Куыд мӕ фӕивтой хӕхтӕ

© Sputnik / Азамат КулумбеговДыгургом
Дыгургом - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уазал фӕззыгон бон фыццаг хатт федтон дунейы рӕсугъддӕр хӕхтӕ - уыцы зӕдбадӕн бынат уыдис Дыгур.

Ӕз райгуырдтӕн хохы, йӕ удӕй-иу арт
Кӕм цагъта мӕ фыдӕл мӕгуырӕй:
Йӕ къӕбӕр — цӕххимӕ, йӕ суг та — сӕнар,
Сӕгъдзармӕй фыдӕмпъызт — йӕ куырӕт.
(Хаджеты Таймураз)

Хъуылымбегты Азӕмӕт

Раздӕр мӕ уарзондӕр ӕрдзон фӕзынд уыд хъӕд, афтӕ мӕм каст, ӕмӕ уымӕй рӕсугъддӕр бынатӕн рымысӕн нӕй. Фӕлӕ куы ныццыдтӕн фыццаг хатт Дыгургоммӕ, уӕд мӕ зӕрдӕ фӕцӕй лӕууыд уыцы ӕнусон хӕхты уындӕй. Уарзт нӕ зыдтон цы у, фӕлӕ мын бауарзын кодтой сӕхи урссӕр дурӕй конд уӕйгуытӕ.

Фыццаг тӕлмӕнтӕ

Дыгурмӕ балцы ныццыдтӕн историкон факультеты студенттимӕ, немӕ уыд нӕ ахуыргӕнӕг Тадтаты Таймураз. Ӕрбынат ӕмӕ бахсӕвиуат кодтам. Райсомӕй нӕм ӕрбацыд фыдӕлты Ӕгъдауыл хӕст лӕг Хохты Ӕхсар. Акодта нӕ Задалескы хъӕумӕ, фӕндагыл нын равдыста зӕппадз.

"Ам ӕвӕрд ис ирон адӕмы хъӕбатыр, сгуыхт Нарты Сослан", — загъта Ӕхсар.

Фыццаг фӕдызӕрдыг дӕн, фӕлӕ куы бакастӕн, уӕд мӕ цалдӕр уысммӕ бауырныдта — зӕппадзмӕ бакӕсгӕйӕ цыма Нарты дуджы комулӕфт фӕхатыдтон, уыйау фӕдӕн.

© Sputnik / Азамат КулумбеговДыгургом
Горная Дигория - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дыгургом

Дарддӕр ныххӕццӕ стӕм Задалескы хъӕумӕ, уым схызтызтӕм стыр хохмӕ. Алкӕмӕй раздӕр хохы бӕрзӕндмӕ схызтӕн ӕз ӕмӕ дисы ныххаудтӕн ма разы февзӕрӕг нывӕй — фыццаг цы федтон, уый уыд лӕгӕт. Куы бахызтӕн лӕгӕтмӕ мидӕмӕ, уӕд федтон саджы сыкъатӕ царыл, къултыл уыдис галты ӕмӕ сӕгъты сӕрыстджытӕ.

Куырыхон Ӕхсары ныхӕстӕм гӕсгӕ, хъӕубӕсты лӕппу куы райгуыры, уӕд скӕнынц уырдӕм кусӕрттаг ӕмӕ йӕ скӕсӕны рдӕм аргӕвдынц. Уыцы рӕстӕджы кусӕрттаджы туг зӕхмӕ ма хъуамӕ ркӕла — ӕртымбыл ӕй кӕнынц агуывзӕйы ӕмӕ йӕ кувӕндонмӕ бахӕссынц. Уыцы кувӕндон хуыйны "Дигори изад" — Уастырджымӕ кувӕны бынат. Мах дӕр дзы скуывтам, Лӕгты Дзуары сыгъдӕг номыл нӕхи бафӕдзӕхстам.

© Sputnik / Азамат КулумбеговДыгургом
Горная Дигория - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дыгургом

Фӕстӕмӕ уырдыгмӕ куы ‘рхызтыстӕм, уӕд уым фембӕлдтӕн бынӕттон цӕрӕгимӕ, цыдис ыл 89 азы, фӕлӕ ахӕм цӕрдӕг ӕмӕ ӕвзонгхуыз лӕг никуы ма федтон. Уый нын радзырдта цымыдисон таурӕгътӕ Задалескаг Нанайы тыххӕй.

