Тренеры хуызист: Дзигойты Ацæмæз бокс æмæ йæ 50 хъомылгæнинаджы тыххæй

© Sputnik / Наталья АйриянБоксы тренер Дзигойты Ацæмæз
Боксы тренер Дзигойты Ацæмæз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Боксер æмæ тренер Дзигойты Ацæмæз ӕрæджы цæгаткавказаг ерыстæй æрхаста Кубок, куыд иууыл цæттæдæр командæйы къухдариуæггæнæг, афтæ. Уый радзырдта Sputnik йæ 50 хъомылгæнинаджы - æдзух уæлахиздзауты æмæ Хуссар Иры боксы фидæны тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 5 июн — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны боксы скъолайы æнтыстджындæр тренертæй иу, Уæрæсейы спорты мастер Дзигойты Ацæмæз йæ царды 14 азы схæлар кодта боксæн. Уыдонæн се ‘мбис спорты архайдта йæхæдæг, аннæтӕ та схӕлар кодта сабитимæ куыстæн. Райста спорты мастеры ном, ныр та сæрырстыр у йæ æнæсæтгæ хъомлыгæнинæгтæй.

Ацæмæз боксы рог уæзы архайгæйæ рамбылдта бирæнымæц æхсæнадæмон турниртæ, йе ‘нтыстмæ йæ кодтой æхсæз тренерæй, райста спорты мастеры ном. Фæлæ йӕ спортивон карьерæ йæ тæмæны ныууагъта æмæ рахызт фæсрингон куыстмæ. Ныридæгæн йæ куыст дарддæр кæны тренерæй боксы скъолайы.

© Sputnik / Наталья АйриянБоксы тренер Дзигойты Ацæмæз
Тренер по боксу Ацамаз Дзигоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Боксы тренер Дзигойты Ацæмæз

Лӕппуйы боксмӕ сразæнгард кодта йе ‘фсымæры дæнцæг. Тренировкæтæ райдыдта Хуссар Иры зындгонд тренертæ — Хаситы Владислав æмæ Кокойты Мураты къухдариуæгады бын. Фыццаг ӕй цæттæ кодта цыбыр рæстæг, Владислав Цхинвалы йæ куыст куы балхынцъ кодта æмæ куы афæндараст ис Мæскуымæ, уæд перспективон чысыл боксеры бакодта Уæрæсейы спорты мастер, Хуссар Иры боксы скъолайы ныры директор Кокойты Муратмæ. Ныр се ʻртӕ дæр сты Хуссар Ирыстоны боксы хуыздæр тренерты нымæцы.

"Фыццаг бацыдтæн Хаситы Владиславмæ. Кафтытæм цыдтæн уый размæ, фæлæ хыл кæнын тынгдæр уарзтон — къæбæда, галиу сывæллонæй хъомыл кодтон. Мæ мад уыд боксы ныхмæ, фæлæ-иу ӕй ӕз афарстон: "исчи мæ куы нæма, уæд æз та йæ разы кафгæ кæндзынæн? Уый адыл дыууӕ нал загъта", — радзырдта тренер.

Спортсмены фыццаг æнтыстытӕ æрхаудтой Кокойты Муратимæ куысты рæстæгмæ.

"Хорз ахуыргæнæг æмæ тренер мын ссис Кокойты Мурат бирæ æзты. Уыцы рæстæджы ма мемæ куыстой Гæбæраты Гамлет æмæ дзæнæттаг Цоциты Эрик. Фыццаг хатт афтыдтæн Абхазы æхсæнадæмон ерыстæм, цыппар тохы рамбылдтон, финалы мæм Уæрæсейы чемпион дæр æрхаудта. Ацы уæлахиз мæ сразæнгард кодта дарддæр куыстмæ æмæ уый фæстæ уæлахизтæ сарæх сты", — мысы Ацӕмӕз.

© Sputnik / Наталья АйриянБоксы тренер Дзигойты Ацæмæз
Тренер по боксу Ацамаз Дзигоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Боксы тренер Дзигойты Ацæмæз

2008-2011 азты Дзигойты Ацæмæзы карьерæйы райдыдта питераг период, спортсмен ацыд цæттæ кæнынмæ уырдæм. Лӕппу архайдта бирæнымæц æхсæнадæмон ерысты æмæ гом турнирты, æнтыстджын хатдзæгтæм гæсгæ бацыд скъола "олимпиаг ныфс"-ы скондмæ. Ӕртæ азы дæргъы тренер Сидоренко Игоры цæстдарды бын уый рамбылдта Санкт-Петербурджы фыццагад æмæ бирæнымæц турниртæ.

