Плиты Нодар Беслӕны тыххӕй: нӕй гӕнӕн ферох кӕнын ацы трагеди

© Sputnik / Анна Кабисова Уӕрӕсейы сгуыхт артист, Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны адӕмон артист Плиты Нодар
Уӕрӕсейы сгуыхт артист, Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны адӕмон артист Плиты Нодар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Беслӕны фесты траурон мадзӕлттӕ фыццӕгӕм скъолайы теракты цыппӕрдӕсӕм афӕдзы боны мысӕнӕн, кӕцыйы фӕстиуӕгӕн фӕмард сты 334 адӕймаджы

Уӕрӕсейы сгуыхт артист, Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны адӕмон артист Плиты Нодар радзырдта Sputnik корреспондент Къӕбысты Аннайӕн, куыд ахсджиаг у хос кӕнын сывӕллӕттӕн аивадӕй.

Сырдтӕ дӕр афтӕ нӕ кӕнынц

Ацы цау ӕрмӕст ирон адӕмы трагеди нӕу, фӕлӕ ма ӕнӕхъӕн дунейы дӕр. Ӕнӕхъӕн дуне зоны Беслӕны трагедийы тыххӕй. Афтӕ никуы уыд, цӕмӕй ӕцӕг нӕлгоймаг сараза ахӕм цыдӕртӕ сывӕллӕттимӕ. Сырдтӕ дӕр афтӕ нӕ кӕнынц. Мах хъуамӕ нӕ тыхтӕ радтӕм, цӕмӕй ахӕм хабар макуыуал ӕрцӕуа.

© Sputnik / Анна КабисовБеслӕн
Годовщина Бесланской трагедии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Беслӕн

Алы аз дӕр мах ӕрбацӕуӕм ардӕм – кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый зын у махӕн дӕр ӕмӕ сывӕллӕтты ныййарджытӕн дӕр….

Аивад хос кӕны алцӕмӕн дӕр

Аивад алцӕмӕн дӕр хос кӕны, ацы хабар чи сарызта, уыдон дӕр фӕсмон кӕнынц аивады фӕрцы сӕ фыдракӕндыл…

© Sputnik / Анна КабисоваБеслӕн
Годовщина Бесланской трагедии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Беслӕн

Ахуыр кӕнын хъуыды кӕнын, ахуыр кӕнын рох кӕнын

Ӕз дӕн аивады адӕймаг ӕмӕ сӕрыстыр дӕн сывӕллӕттӕ ӕмӕ фӕсивӕдимӕ кусын ацы горӕты. Ӕз райдыдтон кусын сывӕллӕттимӕ Беслӕны фарон – тынг бирӕ сты, ӕртӕ сменӕйы мӕнмӕ ӕрбацӕуынц бирӕ курдиатджын ӕмӕ рӕсугъд сывӕллӕттӕ. Ӕз сӕ ӕрмӕст кафын нӕ ахуыр кӕнын, фӕлӕ ма мын мӕхи мӕ ныййарджытӕ ӕмӕ фыдӕлтӕ цы сахуыр кодтой, уый дӕр.

© Sputnik / Анна КабисоваБеслӕн
Годовщина Бесланской трагедии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Беслӕн

Ӕз зонын, чи дӕн ӕз, чи сты мӕ фыдӕлтӕ, чи уыдысты, алантӕ, скифтӕ, сӕрмӕттӕ ӕмӕ чи стӕм мах ныры рӕстӕджы. Иумӕ мах мысӕм ацы ӕвирхъау трагеди, фӕлӕ ма сӕ ахуыр кӕнын йӕ ферох кӕнын дӕр… Сымах федтат, цалдӕр минуты размӕ куыд атахтысты уӕлӕрвтӕм уӕлдӕфон тымбылджытӕ – уыдон сты амӕттӕгты удтӕ…

Ног хабӕртты лентӕ
0