Цыбырты Мӕдинӕ ӕртӕ азы йӕхи фӕрӕзтӕй уадзы сабиты журнал

© Sputnik / Алексей КовалевМадина Чибирова
Мадина Чибирова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Журнал уадзынӕн паддзахадон бюджеты фӕрӕзтӕ нӕ разынд, кӕд ӕмӕ журналы финанскӕнынад хаст у ирон ӕвзаджы райрӕзты паддзахадон программӕмӕ, уӕддӕр.

ЦХИНВАЛ, 30 дек — Sputnik, Козаты Диана. Сывӕллӕтты журнал "Хуры тынтæ"-йы фыццаг номыр рацыд Хуссар Иры 2014 азы. Журнал саразыны хъӕппӕрисы хицау у Цыбырты Мадинӕ. Уый у сывӕллӕтты фыссӕг, фӕлӕ журналы архайы мадӕлон ӕвзагыл фыссӕг скъоладзауты уацмыстӕ ӕмӕ аивадон нывтӕ ӕмбырд кӕнын.

Цыбырты Мадинӕйӕн ӕртӕ азмӕ бантыст рауадзын ӕрмӕстдӕр фондз номыры, уыдонӕй ӕртӕ — йӕхи сӕрмагонд фӕрӕзтӕй. Ацы хъӕппӕрисӕн паддзахадон бюджеты фӕрӕзтӕ нӕ разынд, кӕд ӕмӕ журналы финанскӕнынад хаст у ирон ӕвзаджы райрӕзты паддзахадон программӕмӕ, уӕддӕр.

"Программӕ райстӕуыд 2012 азы, фӕлӕ мӕнмӕ ӕрбахауд 2014 азы. Йӕ пункттӕй иу уыд иллюстрацигонд сывӕллӕтты журналы рауагъд, фӕлӕ ӕртӕ азы мидӕг уымӕ йӕ хъус ничи аздӕхта. Ӕз ахъуыдытӕ кодтон ӕмӕ сарӕзтон макет — уыцы аз рацыд журналы фыццаг номыр. Бахастон ӕй ахуырады министрадмӕ, фӕлӕ цы реакци ӕнхъӕл уыдтӕн, ахӕм нӕ уыд. Тых ӕмӕ мын фыдӕй рахицӕн кодтой 54 мин сомы. 2012 азӕй фӕстӕмӕ иннӕ ахӕм программӕты дӕр журналы рауагъд нӕ уыд нысангонд", — радзырдта уый.

Алы рауагъдимӕ дӕр къаддӕр кӕны экземлярты нымӕц. Фыццаг номыр рацыд 500 экземпляры тиражӕй, уый фӕстӕ йӕ тираж ӕрхауд 300 онг, фӕстаг номыр та рацыд 200 экземплярӕй. Фӕстаг номыртӕ рауадзынӕн ӕй бахъуыд йӕхи пенси бахардз кӕнын.

Цыбырты Мадинӕ скъолатыл ӕрзилы ӕмӕ у курӕг исты ныффыссын кӕнӕ нынныв кӕнын. Уымӕй дарддӕр ма сын арӕх йӕхӕдӕг фелхӕны къарандастӕ, фломастертӕ ӕмӕ гӕххӕтт дӕр. Журналы рацыды фӕстӕ уый ӕнӕаргъӕй уары номыртӕ сабидӕттӕн, афтӕ ма сывӕллӕттӕн бафиды чысыл гонорартӕ — фӕйнӕ 500, 1000 сомы — уыдон дӕр йӕхи фӕрӕзтӕй. Уымӕй разӕнгард кӕны сывӕллӕтты сфӕлдыстадмӕ. Журналмӕ скъоладзаутӕй чи райдыдта фыссын, уыдонӕй бирӕтӕ ацы аз ныридӕгӕн ссисты хуссарирыстойнаг паддзахадон университеты студенттӕ, фӕлӕ уӕддӕр ӕххуыс кӕнынц журнал уадзынӕн.

Декан Тыбылты Инга - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тыбылты Инга: ирон ӕвзагӕн ис рӕсугъд фидӕн

"Уыдон сты сывӕллӕттӕ, кӕцытӕ сомбон хъӕрӕй сдзурдзысты сӕхи мадӕлон ӕвзагыл. Ӕмӕ мӕ фӕнды, цӕмӕй сӕ фӕндаг уа гом. Фӕнды мӕ, фехъусын уыцы хъӕлӕстӕ ӕмӕ ӕппӕт дӕр саразын, цӕмӕй нӕ сабитӕ архайой сӕ мадӕлон ӕвзагыл ӕмӕ ӕргом кӕной сӕ курдиӕттӕ", — дзуры уый.

Йӕ рӕстӕджы Цыбырты Мадинӕ бакуыста штатон ранывӕзтыл, хӕрдзты сметӕйыл — уыдӕттӕм хицауады дзырд дӕттой ӕркӕсын, фӕлӕ нырма хъуыддаг уыдоны онг не рцыд. Уый фӕстӕ йын банхъардтой сӕрмагонд амалиуӕггӕнӕг суӕвын — ома афтӕ ӕнцондӕр уыдзӕн кусӕн ӕмӕ финанстӕ райсын журнал уадзынӕн. Фӕлӕ уый фӕстӕ дӕр ницы аивта. Афтӕмӕй та цӕмӕй азы мидӕг цӕуа цыппар номыры, уый тыххӕй хъӕуы 800 минмӕ ӕввахс сомы.

"Сывӕллӕтты дуне ахӕм алӕмӕттаг у, ӕмӕ йӕ арӕх хистӕр кары адӕм нӕ фембарынц. Хаттӕй-хатт ахӕм ӕнахуыр фарстатӕ раттынц, ӕмӕ мӕхӕдӕг дӕр дисы бахауын, кӕд сывӕллӕттимӕ бирӕ рӕстӕг кусын, уӕддӕр. Иуӕй-иу хатт ахӕм фарстытӕ, фӕлӕ дзуаппытимӕ, мыхуыр ӕрцӕуынц журналы фӕрстыл. Мӕхӕдӕг ма тӕлмац кӕнын сывӕллӕтты энциклопедийӕ скъуыддзӕгтӕ", — дзуры уый.

Рауадзӕг дзуры, уый ахӕм адӕймаг кӕй нӕу ӕмӕ йӕ къухтӕ чи ауадза, ӕмӕ йын кӕд нӕ бантыса спонсортӕ ссарын, науӕд та паддзахадон ӕххуыс райсын, уӕддӕр адарддӕр кӕндзӕн журнал йӕхи тыхтӕй уадзын. Кӕд уый уа ӕрмӕстдӕр иу номыр азы мидӕг, уӕддӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0