Уацхӕссӕг, дзабырхуыйæг ӕмӕ музыкант: Хуыбиаты Никъалайы æртывæр цард

© Sputnik / Дриаты Лейла Уацхæссæг, дзабырхуыйæг æмæ музыкант Хуыбиаты Никъала
Уацхæссæг, дзабырхуыйæг æмæ музыкант Хуыбиаты Никъала - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуыбиаты Никъалайӕн зын у ӕрмӕст иу профессийы фæлгæтты архайын. Йӕ гоймагдзинады бирӕвӕрсыгдзинад ын бар дӕтты цалдӕр хъуыддаг нывыл ӕххӕст кӕнын

Дриаты Лейла

Алы адæймагæн дæр ис нысан йæ царды. Йæ райгуырдæй фæстæмæ сывæллонæн ныййарæг мад бауарзын кæны Райгуырæн зæхх, йæ радтæг адæмы. Æмæ уыцы амындимæ райдайы фыццаг къахдзæфтæ кæнын царды фæндагыл. Тынг дæрзæг, уæззау æмæ даргъ у уыцы фæндаг. Æмæ алкæйы хæс дæр у рæстагæй, æнæфæцудгæйæ, йæ сомбоныл хъуыдыгæнгæйæ, йæхицæн йæ адæмы "хсæн рæсугъд, хорз ном скæнын, йæ фæстæ ныууадзын хорз хъуыддæгтæ æмæ фарны фæд.

Лосось и форель: как разводят рыбу в селе Касагджын - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕргъай æмæ валергæсаг: куыд хъомыл кӕнынц Кӕсагджыны хъӕуы кӕсаг

Адæймаг йæхи 'мбарынхъом куы фæвæййы, уæд æй хъæуы ахъуыды кæнын, цы у сæйрагдæр æмæ йыл цы хæстæ ис царды, æппæт уыдæттыл. Уыцы хæстæн та сæ ахсджиагдæр у куыст. Хъуамæ алчи дæр тырна уымæ, цæмæй йын адæмы 'хсæн уа кад, аргъ ын кæной, йæ алыварс чи ис, уыдон. Уый та аразгæ у адæймагæн йæхицæй. Æгъдауджын, цæстуарзон куы уай, адæмимæ хæларæй куы цæрай, царды исты хорздзинад ныууадзынмæ куы тырнай, уæд, зæгъæн ис, дзæгъæлы нæ райгуырдтæ. Хорзы ном хæссыныл бирæ фыдæбон ис. Йæ царды хабæрттæ кæсгæйæ, цæстыты раз ирдæй сысты, хуымæтæг адæмы ʹхсæнæй чи рацыд; цардмæ, адæммæ йæхи сæрмагонд цæстæнгас кæмæн ис, дунейы хъуыддæгтæн æмæ рæстдзинадæн йæхи барæнæй аргъ чи кæны, хорз æмæ æвзæр искæй ныхæстæй чи нæ зоны, ахæм адæймаг.

Фыссæгæн дæр æмæ поэтæн дæр курдиат æрдзæй лæвæрд куы нæ уа, уæд йæ фыдæбæттæ цыфæнды рæсугъд куы уой, фæлæ сæ апп куы нæ уа, уæд сæ æппындæр ницы пайда ис, нæдæр йæхицæн, нæдæр адæмæн. Уыдзысты хуымæтæг, кæрæдзийыл рæсугъд амад рæнхъыты къорд. Фæлæ дæ иугæр æрдз курдиатæй фæхайджын кодта, йæ мидбылты дæм фæлмæн куы бахуда, уæд æй зон, уый хуымæтæджы фæзынд кæй нæ у.

Гӕбӕраты Нелли - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг Нелли Блай - Гӕбӕраты

Фыссæн сис йæ къухмæ чи райсы, уымæн йе сфæлдыстадон уацмыстæ нысанмæздæхтæй амонынц æхсæнадмæ, адæммæ. Хъæуы хиуыл кусын цæрæнбонты дæр. Хъуамæ дæ уд æмæ дæ цард снывонд кæнай адæмæн. Цины дæр æмæ хъыджы дæр уай сæ фарсмæ. Дæ уынд сын уа æхцон, дæ дзырд - зæды дзырд. Æрмæст ацы миниуджытæм тырнын хъæуы…

Æрдз ахæм курдиат кæмæн радта, уыдонæй иу у Къостайыхъæуггаг Хуыбиаты Никъала. Никъала райгуырд Цхинвалы районы Къостайы хъæуы, уым фæци астæуккаг скъола æмæ уый фæстæ бацыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институтмæ. У хайджын бинонты фарнæй. Кусы газет "Хурзæрин"-ы редакцийы, уацхæссæгæй. Рухсмæ хæссы нæ республикæ æмæ Цхинвалы районы цæрджыты тыхстагдæр фарстытæ.

