Къуыдайраг виски

© Sputnik / Фатима ПлиеваКвайса
Квайса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бынæттон виски рæсугъд авджы у кадджын лæвар, Цхинвалы хуыздæр кафеты та дзы сбуц кæны æрбауайджыты

ЦХИНВАЛ, 2 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Къуаисайы цæрæг Гæджиты Тенгиз ныр æртæ азы дӕргъы архайы Хуссар Ирыстоны æнæкъæм виски саразыныл. Уый чысылгай партитӕй уадзы виски "Квайса золотая". Къуыдаргомы, Кировы хъæуы Джоджорайы доны был сарæзта йæ чысыл рауагъдад, фӕкаст сæрмагонд литература æмæ бæллы æрбиноныг кæнын виски нуазыны культурӕ Хуссар Иры.

© Sputnik / Фатима ПлиеваГæджиты Тенгиз йӕ цехы
Квайса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гæджиты Тенгиз йӕ цехы

Бирæ фыдæбæтты фæстæ Тенгиз сахуыр кодта арахъхъ уадзыны æппæт сусæгдзинæдтæ æмæ йæ рауадзæгæ продукцийы æууæлтæ.

"Виски литргай нуазгæйæ нæу. Стæй фыднозт чи кæны, уымæн дæр нæу. Алы ног парти дæр архайын ноджы фæхуыздæр кæнын. Фæстаг рауагъдæй ахастон ӕмӕ йын сарӕзтон лабораторон иртӕст, йæ скоды зианхæссæгæй ницы разынд. Мæ виски адæймаджы организм исы 100%. Ахæм æууæлтæ ма ис æрмæстдæр сыгъдæг сæнæн. Стæй дзы лæг уæззау расыг нæ кæны, йæ расыг та фæлидзы 2-3 сахатмæ æнæ фæсиуæгæй æмæ уæззау тæфæй", — радзырдта ирон вискийы аразӕг.

Тенгиз йæ нозтуадзӕн цех сарæзта йæхæдæг, йæ ифонгадæй бирæтæ рацарæзта ӕндæр нысанмæ здæхт мигæнæнæй. Уый стыр гуырахсты рауагъдадмæ нæ тырны æмæ уымæ гæсгæ йæ рецепттæ дæр нæ сусæг кæны. Йæ сæйраг нысаныл нымайы идеалон вискийы рецепт æрымысын. Сахуыр кодта, суанг Шотландийы куыд арæзтой виски уый амæлттæ дæр, фæлæ йын се ‘ппæт сфæлхатт кæнын нырма нæ бантыст.

"Шотланди виски уадзыны дужы мæгуыр бæстæ кæй уыд, уымæ гæсгæ —иу Францæй æлæхдтой сæны зæронд тулдзын боцкъатæ, кæцытæ фондз азы фæстæ нымадтой æнæбæзгæйыл. Ахӕм боцкъа вискийӕн дæтта уæлæмхас ад. Ӕз дæр ацы хъуыддаг бафæлвӕрдтон, фæлæ махмæ сæныл кæнынц сæкæр, уый та цæхгæр ивы мигæнæны гъæд ӕмӕ вискийы ад", — ӕрдзырдта йæ фæлварæнтыл Тенгиз.

© Sputnik . Фатима ПлиеваГæджиты Тенгизы цех
Квайса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гæджиты Тенгизы цех

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, виски "Квайса золотая" райгуыры Знауыраг мæнæу, бынæттон дон æмæ тулдз боцкъа, æртæ хатты уагъд нозт æмæ мæйы фыдæбонæй. Уымæн фæзынд йæхи табугæнджытæ куыд Хуссары, афтæ Цæгат Иры дæр. Рæсугъд къоппыты вискийæ уыдон кæнынц лæвæрттæ, Цхинвалы хуыздæр кафетӕй иу "Vincenzo"-йы æндæр элитон нозтыты æмрæнхъ та дзы сбуц кæнынц сæ æрбауайджыты.

