Дзæуджыхъæумæ дæ нæ хъæуы?

© Sputnik / Алексей КовалевАвтовокзал
Автовокзал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Таксисты æхсæнадæмон бон Sputnik уацхæссæг бацыд Цхинвалы горæты автовокзалмæ, кæцæй таксисттæ ласынц пассажирты Дзæуджыхъæумæ

ЦХИНВАЛ, 22 мар — Sputnik, Босыкты Наталья. Æрвылбон Хуссар Ирыстоны сæдæгай цæрджытæ цæуынц Дзæуджыхъæумæ. Сæ фылдæр афӕндараст вӕййынц хъуыддаджы фæдыл, чидæртæ Цæгат Ирмæ цæуы сæ фæллад суадзынмæ, æмбæлынц науæд та фæндараст кæнынц сæ хæстæджыты дард фæндагыл. Исынц алыгъуызон бæрæггæххæттытæ. Сæ фылдæр пайда кæнынц таксистты лæггæдтæй, кæцытæ кусынц Дзæуджыхъæумæ ӕмӕ фӕстӕмӕ.

Таксист - Sputnik Хуссар Ирыстон
Таксисттæ – куыд сæ уынæм, афтæ

Такситы лæууæндон ис Цхинвалы Вокзалгæрон фæзуаты, шофыртæ райсом фондз сахатæй фæстæмæ райдайынц агурын пассажирты, стæм цæуæг аирвæзы фарст:"Дзæуджыхъæумæ нæ цæуыс?"-æй. Пассажир "сæ къухтæм куы бафты", уæд та йемæ архайынц, куыд уаргъимæ, ратон-батон æй райдайынц, науæд та йæ "фырхæларзæрдæйæ слæвар кæнынц" коллегæтæн.

Шофыртæ дзурынц, се ′хсæн солидарондзинад кæй нæй, кæд æмæ хылы онг хъуыддаг не ′рцæуы, уæддæр. "кæрæдзийæн та хъуамæ цыт кæнын сахуыр уæм". 

Вæййынц ахæм бонтæ дæр æмæ таксисттæ бынтондæр æнæ клиенттæй баззайынц, уый фæстиуæгæн та æнæ ‘хцайæ.

"Вæййы афтæ æмæ æнæхъæн бон клиентыл нæ фæхæст вæййæм. Дзæуджыхъæумæ кæмæн бантыст ацæуын æмæ фæстæмæ æрæздæхын, уыцы таксист та ногæй "ахсы" клиентты, æгуыстæй чи баззад, уыдон æнæ куыстæй фæуадзынмæ хъавгæйæ. Ахæм хъуыддаг алыхатдæр мæстаг вæййы, хорз уаид, исчи дзы уаг куы æрæвæрид, цæмæй кусæм графикмæ гæсгæ", — катай кæны таксисттæй иу, æрыгон цхинвайлаг.

Ӕвзонг фӕлтӕр, йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, бирӕ ӕгъдауджындӕр сты хистӕр кары шофыртӕм абаргӕйӕ. Уый катайы ӕппары йӕ коллегӕтӕй бирӕты уагахаст, кӕцытӕн сӕ пассажиртӕм ӕмбӕлгӕ ахаст нӕ равдисынц.

Цӕгат Ирыстонмӕ балц пассажирӕн слӕууы 500 сомы, цӕмӕ ӕнӕхъӕн машинӕ акӕнай, уый тыххӕй та хъуамӕ дӕ дзыппӕй ацух кӕный 2 мин сомы.

Таксистты лæууæндон Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Налбандов Лев: таксистæн хъуамæ уа æнувыд ахаст бӕлццӕттӕм

Иууыл тынгдӕр зынвадӕттӕ пассажиртӕн, сӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕвзарын кӕны йедзаг машинӕ, таксисттӕ тырнынц куыд фалдӕр бӕлццӕтты сбадын кӕнын, науӕд дам нӕ цӕуыны аргъ нӕ исӕм.

"Чысыл машинӕты фӕстейӕ ӕртӕйӕ бадын тынг зын у. Фӕндаг у даргъ ӕмӕ зынвадат, ӕртӕ сахат ӕндыгъдӕй бадын та тынг ӕхсызгон никӕмӕн вӕййы", — дзуры бынӕттон цӕрӕг.

Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, фӕлтау ма уыцы "уӕлдай сӕдӕ сомы бафиддзӕн", цӕмӕй ӕнцойвадатӕй фӕхӕццӕ уа йӕ бынатмӕ. Таксисттӕ сразы вӕййынц уыцы домӕнимӕ, фӕлӕ пассажиртӕн сӕ фылдӕрмӕ балцӕн 500 сомы дӕр ӕгӕр бирӕ кӕсы, уӕлдайджытнӕй бафидыныл та дзырд дӕр нӕ цӕуы.

Таксисттӕ ӕмӕ бӕлццӕтты проблемӕ скъуыддзаг никуыд цӕуы, уымӕн ӕмӕ сӕ иутӕ дӕр ӕмӕ аннӕтӕ дӕр зивӕг кӕнынц ивындзинӕды инициативӕтӕ раразмӕ кӕнынмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0