Харебаты Влада: роман "Страница один" йӕхӕдӕг ӕркуырдта гӕххӕтт

© FacebookВлада Харебова
Влада Харебова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстонӕй ацӕугӕ фыссӕг Харебаты Влада радзырдта Sputnik йӕ романы, йӕ царды тыххӕй Цхинвалы ӕмӕ ма нын раргом кодта, цӕмӕн загъта "нӕ" йӕ цардыхӕстӕй ноджы иуӕн – нывкӕнынадӕн.

ЦХИНВАЛ, 25 окт — Sputnik, Козаты Дианӕ. Октябры Екатеринбурджы лӕвӕрд цыд зынгӕ сывӕллӕтты фыссӕг Владислав Крапивины номыл ӕрвылазон Ӕхсӕнадӕмон литературон преми. Конкурсы хайад истой дыууӕ сӕдӕ авторӕй фылдӕр, фӕлӕ уыдонӕй ӕрмӕстдӕр цыппарӕй ссисты премийы лауреаттӕ. Се ‘хсӕн — Харебаты Влада ӕмӕ йӕ фыццаг роман "Страница один".

Бонвӕрнон-ы къухдариуӕггӕнӕг Тедеты Алена йӕ ахуырдзауимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Бонвӕрнон" - хуссарирыстойнаг ӕрыгон музыкантты куырдадз

Влада райгуырд Хуссар Ирыстоны столицӕ — Цхинвалы. Сфӕлдыстадон бинонты ӕхсӕн, йӕ хӕстӕджытӕ иууылдӕр сты зындгонд адӕм культурӕ ӕмӕ аивады ӕрмӕст Ирыстоны нӕ, фӕлӕ ӕндӕр бӕстӕты дӕр. Йӕ фыд у зынгонд нывгӕнӕг ӕмӕ зарӕггӕнӕг Харебаты Валан, мад — тележурналист Харебаты Галина. Владӕйы фыды ӕфсымӕр у легендарон къорд "Бонвӕрон"-ы бындурӕвӕрӕг Харебаты Вадим, фыды иннӕ ӕфсымӕр та — Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист Харебаты Тимур. Харебаты бинонты иннӕ гений та — йе ′фсымӕр Давид, зынгӕ нывгӕнӕг, ацы аз райста Ӕбойты Зауырбеджы номыл Цӕгат Ирыстоны ӕрыгон нывгӕнджыты преми.

"Райгуырдтӕн Цхинвалы, Тбилисы уынгыл (ныр Лужковы — ред.) ӕмӕ царды мӕ фыццаг ӕмбал — Мзия уыд цард сыхаг хӕдзары, уыдысты гуырдзиаг дзуттӕгты бинонтӕ. Роман "Страница один"-ы Мзияйы баивта лӕппу Якоб, иннӕ архайджытӕ дӕр сты ӕндӕртӕ, фӕлӕ адрестӕ баззадысты раздӕры", — дзуры Влада.

Авторы ныхӕстӕм гӕсгӕ, роман у дзурӕг аив горӕт Цхинвалы хуымӕтӕг интеллигентон адӕмы царды тыххӕй — хӕсты размӕ рӕстӕджы цыхуызӕн уыд, ууыл, Гаглойты бинонты тыххӕй, ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр адӕмыхатт сыхӕгты тыххӕй, хӕлар чи у ӕмӕ уарзгӕ чи кӕны, ахӕм сывӕллӕтты тыххӕй.

"Уый у мистикон фӕзынды истори, кӕцытӕ уыдысты — мӕн уырны — хӕстагъоммӕ Цхинвалы ӕнӕфӕцудгӕ хай. Стӕй райдыдта хӕст ӕмӕ алцыдӕр фӕивта…", — загъта уый.

Александр Шавлохов-автор книги Комната портретов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фыссӕг "Горский" – майор Чехойты Александр

Влада дзуры, зӕгъгӕ, роман йӕхӕдӕг ӕркуырдта гӕххӕтт, ӕппындӕр ахӕмтыл куы нӕ хъуыды кодта, уӕд. Фыста йӕ 13 азы, куыст цыд уӕззауӕй, уымӕн ӕмӕ бинонтӕ арӕх ивтой цӕ цӕрӕн бынат, райгуырысты сывӕллӕттӕ, кӕцытӕ сфӕлдыстадӕн нал уагътой сӕрибар рӕстӕг. Роман кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнын бантыст иу афӕдз ӕмӕ ӕрдӕг азы размӕ.

