уыцы тӕккӕ уыд карз ӕхстытӕ ӕмӕ нӕ уыд фадат фӕмардуӕвджыты горӕты уӕлмӕрды ныгӕнын.

Фӕстӕдӕр ӕй баныгӕдтой Згъудеры уӕлмӕрды.

Республикӕйы уагъд цӕуынц фыдохы мадзӕлттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Нӕ ферох кӕндзыстӕм, цалынмӕ удӕгас стӕм…"

Йӕ амӕлӕты бынаты, Хъайтарты уынгыл ӕвӕрд ӕрцыд мемориалон плитӕ.

Козаты Левӕн баззад ӕфсымӕр ӕмӕ хо. Ларисӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, йӕ лӕппуйы амӕлӕты фӕстӕ ма йӕ иунӕг цин сты йӕ хъӕбулы хъӕбултӕ.

Уый райгуырд 1987 азы 17 ноябры. Скъола каст фӕуыны фӕстӕ бацыд ахуырмӕ Хуссар Ирыстоны паддзахадон университетмӕ физикон культурӕйы факультетмӕ.

Чысылӕй фӕстӕмӕ уарзта футболӕй хъазын, хъазыд горӕты футболон командӕйы сконды. Ӕмӕ уым диссагӕй ницы ис — йӕ фыд Козаты Александр уыд советон рӕстӕджы зынгӕ футболист, хъазыд цхинвайлаг "Спартак"-ы.

Ныр футболист-фыды хорзӕхты цур ӕвӕрд сты Хуссар Ирыстоны фмардуӕвӕг хъайтары футболон хорзӕхтӕ дӕр.

Нӕ йын бантыст цӕрын, хъазын, уарзын.

Ног хабӕртты лентӕ
0