Рагон спектакль "Ӕфсин" ӕрыгон режиссер Хъотайты Сӕрмӕты цӕстӕнгасӕй

© Sputnik / Фатима ПлиеваРежиссер
Режиссер - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъотайты Сæрмæт театры сценæйы йæхи фыццаг хатт фæлвары режиссеры дæсниады- æвæры дипломон спектакль "Ӕфсин", фидæны та бæллы фæсивæдон театр бакæнын Цхинвалы æмæ фӕсхӕстон дужы сабийы гæвзыкк царды хъизæмæрттæ сценæйыл равдисын.

ЦХИНВАЛ, 6 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Музыкалон комеди "Ӕфсин" — ӕвзонг режиссер Хъотайты Сæрмæты дебютон куыст — тагъд рӕстӕджы ӕвӕрд ӕрцӕудзӕн хуссарирыстойнаг паддзахадон театры сценæйыл.

Хъотайты Сæрмæт у Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты аивæдты факультеты режиссурӕйы хайады рауагъдон. Йӕ дипломон куыстӕн уый равзӕрста азербайджанаг фыссæг Меджид Шамхаловы уацмыс "Ӕфсин". Ӕрыгон специалист тырны "Ӕфсин"-æй фæстаг фондз азы хуыздæр спектакль саразын.

"Дипломон куыст равзарыныл хъуыды кодтон фӕндзæм курсы фылдæр хай. Мæ къухдариуæггæнæг Цæлыккаты Земфирæимæ æппынфæстаг æрлæууыдыстæм "Ӕфсин"-ыл. Уацмысы æвдыст цæуы бинонты цард. Кæд комеди у, уæддæр кӕсджыты хъусдард здахы адæймаджы аипдзинæдтæм", — дзуры Сæрмæт.

Ныридæгæн æвзæрст æрцыдысты фидæны спектаклы актерты сконд, ӕвзонг режиссер бавнӕлдта репетицитæм. Сӕрмӕт банысан кодта, йæ фарсмæ кӕй балæууыдысты фæлтæрд актертæ, уымæ гæсгæ куыст цæудзæн рогæй.

Гугкаты Эвелинæ: актрисæ цы рольтæм фæбæллы, уыдон иууылдæр сæххæст кодтон

"Сæйраг роль — æфсины ахъаздзæн адæмон артисткӕ Гугкаты Эвелина, уый ма раджы кӕддӕр сæххæст кодта сценæйыл ацы фæлгонц æмæ зонгæ у æрмæгимæ. Йæ дыууæ чындзы та уыдзысты Битеты Милена æмæ Натия Чохели", — радзырдта режиссер.

Планмæ гæсгæ, спектакль хъуамæ сцæттæ уа ног мæйы кæронмæ. Йӕ премьерӕмӕ Сӕрмӕт фӕнд кӕны æрхонын Цӕгат Ирыстонӕй йæ къухдариуæггæнæджы ӕмӕ къамисы уæнгты, цæмæй йын аккаг аргъ скæной йæ куыстæн.

Спектакль "Ӕфсин" цӕудзӕн сценӕйыл сахатæй фылдæр, конд уыдзæн дыууæ актæй. Архайы дзы аст актеры, сæйраг хъайтартæй дарддæр ма рольтӕ сӕххӕст кӕндзысты Куымæридтаты Батрадз, Мамиты Гри, Дыгъуызты Жанна æмæ Кокойты Фатимӕ.

Йæ ахуыры хъуыддæгтæ куы балхынцъ кæна, уæд уый фæстæ æвзонг лæппу тырны Хуссар Иры театры режиссерæй кусынмæ, фæлæ уымæй тынгдæр та йæ зæрдæйы нывæнды фæсивæдон театр саразыны фӕнд.

