Кадджын сылгоймаг, хорз фӕндырдзӕгъдӕг, хӕрзгӕнӕг – хъӕубӕсты фидыц Икъаты Ануси

© Икъаты Анусийы архивæйИкъаты Ануси
Икъаты Ануси - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Икъаты Ануси у Культурæйы сгуыхт кусæг, ис ын бирæ грамотæтæ æмæ бузныджы фыстæджытæ, кæны хæрзаудæн куыст, цайдагъ кæы рæзгæ фæлтæры ирондзинадыл

ЦХИНВАЛ, 16 авг – Sputnik, Дриаты Лейла. Цæмæй цард макуы аскъуыйа, цæуа йе ‘нусон фæндагыл, уый тыххæй сылгоймаг хъуамæ суа хæдзары артдзæст, хъармгæнæг, кæстæрты ныййарæг, хъомылгæнæг, бинонты æнгомгæнæг, фыдæлты æгъдæуттæн табугæнæг æмæ йæ цардæмбалы цæдисон æмбал.

Раст ахæмæй зонынц адæм Цхинвалы районы Дменисы хъæуы цæрæг Икъаты Анусийы. Æмæ йæ зонгæ та кæнынц бирæтæ, уымæн æмæ йæ хорзы кой дардмæ хъуыстгонд у. Æддаг бакастæй куыд аив у, уымæй рæсугъддæр та йæ зæрдæйы сконд у. Йæ фæлмæн ахаст - зæрондмæ уа æви кæстæрмæ - алкæй зæрдæмæ дæр ссары фæндаг.

Алана Икаева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Аланӕйы разгӕмттӕ

"Хæсты дуджы æгъатыр рæстæг алкæй зæрдæйы дæр ныууагъта риссаг фæд. Фæдæрзæгдæр, фæкарздæр стæм. Фæлæ алы адæймаг дæр,  хистæр уа æви кæстæр, хъæздыг æви мæгуыр, ахуыр æви æнæахуыр, уæддæр æдзух хъуамæ архайа йæ уды рæсугъддзинад бахъахъхъæныныл. Чи фæцудыдта йæ царды, ууыл та хъæуы бандавын. Тыхст дуджы кæрæдзийæ лидзгæ, кæрæдзимæ æвзидгæйæ нæ вæййы, фæлæ æнгомдæр æрбалæууын хъæуы кæрæдзимæ", - дзуры Икъаты Ануси.

Икъаты Ануси рæйгуырд 1948 азы Цхинвалы районы Дменисы хъæуы, фæрнджын бинонты ‘хсæн. Астæуккаг скъола каст фæци Ксуисы. Уый фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Цхинвалы музыкалон ахуыргæнæндоны. Каст æй фæцис 1974 азы. Æвзонг, рæсугъд чызджы йæхицæн цардæмбалæн равзæрста йæхийау хъæубæсты уарзон лӕппу Лолоты Петр. Амондджын бинонтæ - сыхæгтæн, хæстæджытæн, стæй хъæубæстæн уыдис сæ уд æмæ дзæцц. Тагъд сын фæзынд байзæддаг дæр, дыууæ лæппу æмæ иу чызг.

"Зæххыл иууыл тыхджындæр у нæлгоймаг, æмæ цардæн та йæ райдайæнæй фæстæмæ нæлгоймагæн йæ фарсмæ ис сылгоймаг. Куыд мад, цардæмбал, хо, чызг. Æз дæр архайдтон, цæмæй мæ кадæй кадджын уой, мæ фарсмæ цы нæлгоймæгтæ ис, уыдон", - зæгъы Ануси.

Сывæллæттæ куы бахъомыл сты, уæд Ануси дæр йæхицæн загъта: "Хæдзары змæлын, сывæллæтты хъомыл кæнынæй дарддæр ма мæ бон у æхсæнады царды бирæ цыдæртæ саразын"... Æмæ сæ райдыдта аразын. Дменисы хъæуы цы культурæйы хæдзар уыд, уым райдыдта музыкантæй кусын. Сабиты цайдагъ кодта ирон фæндырыл цъæгъдын.