"Уый фæстæ та фæнд кодтам ацæуын Америкæмæ цæттæ кæнынмæ. Ацы хъуыддагыл архайдта мæ тренер Кокойты Мурат ирон лæппуты æххуысæй, кæцытæ цардысты Америкӕйы. Документтæ аразыны рæстæг æрхаудта фæсивæды ʻхсæн Уæрæсейы чемпионатмæ, ӕмӕ мах дӕр нæ тых радтам уырдæм. Фæлæ чемпионаты нæ рамбылдтон. Уый фæстæ æрыздæхтæн Хуссар Ирмæ æмæ 2011 азы аскъуыддзаг кодтон тренеры куыст райдайын", — дзуры Ацӕмӕз.

Фæссихорты боксы скъолайы секцитæй иу, кæцы уæвынад кæны Цхинвалы 5-ӕм астæуккаг скъолайы спортзалы, тренеры æрбацыдмæ байдзаг вæййы чысыл лæппутæй. Уыдон се ʻппæт дæр нырма аразынц фыццаг къахдзæфтæ.

© Sputnik / Наталья АйриянБоксы тренер Дзигойты Ацæмæз
Тренер по боксу Ацамаз Дзигоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Боксы тренер Дзигойты Ацæмæз

Ацӕмӕзӕн йæхи тренер Кокойты Мурат йæ лæппуйы дæр йæ кӕддӕры хъомылгæнинагыл баууæндыд. Ныр уый ис йæ цæттæдæр ахуырдзауты ʻхсæн. Ацæмæзы ныхæстæм гæсгæ, ӕдзух чи æмбулы, уыдон нымæцы сты Гæджиты Гурам, Кокойты Аслан, Багаты Марат æмæ Тыджыты Василий. Фæстаг рæстæджы кæстæр къордæй хорз бæрæггæнæнтæ æвдисынц Бабаты Станислав æмæ Хаситы Сослан.

"Ныртӕккӕ хуыздæр уавæртæ ис, æз куы цæттæ кодтон, уæды рæстæгæй. Нæ хæс у сывӕллӕтты бацæттæ кæнын æмæ сын хорз бындур радтын. Гæнæн ис, мæхи тренермæ арвитон, хуыздæр бæрæггæнæнтæ чи вдиса, уыдоны. Тырнӕм уыдонæн балцæг радтын стыр боксы дунемæ, уадз æмæ Хуссар Ирæй радон хатт айхъуыса ног нæмттæ", — зæгъы тренер.

Горæты уæллаг хаййæ тренировкæтæм æнæзивæгæй ратындзынц Уалыты Радик дӕр йæ ныййарæгимæ.

"Кæдæм нæ цыд — брейк-данс, националон кæфтытæ, лæнк кæныны секцимæ, фæлæ Гасситы Мурæты ном куы айхъуыст, уæд бынтон схивæнд ис. Йе ‘мбалмæ сусæгæй бахатыд, цæмæй йын йæ къах ныццæва æмæ йæ кафыны секцимæ цæуын мауал хъæуа. Ацæмæзæй тынг æппæлыдысты æмæ йæ уымæ æрбакодтам. Афтæ тынг фæцыд йæ зæрдæмæ æмæ ахуызæн никæцы секцимæ тырны. Нæ зонын, боксер дзы рацæудзæн ӕви нӕ, фæлæ нырма афтæ цингæнгæйæ никуыдæм цыд", — радзырдта чысыл боксеры мад Джиоты Людмила.

© Sputnik / Наталья АйриянБоксы тренер Дзигойты Ацæмæз
Тренер по боксу Ацамаз Дзигоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Боксы тренер Дзигойты Ацæмæз

Ныридæгæн Ацӕмӕз цæттæ кæны дыууæ къорды — фæссихорты уымæ фенхъæлмæ кæсынц боксы скъолайы кæстæр къорд, фæстæдæр та куыст адарддæр вæййы спорты галуан "Олимп"-ы. Æрæджы цæгаткавказаг ерыстæй æрхаста Кубок, куыд иууыл цæттæдæр командæйы къухдариуæггæнæг, афтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0