"Хуссар Иры театр хæссы Хетæгкаты Къостайы ном, у драмон театр. Ацы сценæйыл нæй уæлæнгай пьесæтæ æвæрӕн. Фæсивæды та хъæуы сæхи фæлварын æмæ афтӕмæй сæ фæндаг, сæхи æрмдзæф ссарын. Уымӕ гӕсгӕ мӕ тынг фӕнды фӕсивӕдон театр саразын. Æмбарын æй, æнцон хъуыддаг нæу, фæлæ мӕхицӕн рахицæн кодтон 10 азы æмгъуыд йæ сæххæст кæнынæн", — дзуры йæ плӕнтты тыххæй уый.

© Sputnik / Плиты ФатимаРежиссер Хъотайты Сӕрмӕт
Режиссер Хъотайты Сӕрмӕт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Режиссер Хъотайты Сӕрмӕт

22-аздзыд лæппу аивады фæндаг хӕрз сабийæ равзæрста. Йæ райгуырæн хъæуы йæ бæллиц зонгæ уыд сыхæгтæн æмæ- иу Монастеры цæрджытæ изæрыгон сæ фæллад уагътой чысыл актеры юмористон номыртæм кæсгæйæ. Фæстæдæр скъоламæ бацыд Цхинвалы скъола-интернатмæ, уым та фæцайдагъ драмкружокмæ.

"Мæ ирон æвзаджы ахуыргæнæг Цоциты Галина рахатыд мæ тырнынад аивадмæ æмæ мæ бакодта драмкружокмæ. Ам райдыдтон ӕххӕст кӕнын алыгъуызон фæлгонцтӕ. Иууылдæр ма нымадтой фидæны комедион актерыл, мæхицæн та æввахсдæр сты трагедитæ", — банысан кодта Сӕрмӕт.

Лæппу йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ сабибонтæ ацыдысты мæгуыр уавæрты, уæззау фӕсхӕстон 90-ӕм æзты. Хæсты хъизæмæрттæ æмæ йæ фæстæ уæззау рæстæг, мæгуырдзинад æмæ гæвзыкк цард фæивтой чысыл лӕппуйы ахаст дунемæ.

Дзуццаты Тамерлан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзуццаты Тамерлан: тагъд нӕ сценӕйыл фӕзындзӕн Скифтӕ, Сӕрмӕттӕ ӕмӕ Аланты цардвӕндагыл трилоги

Æрыгон режиссæр ӕдзухдӕр мысы йæ уæззау сабибонтæ æмæ йæ мысинæгты фæрцы фидӕны фæнд кæны фӕсхӕстон цард сывӕллоны цӕстӕнгасӕй сценæйыл радæттын.

"Мæ сабибонтæ арвыстон Монастеры хъæуы.Уыцы дуг æнæуый дæр мæгуыр рæстæг уыд, стæй мæ бинонтæ дæр хъæзныг цард нæ кодтой. Ныр дæр мæ зæрдыл лæууы — сæлдӕг иу нӕм сластой хæдтулгæйыл уæй кæнымæ æмæ иу хъæуыл зилдух кодта сигналгæнгæ. Ӕхца кæм уыд, фæлæ-иу æз дæр йæ фæдыл бæгъæввадæй лыгътæн цыдæр ныфсимæ. Хæдтулгæ-иу хъæуы къуылдымæй куы фæдæлвæндаг ӕмӕ-иу æнæ сæлдӕгæй куы аззадтӕн, уӕд иу мæ зæрдæ бауынгæг", — мысы лӕппу йӕ сабибонтӕ.

Сӕрмӕт кӕд нырма бынтон ӕвзонг у, уӕддӕр фидӕнмӕ йӕхицӕн сарӕзта хъӕзныг сфӕлдыстадон нывӕзт. Ныридæгæн та уал уый къухдариуæгад дæтты скъола-интернаты драмкружокæн, цыран цалдӕр азы размӕ йӕхӕдӕг дӕр сарӕзта йæ фыццаг къахдзæфтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0