Уый дзуры, Крапивины номыл преми раттыны рӕстӕджы тымбыл фынджы уӕлхъус жюри роман кӕй схуыдта эпопея, уацмысы тыххӕй уыйас хорз ныхӕстӕ загъд ӕрцыд ӕмӕ иу "буар ауазал", фӕлӕ ныры онг мыхуыр нӕма ӕрцыд.

Владайы ныфс ис, тагъд рӕстӕджы мыхуыры кӕй рацӕудзӕн. Уыимӕ иумӕ, уый у йӕхирдыгонау бинонты иумӕйаг куыст — йӕ иллюстрацитӕ ӕмӕ ӕддаг цъар сты йӕ фыд ӕмӕ ӕфсымӕры куысты фӕстиуджытӕ.

"Иллюстратор уыд мӕ фыд — Ирыстоны зынгӕ ӕмӕ нымад нывгӕнӕг Харебаты Валан, ӕддаг цъары дизайнер та мӕ кӕстӕр ӕфсымӕр Давид, бӕрзонд ӕмвӕзады профессионал. Мӕ нымадмӕ гӕсгӕ, ацы иллюстрацитӕн нӕй фӕхицӕнгӕнӕн романы текстӕй, уыдон сты арӕзт иу экспрессивон стилистикӕйы", — дзуры автор.

© В.ХаребоваРоман "Страница один"-ы цъар
Обложка романа Страница один - Sputnik Хуссар Ирыстон
Роман "Страница один"-ы цъар

Цхинвалӕй Владайы бинонтӕ ацыдысты бирӕ ӕзты размӕ, дӕргъвӕтин рӕстӕг цардысты Цӕгат Иры, цы ран чызг каст фӕцис скъола, уый фӕстӕ та ЦИПУ-ы журналистикӕйы факультет, куыста бынӕттон фӕсивӕдон телестудийы.

Владӕйы бинонтӕ ацыдысты цӕрынмӕ Дзӕуджыхъӕумӕ 1997 азы. Ацы ацыд баст уыд медицинӕйы тыхджын ӕвзӕр уавӕримӕ, кӕцыйыл баст у адӕймаджы цард. Уый нымайы, Ирыстон кӕд у аив ӕмӕ диссаджы бӕстӕ, уӕддӕр хъуамӕ уай фидар ӕнӕниздзинады хицау пайдаджын бастдзинӕдтимӕ.

Фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъазиты Мелитон: Хуссар Иры хӕлд цӕуынц литературон премиты фӕткойтӕ иууылдӕр

"Цхинвал ӕмӕ Хуссар Ирыстоны тыххӕй, цы ран ацыдысты мӕ сабибонтӕ, мӕнӕн баззад алӕмӕттаг мысинӕгтӕ, ӕвӕццӕгӕн, царды иууыл райдзастдӕр. Чизоны ӕмӕ фӕстӕдӕр уыйас проблемӕтимӕ нӕ сӕмбӕлдаин", — дзуры уый.

Влада рӕзт сфӕлдыстадон уавӕры, ӕмдзӕвгӕтӕ фыссын райдыдта чысылӕй. Уыдонӕй бирӕтӕ мыхуыр ӕрцыдысты Ирыстоны ӕмӕ Мӕскуыйы журнӕлтты. Фӕстӕдӕр уымӕн поэзимӕ фӕзынд серьезондӕр ахаст — бацыд ахуырмӕ журналистикӕ ӕмӕ литературон сфӕлдыстады Мӕскуыйы институтмӕ.

"Уӕд бамбӕрстон, фыссын куыд нӕ хъӕуы. Уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕмдзӕвгӕтӕ фыссын тынг стӕм хатт — ӕз мӕхи редакци кӕнын ӕвиппайды, фыццаг рӕгъӕй. Удцырын у мӕ иудадзыг уавӕр", — дзуры Влада.

Харебаты Владайы цардыхӕстӕй ма ноджы иу у нывкӕнынад. Фӕлӕ уый йӕ къух систа аивады ацы хуызыл, йӕ романыл кусын куы райдыдта, уӕд.

"Бахъуыд мӕ равзарын: чысыл сабитӕ, куыст, литературӕ, нывкӕнынад — мӕнӕн иунӕгӕй ӕгӕр бирӕ уыдысты. Нывкӕнынад ӕрхастон нывондӕн, науӕд физикон ӕгъдауӕй нӕ бафӕрӕзтаин", — дзуры уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0