Задалескаг Нана — аланты мад

Задалескы Нанайы ном хъуыстгонд у ӕппӕт Ирыстоны. Фыдӕлты таурӕгъмӕ гӕсгӕ, XIV æнусы къуылых Тимур куы бабырста аланты зӕхмӕ, уæд тæссаг уыд, аланты мыггаг куы фесæфа, уымæй. Æмæ цæмæй уыцы кӕуинаг хъуыддаг ма рцæуа, уый тыххæй сылгоймаг æрзылд аланты бæстыл, æрӕмбырд кодта сидзæр сывæллæтты, акодта сæ дард ранмæ æмæ æрцард Задалескы цур лæгæты, афтæмæй сæ схъомыл кодта, нӕ бауагъта скуынӕг кӕнын нӕ фыдӕлты.

Задалески Нана, проект памятника - Sputnik Хуссар Ирыстон
Адӕмон хъайтар Задалескы Нанайы цырты проект равзардзысты ӕппӕт адӕм

Уый фӕрцы абон дуне зоны аланты фӕдонтӕ — ирон адӕмы тыххӕй, Задалескы Нанайы ном та ссис сомыгæнæн. Сылгоймæгтæ йæм фæкувынц æмæ дзы курынц сæ бинонты бахъахъхъæнын, кæстæртæм цæст дарын, цот раттын. Сылгоймӕгтӕй дарддӕр ӕм кувынц лӕгтӕ дӕр. Фынгыл ын ӕнӕмӕнгӕй ссарынц йӕ ном куывды рӕстӕджы, бафӕдзӕхсынц ын сӕ хъӕбулты.

Нанайӕн Задалескы ӕрӕджы сарӕзтой музей, ныр цӕрджытӕ уырдӕм цӕуынц йӕ номарӕн боны сӕ сывӕллӕтты фӕдзӕхсынмӕ.

Дыгуры ма мын ӕнусон хӕхтӕй дарддӕр сӕхи бауарзын кодтой бынӕттон цӕрджытӕ. Уыдон куыд хӕлар, хъармзӕрдӕ адӕм сты, афтӕ ма никуы федтон. Уӕдӕй нырмӕ ӕнцой нал зонын, мӕ зӕрдӕ мӕ куры ныууадзын Цхинвалы мӕ хабӕрттӕ ӕмӕ ацӕуын уырдӕм цӕрынмӕ.

Фыдӕлты цард мах бонты

Балцы фӕстаг бон ацыдыстӕм Галиаты хъӕумӕ. Куы бахӕццӕ стӕм ӕмӕ мӕ цӕстыты раз зӕронд мӕсгуытӕ куы слӕууыдысты, уӕд мӕхи фенхъӕлдтон ӕртындӕсӕм ӕнусы. Дӕллаг хӕдзары цардис зындгонд цуанон лӕг Калойты Георгий. Йӕ хӕдзар дзаг у ӕрсытӕ ӕмӕ бирӕгъты цӕрмттӕй. Калойы фырт цӕры иунӕгӕй уыцы хъӕуы.

© Sputnik / Азамат КулумбеговКалайты Георгий
Георгий Калаев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Калайты Георгий
Уый у ӕцӕг ирон лӕджы сурӕт. Цӕры фыдӕлты намысмӕ ӕмӕ Ирон Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ.

"Цы хӕцӕнгарзӕй пайда кӕныс цуаны рӕстӕджы?", — афарстон ӕй ӕз.

Мӕ фарстыл мын йӕ мидбылты бахудт, хӕдзармӕ бахызт ӕмӕ мӕм рахаста фат ӕмӕ ӕрдын.

© Sputnik / Азамат КулумбеговДыгургом, Галиат
Горная Дигория - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дыгургом, Галиат
Нӕлгоймаджы сныхас — сабыр ӕмӕ уӕзбын. Георгиимӕ куы аныхас кодтон, уӕд мӕ дунемӕбакаст цӕхгӕр цымӕ фӕивта, ӕмӕ фӕивта хуыздӕры ‘рдӕм. Афтӕ мӕм кӕсы, цыма уыцы фембӕлды фӕстӕ бынтон ӕндӕр адӕймаг дӕн.

Цы бон ӕрцыдтӕн хӕдзармӕ, уымӕй фӕстӕмӕ мӕм фынты дӕр дзурынц урсзачъе хӕхтӕ. Бӕллын уыцы бонмӕ, цӕмӕй сӕм фӕстӕмӕ ацӕуон ӕмӕ та мӕ мондӕгтӕ сисон ӕнусон хӕхтӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0