Бильярд Хуссар Ирыстоны. Монц ӕви перспективӕ?

© Sputnik / Фатима ПлиеваБильярд Южная Осетия клуб "Фараон"
Бильярд Южная Осетия клуб Фараон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бильярды Федераци Хуссар Иры официалон æгъдауæй кусы ныр дæс азы дæргъы, уæдæй нырмæ спорты ацы хуыз йæ уидæгтæ арфдæр ауагъта, фылдæр кæны йæ табугæнджыты нымæц, фæлæ йæ фадæттæ та кæнынц уынгæгӕй уынгӕгдӕр. Сабитæн та бынтондӕр нæй фадат ацы спортыл цайдагъ кæнынæн.

ЦХИНВАЛ, 6 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Иры бильярд кӕд тынг популярон интеллектуалон хъазт нӕу, уӕддӕр ын ис йӕхи ӕнувыд табугӕнджытӕ — уыдон ӕрбаиу кодта республикӕйы Бильярды федераци.

Советон дуджы Хуссар Ирыстоны уыд цалдæр бильярдон залы, уæд бынæттон спортсментæ æнтыстджынæй архайдтой æппæтцæдисон ерысты. Ныридæгæн ма Цхинвалы ис æрмæстдæр иунӕг бильярдон клуб "Фараон". Бильярды федераци та официалон æгъдауæй фидаргонд æрцыд 2006 азы ӕмӕ йын йæ сæвзæрдæй фæстæмæ бантыст сорганизаци кӕнын ӕрмӕстдӕр цалдæр турниры.

Федерацийы сӕргълӕууӕг Хъотайты Шота куыд радзырдта, афтӕмӕй бильярдæй ӕнтыстджынӕй хъазынæн фынг, тымбылæг æмæ сæрмагонд лӕдзӕггонд — киййӕ дарддӕр ма хъæуы æмсæр ныхмæлæууæг дӕр.

"Бильярдмæ иугъуызон ахаст никуы уыд. Раздæр сæ клубтæ дæр фылдæр бæрцæй уыдысты ныккæндты æмæ нымад цыдысты æнæуагдзинады бынæттыл. Абон та схызтысты бæстыхæйтты уæллаг уæладзгуытæм æмæ сæм фæивта адæмы ахаст дæр. Ӕнӕуый та бильярд рагӕй фӕстӕмӕ нымад у уӕздӕтты хъазтыл", — банысан кодта уый.

© Sputnik / Фатима ПлиеваБильярд Южная Осетия клуб "Фараон"
Бильярд Южная Осетия клуб Фараон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бильярд Южная Осетия клуб "Фараон"

Федераци йæ разы цы хæстæ æвæры, уыдон нымæцы сты: сабитæн бильярдæй цæттæгæнæн секци саразын, адæмы æрвылбонон проблемæтæй фæиппæрд кæнын, спорты ацы хуызмӕ стырдӕр хъусдард раздахын.

"Сабиты бильярдӕй хъазыны сусӕгдзинӕдтыл хъæуы цайдагъ кæнын 5 азӕй, уымæн æмæ 15 азы кармӕ уыдон свæййынц дунеон уæлахидзаутæ. Раздӕр-иу мах дӕр сарæзтам турниртӕ сывæллæтты æхсæн, иу рæстæджы скъоладзаутæн скуыстой бильярды секцитæ, фæлæ та уыдонæн дæр ныридæгæн сæ куыст ныннымæг", — радзырдта Шота.

Федерацийы куыст, йӕ президенты ныхӕстӕм гӕсгӕ, бирӕбӕрцӕй къуыхцы кӕны, йӕ ифтонгад зынаргъ кӕй лӕууы, уыцы хъуыддаг. Фӕлӕ ам цхинвайлаг бильярдисттӕн "атылд" — Хъотайты Шота ма Федерацийы хистæрæй дарддæр у диссаджы æрмдæсны дӕр — уый йӕхӕдӕг сарӕзта цалдӕр хъазӕн стол.

"Бильярды ифтонгад тынг зынаргъ у, уымæ гæсгæ фынг, йӕ цъар, тымбылæг, кий сфæрæз кæнын фæзын вæййы. Уыдæттæ хынцгæйæ мæхæдæг хъæдæрмæгæй сарæзтон дыууæ столы, фæлæ уыдон дӕр кæм сæвæрæм, уый бынат нын нæй. Хорз уаид сывæллæттæн уӕддӕр куы саразиккам секцитӕ. Фæлæ цы сӕрибар хатæнтæ вӕййы, уыдон, хъыгагæн, фылдæр бæрцæй дæттынц базарадæн", — дзуры Шота.

Ныртӕккӕ республикӕйы бильярдӕй профессионалон æмвæзадыл архайы 28 спортсмены. Уыдон, Хъотайты Шотайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы мӕйы стох кӕндзысты парти "Иугонд Ирыстон"-ы цæугæ Кубокыл.

© Sputnik / Фатима ПлиеваБильярды клуб "Фараон" Цхинвалы
Бильярд Южная Осетия клуб Фараон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бильярды клуб "Фараон" Цхинвалы

Турнирмӕ бильярдисттӕ сӕхи цӕттӕ кӕнынц "Фараон"-ы — республикӕйы иунӕг бильярдон клубы, кӕцы архайы Типографы агъуысты. "Фынгыл" стох кæныны аргъ у 200 сомы иу сахат. Ардӕм цӕуынц куыд фӕлтӕрд хъазджытӕ, афтӕ ма, спорты ацы хуызы фыццаг къахдзӕфтӕ чи аразы, ахӕмтӕ дӕр. Ӕрмӕст сын сӕ уагахастӕй клубы фысым Чилæхсаты Мурӕт бынтон райгонд нӕу.

"Бирæтæ æрбацӕуынц ӕмӕ ам ӕнӕуаг дзыхӕй фӕдзурынц, фӕдымынц тамако. Нæй нæм æхсæнадон бынæтты уагахасты ӕмӕ тамако дымынæй фæдзæхсæг закон, уымӕ гӕсгӕ фӕткхалджытыл нæ тых нæ цæуы. Парламент ацы хъуыддагӕн барадон бындур куы раттаид, уæд сæ фæтк æрдомиккам ӕмӕ нӕ уавӕр фӕрогдӕр уаид", — рахъаст кодта Sputnik клубы хицау Чилæхсаты Мурӕт.

Фӕлӕ дзы бильярдӕй профессионалон ӕмвӕзадыл чи хъазы, уыдонӕй та стыр ныфсытӕ ӕвӕры Мурӕт — йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыдон æппæтуæрӕсейон æмвæзады дæр аккагӕй равдисиккой Хуссар Ирыстоны ном.

"Кæд нæ минæвæрттæ призон бынæттæ нæ бацахсой, уæддæр фæстаг бынатыл дæр нæ уыдзысты", — балхынцъ кодта уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0