Иууылдæр амæлдзысты: Знауыры районы абухы африкæйаг емынæ

© Sputnik / Константин Чалабов /  Ахизын медиабанкмæЕмынæ
Емынæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Районы цалдæр хъæуы амард 120 хуыйы, тасы зонæйы ис минæй фылдæр хæдзарон фосы, ветеринарон службæтæ та фæдзæхсынц, рын кæм апарахат, уым иу хуы дæр кæй нал аирвæздзæн

ЦХИНВАЛ, 28 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы абухы африкæйаг емынæ. Рын дыууæ мæймæ ныццагъта цалдæр хъæуы 120 хуыйы. Районы ветеринарон дохтыртæ сидынц, низ цы районты апарахат ис, уым хуыйы мыггаг ныццæгъдынмæ, ома низæй чи нæма фæрынчын, уыдон аргæвдын. Сæ хъусинагмæ гæсгæ, низ цы хъæуты апарахт ис, уым æппæт хуытæ дæр амæлдзысты.

"Африкæйаг емынæйæ мæлы æрмæстдæр хуытæ. Терегуаны хъæууон администрацимæ цы хъæутæ хауы, уыдонæй се 'ппæты дæр фæзынд низ — Терегуан, Дзагъина, Рындзыхъæу(Ожора) æмæ Сиукъаты(Гъаристау) хъæуты. Ныр дыууæ мæйы тох кæнæм рыны фæстиуджытимæ. Инструкцимæ гæсгæ, хуыты мæрдтæ ныгæд цæуынц арф, ацы районæй хуыйы фыд ласæн нæй", — загъта Sputnik районы сæйраг ветеринарон дохтыр Хъотайты Ӕхсар.

Районы ветеринарон службæтæ сидынц, низ цы ран нæма фæзынд, уым цæмæй хуыты дарой æнæ æддæмæ уадзгæйæ.

Дорожный знак Знаурский район - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры бакодтой карантин фосы низы тыххæй

"Ӕрзылдыстæм хъæууон хæдзарады министрады минæвæрттимæ, фæдзæхсæм адæмы, цæмæй сæ хуытæ æддæмæ ма уадзой. Низы ныхмæ вакцинæ нæй, ныридæгæн вирус кæны мутаци æмæ йыл вакцина нæ тых кæны", — бафтыдта ветеринар.

Африкæйаг емынæ Хуссар Иры фæстаг æзты апарахат ис цалдæр хатты. 2011-2012 æзты ацы низæй ныццагъдысты хуытæ республикæйы цалдæр районы, уæд хицауад самал кодта компенсацитæ зианбаййафæг бинонтæн – хуыты ныхмæ лæвæрд цыдысты фыстæ. Фæлæ фæстæдæр куыд рабæрæг ис, афтæмæй уый разынд арсы лæггад – фыстæ дæр разындысты рынчын (бруцеллезæй). Уый фæстæ ма рын апарахат ис 2016 азы дæр, фæлæ уæд зианбаййафæг бинонтæм рынчын фыстæ дæр нал æрхауд.

"Дыууæ дзæргъ дарын, дыууæтæн дæр ис хъыбылтæ. Мæхицæн дзы цал хъуамæ аргæвдон. Горæтмæ сын уæймæ раласæн нæй. Ныр стæм тасы, махмæ дæр куы æрхæццæ уа, уæд нæ фыдæбон æнæхъуаджы кæны", — дзуры Хъорнисы цæрæг.

Районы сæйраг ветеринарон дохтыр бафиппайдта, ныридæгæн æппæт дæр арæзт кæй цæуы, цæмæй рын цы хъæуты фæзынд, уыдон арæнтæй ма ахиза.

"Ӕртæ раны сæвæрдтам дезбарьертæ — иу Аунеуы, фæйнæ ма Зиулеты æмæ Балтайы ʻрдæм фæндæгтыл, цæмæй низ ма апарахат уа. Алыбон дæр сæ ныппырх кæнæм", — банысан кодта уый.

Африкæйаг емынæ цы бынæтты фæзына, уым хуытæ дарæн нал ис фондз азы дæргъы — уый бæрц цæры вирус.

Ног хабӕртты лентӕ
0