© Икъаты Анусийы архивæйИкъаты Ануси
Кадджын сылгоймаг, хорз фӕндырдзӕгъдӕг, хӕрзгӕнӕг – хъӕубӕсты  фидыц Икъаты Ануси - Sputnik Хуссар Ирыстон
Икъаты Ануси

Хорз цардæмбал, хорз сывæллæттæ, уарзон куыст, адæмы хорзæх - амондджын æнкъардта йæхи Ануси. Фæлæ царды бирæ ис ныхдуртæ. Æгъатыр разынд хъысмæт уымæ дæр.

Йæ мадызæнæгтæй цыппарыл саутæ кæй скодта, уый фаг нæ фæкаст хъысмæтмæ æмæ та йын æнæрæстæджы байста йæ уарзон æмæ кадджын сæрыхицауы дæр. Аивгъуыдтой йӕ мад ӕмӕ йӕ фыд дӕр.

Фӕлӕ Ануси иу уысм дӕр йӕ къухтӕ нӕ ауагъта. Йæ цардæмбалы амæлæты фæстæ цудын нæ бауагъта йæ хæдзары фарн. Æмæ та йæм цард йæ мидбыл бахудт. Бахъомыл сты йæ сывæллæттæ, алкæй дæр сæ слæууын кодта йæ царды фæндагыл. Хистæртæ - Азæмæт æмæ Аллæ райстой экономисты дæсныйад, кæстæр - Петя та у юрист.

Ӕрмдӕсны ӕмӕ журналист Гæззаты Иван - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гæззаты Иван - ӕрмдӕсны ӕмӕ сабиты фыссӕг

Анусийæн иттæг хорз уавæртæ уыд, цæмæй цардаид Цæгат Ирыстоны йæ хъæбултимæ, фæлæ уый йæ амонд æмæ æнцойад уыдта йæ хъæубæстимæ. Йæхи цæстæй уыдта, хæст ын куыд ныхъуырдта йæ хъæубæсты адæмæй кæйдæрты. Йæ къах никуы авæрдта уæззау азты, хæст цы хъизæмæрттæ хæссы, уыдон æппæт дæр бавзæрста йæхиуыл.

Анусийы æфсымæр Икъаты Русланæн, абон Цæгат Ирыстоны арæзтады министр, йæ лæггæдтæ бирæ сты Дменисы хъæуы цæрджытæн. Фæлæ уымæй къаддæр нæ лæггад кæны уарзон хъæубæстæн Анусийы фырт Лолоты Азæмæт дæр. Дменисы хъæуы хъахъхъæнджытæн 2004-2008 азты уый балхæдта æфсæддон формæ. Нæмгуытæ, æхсæнгарз æмæ хæлцадон продукттæй æххуыс цыд уыцы комы адæмæн се ‘ппæтæн дæр Азæмæты фæрцы.

Абон Ануси цæстуарзонæй кусы канд Дменисы культурæйы хæдзары сæргълæууæгæй нæ, фæлæ ма, Дменисы хъæуы цы сабиты рæвдауæндон конд æрцыд, уым дæр. Сылгоймаг æгæрон райгонд у йæ куыстæй.

"Нæ хореограф Козаты Радионы фæрцы Дменисы хъæуы хæдархайгæ ансамбль "Фидæн" хайад райсы канд районтæ нæ, фæлæ ма республикæйы фæлгæтты уагъдцæуæг фестивальты дæр. Мах æрвылхатт дæр рамбулæм призон бынæттæ. Тынг æвзыгъд сывæллæттæ ис Дменисы хъæуы, уымæ гæсгæ районы культурæйы къухдариуæгад тырны, цæмæй нæ мацы цух уадзой", - зæгъы Ануси.

Ануси ма кæны хæрзаудæн куыст дæр. Æрæджы уый сабиты рæвдауæндонæн бакодта цæстуарзон лæггад. Балхæдта сын хъазæнтæ.

Икъаты Ануси у Культурæйы сгуыхт кусæг, ис ын бирæ грамотæтæ æмæ бузныджы фыстæджытæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0