Фӕлтӕрӕй фӕлтӕртӕм. Тыхст адӕмӕн ӕххуыс – фыд ӕмӕ фырты цардыхӕс

© Из личного архива Дмитрия КочиеваКочиев Дмитрий
Кочиев Дмитрий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Димайы фыд Григорий дӕр уыд милицийы кусӕг, уый йӕ мӕлӕт ссардта гуырдзиаг нӕмыгӕй 6 январы 1991 азы - "Тугӕйдзаг цыппурсы". "Мӕнӕн ӕхсызгон вӕййы, мӕ фыдӕй уый бӕрц хорз ныхӕстӕ куы фехъусын ӕмӕ архайын, цӕмӕй йын йӕ ном ма фӕхудинаг кӕнон. У мын, мæхи кæмæ барон, ахӕм авторитет", банысан кодта Дима.

ЦХИНВАЛ, 21 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Милицийы майор Коцты Дмитрий йӕ 34 азӕй 16 кусы Мидхъуыддӕгты министрады, разамынад дӕтты Цхинвалы районы Криминалон миллицийӕн. Барадхъахъхъӕнӕг органты ӕвзонг кусӕг йӕ куысты дӕнцӕгæн ӕвӕры йӕ дзӕнӕттаг фыд — Ирыстоны хъайтар Коцты Григорийы.

Детский врач - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фӕлтӕрӕй фӕлтӕртӕм. Фондз медикы иу бинонтӕй

Димайы фыд Коцты Григорий йе ‘нусон бынат ссардта Цхинвалы фӕндзӕм скъолайы кӕрты. Мидхъуыддӕгты министрады кинологон службӕйы кусгӕйӕ, уый ивгъуыд ӕнусы 90-ӕм æзты ссис Гуырдзыстоны агрессийы фыццаг амæттаг.

"Уӕд мыл цыд ӕрмӕстдӕр 9 азы, ме ʻфсымæр ноджы кæстæр уыд. Ӕз хорз нал хъуыды кӕнын ацы хабӕрттӕ. Гуырдзыстоны ӕфсӕддонтӕ куы æрбабырстой Цхинвалмӕ, уӕд мӕ фыд куыста мидхъуыддӕгты министрады кинологон службæйы. Хъайтарты ӕмӕ Исахъхъы уынгтӕ кӕм иу кӕнынц, уым уагъд цыд митинг. Мӕ фыды амардтой ацы бынаты", — мысы йӕ сабибонтӕ Дима.

Гриша бабын ис 6 январы 1991 азы, сывæллæтты ирвæзынгæнгæйæ. Фӕстӕдӕр уыцы январы райдайæн историктӕ æмæ журналисттæ схуыдтой Ирыстоны ног историйы "Тугӕйдзаг цыппурс".

"Ӕз æй куыд хъуыды кæнын, афтӕмæй гуырдзиæгтæ æрцахстой сывæллæты. Мæ фыд барадхъахъхъæнæг службæйы кусæг кæй уыд, уымæй ныфсæвæргæйæ, балæууыд сæ разы, хъуыды кодта, кæй йæм байхъусдзысты. Фæлæ йӕ гуырдзиӕгтӕ фехстой, баскъæфтой ма йæ рынчындонмæ, фæлæ цӕф разынд мӕлӕтдзаг", — радзырдта Дмитрий.

© АрхивКоцты Гриша
Коцты Гриша - Sputnik Хуссар Ирыстон
Коцты Гриша

 

Ивгъуыд ӕнусы 90-ӕм ӕзты гуырдзиаг-ирон хӕсты фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæй чи бабын ис, уыдон ныгæдтой фæндзæм скъолайы кæрты — нæ уыд ссæуæн уæлмæрдтæм, ӕхстой йын йӕ фӕндаг. Фыццаг ам се ʻнусон бынат ссардтой æртæ лæппуйы — Коцты Гриша, Тасойты Инал (Коммунист) æмæ Бæгъиаты Вячеслав.

Органты куыстмæ дӕр лæппуйы йӕ номдзыд фыды дӕнцӕг сразæнгард кодта ӕмӕ йæ куысты ӕппӕт рӕстӕг архайы, цӕмӕй йын йæ кад дæлæма ма ‘руадза.

"Мӕнӕн ӕхсызгон вӕййы, мӕ фыдӕй уый бӕрц хорз ныхӕстӕ куы фехъусын ӕмӕ архайын, цӕмӕй йын йӕ ном ма фӕхудинаг кӕнон. У мын, мæхи кæмæ барон, ахӕм авторитет", — дзуры уый.

Димайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, барадхъахъахъæнæг органтæм дӕр ӕй фыццаг йӕ фыды æмгæрттæ æрбакодтой кусынмӕ ӕмӕ йӕ равзаргӕ профессийыл иу бон дӕр никуы фӕфӕсмон кодта.

Симд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фæлтæрæй фæлтæртæм. Националон кафт – Хуыгаты бинонты професси

"Мæ чысыл бонтӕй фӕстӕмӕ хъомыл кодтон "формаджынты" ‘хсӕн — мӕ фыдӕй дарддӕр ма милицийы куыста мӕ мады ӕфсымӕр дӕр. Уымӕ гӕсгӕ ӕз дӕр куы бахъомыл дӕн, уӕд аскъуыддзаг кодтон милицийы кусын. Ме ‘фсымӕр Руслан дӕр ацы фӕндагӕй дард нӕ ацыд — уый та ссис юрист", — радзырдта Дима.

Дима Мидхъуыддӕгты министрады кусынмӕ бавнӕлдта 18-аздзыдӕй, ӕмрӕстӕджы ахуыр кӕнынмӕ бацыд ХИПУ историон факультетмӕ дӕр. Йӕ 34 азӕй органты ис ныр 16 азы ӕмӕ йӕ куысты сӕйрагыл нымайы адӕмы хорзӕх.

"Тыхст хъуыддаджы бахауæг адæймагæн баххуыс кæнын у иууыл стырдæр хæрзиуæг нæ куысты. Ныхæстæй мæ бон нæу радæттын бузныг адæмы цæстæнгас, уый нын бирӕ тыхтæ дæтты нæ дарддæры куыстӕн", — банысан кодта майор.

Уый хъомыл кӕны дыууӕ фырты, уыдонæй нырма сӕ фыды дӕсныйадмӕ лӕмбынӕг никӕцы цымдис кӕны, фӕлӕ, Димайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, дыууӕ дӕр уарзынц "хъазӕн хӕцӕнгӕрзтимӕ архайын ӕмӕ сӕ искӕцы чизоны фидӕнмӕ адарддӕр кӕна йӕ фыды ӕмӕ дадайы хъуыддаг".

Ног хабӕртты лентӕ
0