Адæймаг цы дæсныйады фæндагыл ныллæууы, уый хъуамæ хæсса æхцондзинад æмæ пайда æрмæст йæхицæн нæ, фæлæ ма йæ алфæмблайы цы адæм ис, уыдонæн дæр. Адæмы хорзæхæй стырдæр хорзæх та нæй а-зæххыл. Лæгæн йæ авдæнæй йæ ингæнмæ Хуыцау цас рæстæг радта, уыцы æмгъуыд хъуамæ йæ адæмы раз къæмдзæстыг мацæмæй уа. Æнæ сыгъдæгзæрдæ фæллойæ, æнæ намысæй фæцæрæн нæй. Стыр худинаг у æгуыстæй бадын, искæйы мулкмæ кæсын, уынгты дзæгъæл лекка кæнын. Уый у стыр цæлхдур нæ абоны царды размæцыдæн. Хъуамæ алы адæймаг дæр йæ хæс зона: кæй у æхсæнады уæнг, кæй йæ хъæуы фæллой кæнын, йæ дарддæры цард аразын.

 Альберт Габатты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Студсоветы сӕрдар ӕгъдӕуттӕ, ахуыр, интернеты ӕндӕвдад ӕмӕ ӕрдзмӕ аудгӕ ахасты тыххӕй

Иуӕй-иу адӕймагæн зын у йӕхи ӕрмӕст иу профессийы фæлгæтты ӕвӕрын. Йӕ гоймагдзинады бирӕвӕрсыгдзинад ын бар нӕ фæдӕтты ӕрмӕст иу хъуыддаг аразын. Йӕ дыккаг профессийы тыххӕй дӕр Никъала дзуры зӕрдӕрадӕй. Куыд йе 'мкусджытæ, афтæ горӕты цӕрджытӕ се "ппӕт дӕр тырнынц, цӕмӕй сӕ къахдарӕс бацалцӕг кӕнынмӕ бахӕссой æрмæстдæр Никъаламæ, уымӕн ӕмӕ йӕ куыст алыхатт дӕр вӕййы цӕсгомджын ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ. Цыфӕнды куыст дӕр ӕнувыд ӕмӕ намысджынӕй куы кӕнай, уӕд уый ӕнӕхъусдард никуы баззайы.

Никъала ма иттæг хорз цæгъды ирон музыкалон инструменттыл. Музыкæ æппынæдзух ис йæ зæрдæйы.

Цхинвалы фӕстаг уираг

Зарæг адæмы зæрдæ у. Адæмæн сæ миддуне, сæ характер, сæ удыхъæд, сæ сурæт кæй æвдисы, уый мах хорз зонæм. Адæмон музыкæйы сусæг æнкъарæнтæ ирдæй равдисын тынг стыр зонындзинæдтæ æмæ сфæлдыстадон фæлтæрддзинад хъæуы. Уыдонæй Никъала у æххæст æппæтварсонæй дæр.

Уыцы уæздандзинад махæн, ирон адæмæн, æвæццæгæн, нæ фыдæлтæй баззад. Æфсармæй æгъдау цæуы, æгъдауæй та - намыс. Уымæн æмæ æгъдау у царды мидис, æхсæн царды мидис æмæ йæ куыд арфдæр æнкъарай, куыд рæсугъддæр, мидисджындæрæй йæ æххæст кæной, афтæ дæ намыс кæндзæн тыхджындæр. Адæймаг æнусты нæ цæры, æнусты цæрынц йæ кад кæнæ - йæ худинаг. Ном лӕгӕн йӕ кад у, йӕ царды сӕр.

Ноджыдæр фæрнæй кус, Никъала, æмæ дæм бирæ азты стырдæр æнтыстытæ æфтæд. Дæ сыгъзæрин къухтæ фæрнæй фæдар.

Ног хабӕртты лентӕ
0