Присаг сæндуцæг: Хуссар Ирыстон у идеалон бынат сæнуадзынæн

"Ӕз стыр бизнес æмæ уæрæх рауагъдадмæ нæ хъавын, мæ нысан у йæ гъæд ын хуыздæрæй хуыздæр кæнон. Чи сӕ зоны, уый сæ хæссы, суанг фæсарæнтæй дæр. Мæ виски та бонæй-бонмӕ хуыздæрæй хуыздæр кæны", — дзуры лæг.

"Квайса золотая" — йæн йæ литр лæууы æртæсæдæ сомы, сæрмагонд авджы йæ аргъ зынгæ фæфылдæр вæййы.

Чысыл амалиуæггæнæг йæ хæсыл нымайы æвзæргъæд нозт æмæ "нанайы цæссыгæй" рацахуыр кæнын адæмы.

"Цард размæ цæуы æмæ йæм хъуамæ æмдзу кæнæм. Хиуагъд арахъхъ аннæтæм абаргæйæ у хуыздæр, фæлæ уый дæр бытон æнæаипп нæу. Фыццаг дзы цы рацæуы, уый у хъæстæ. Ам та йын йæ фыццаг агуывзæ иууыл хуыздæрыл нымайынц, уый та ацетонæй хъавджы нæу", — аразы хатдзæгтæ вискиаразæг.

Гæджиты Тенгизæн йæ рауагъдады ныр дæр куыст нæ нымæг кæны. Йæ амалиуæгады йæхæдæг у иунæг кусæг — ацы бæрнон куыст никæуыл æууæнды. Арӕхстджын лæгæн йæ "æрмадзы" æппæт дæр у йæхи къухæй рацæугæ. 27 температурæйы зайын кæны мæнæу, уый фæстæ йæ рассы чысыл куыройы. Æмрæстæджы æнхъизынц уадзинæгтæ, уым та дары ноджы бæрзонддæр хъæрмад.

© Sputnik / Фатима ПлиеваГæджиты Тенгизы цех
Квайса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гæджиты Тенгизы цех

Цалдæр боны фæстæ та рауадздзæн вискийы ног парти. Тенгиз йæ рауагъдадæн нæдæр кредит домы, нæдæр æххуыс, уый бузныг у, кæй йæ нæ хъыг дарынц, уымæй дæр.

"Адæм куыстæй рацахуыр сты. Мæ рауагъдадыл фыдæбон кæнын иунæгæй, домгæ дæр никæймæй ницы кæнын, хъыгдаргæ мæ нæ кæнынц æмæ уымæй дӕр бузынг дæн ", — радзырдта вискийы дæсны.

© Sputnik / Фатима ПлиеваКвайса
Квайса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Квайса

Куыст цардæн фæрæз — ацы уадзæндзырд у Тенгизы царды сæйраг принцип. Уый бирæ ӕндӕр бӕстӕты, горӕтты рацард, фæлæ йæ райгуырæн бæстæмæ йæ зæрдæ хаста алкæддæр. Фӕстӕмӕ ӕрыздӕхт Къуыдаргоммӕ, ныр йӕ райгуырæн хъæу Стыр Мæсгуыты аразы йæхицæн хæдзар.

Виски аразынӕй дарддӕр ма йын ис бирӕ ӕндӕр интерестӕ дӕр. Уыдис ма йын хуыты фермӕ, фӕлӕ йын сӕ ныццагъта низ. 70 хуыйы рын куы фесæфта, уæд хуыдардыл йæ къух систа. Ныр та сахуыр кодта хъæдырмæджы æмæ дуртæй спайда кæнын фадæттæ.

"Цæмæннæ хъуамæ уа доны курой, хырх, дуркæрдæн. Къуыдаргом хъæзныг у сырх дурæй. Хъæдтæй ис спайда кæнын æрдзæн æнæзианхæсгæйæ. Ӕнæ тыхджын хъæууон хæдзарадæй та Ирыстоны цард не скæндзыстæм. Ирон цыхтæн йæ кой дунейыл хъуыстгонд у, фæлæ уый рауагъдад дæр æндæр, бӕрзонддӕр æмвæзадмæ гæнæн ис ракæнын…", — бирӕ фӕндтӕ ис Тенгизмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0