"Фондз ӕхсӕв Фреддиимӕ": хæдахуыр скульптор Джиоты Александры фæндаг аивадмæ

© Sputnik / Наталья АйриянАлександр Джиоты
Александр Джиоты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Джиоты Александры хæзнадоны ныридæгæн ис æлыгæй конд 34 аниматроникы, лæппу у равдыстты хайадисæг, фæнд кæны йæ фидæн сбæттын аивадимæ æмæ райсын профессионалон ахуырад

ЦХИНВАЛ, 21 авг — Sputnik, Плиты Фатимæ. Историк профессимæ гæсгæ, виртуалон хъазты табугæнæг, хæдахуыр скульптор Джиоты Александр йæ уарзон хъазт "Фондз æхсæв Фреддиимæ"-йы хъайтартæй сарæзта хæзнадон. 34 персонажы цæуынц дыууæ чысыл къопы, фæлæ сын сæ саразыныл ацæуы къуыритæ, мæйтæ.

Скульптор хуынд æрцыд агентад Sputnik Хуссар Ирыстоны офисмæ, цы ран уый радзырдта, фæстаг æзты йæ уды цы монцтæ æрфысым сты, уыдон тыххæй æмæ равдыста полимерон æлыг æмæ телтæй конд фигурæтæ.

"Фондз æхсæв Фреддиимæ"

Аивадмæ фæндаг лæппуйæн райдыдта цалдæр азы размæ, уæд Скотт Коутоны хъазт "Фондз æхсæв Фреддиимæ"-йæ хъазгæйæ, Джиоты лæппуйы бафæндыд ацы хъазты архайджыты фигурæтæ йæхицæн смал кæнынын.

"Алцыдæр райдыдта компьютерон хъазт "Фондз æхсæв Фреддиимæ"- йæ. Фирма "Фанко" дзы рауагъта хъазæнтæ дæр. Цхинвалы ахæм хъазæнтæ сфæрæз кæнын у зын, стæй финанстæй дæр мæ авналæнтæ уадиссаг нæ уыдысты, уымæ гæсгæ сæ фыццаг арæзтон пластилинæй", - дзуры Джиоты Александр.

© Sputnik / Наталья АйриянДжиоты Александр
Фондз ӕхсӕв Фреддиимӕ: хæдахуыр скульптор Джиоты Александры фæндаг аивадмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Джиоты Александр

Рæстæг куыд цыд, афтæ лæппу архайдта йæ аниматроникты æнæаипп скæнын – пластилин раивта полимерон æлыгæй, персонажтæ та ссисты бынтон цæрдæг.

"Фылдæр бæрцæй сæ фыццаг арæзтой æнæзмæлгæйæ. Мæнæн та мæ сæйраг нысан уыд уыдонæн радтын змæлынад. Дзæуджыхъæуы ссардтон полимерон æлыгы дукани. Фигурæты мидæг атъыстон тел, уымæй арæзт цыд йæхирдыгонау фигурæйы стæгдар, уый фæрцы сын радтон змæлынад дæр. Иу хъазæнæй иннæмæ уыдон змæлдысты тынгдæр, æгæрыстæмæй фæстæгтæн сæ æнгуылдзтæ дæр змæлынц", - бафтыдта уый.

© Sputnik / Наталья АйриянПолимерон æлыгæй конд хъазæнтæ
Фондз ӕхсӕв Фреддиимӕ: хæдахуыр скульптор Джиоты Александры фæндаг аивадмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Полимерон æлыгæй конд хъазæнтæ

Александр афтæ бауарзта йæ куыст æмæ-иу æй дыгай бонты ферох басихор кæнын дæр. Цыппæрæм аниматроник аразгæйæ, дзуры лæппу, йæ хъуыддаджы æрцыд революци.

"Цыппæрæм хъазæнæн змæлынц йæ цæстытæ, хъустæ æмæ къухы æнгуылдзтæ дæр. Мæ куыстæй вазыгджындæртæй иу у "Цæхæры Фокси". Уый арæзтон мæйы бæрц. "Фыдфыны Манго" арæзтон дыууæ къуыри. Иууыл рæвдздæр рекорд та мын у 11 сахаты , ацы рæстæгмæ дæр сарæзтон иу хъазæн", - радзырдта Александр.

Мæгуырау бизнес

Лæппу йæхицæн цы аниматрониктæ скодта, уыдонæй дарддæр ма арызы уæйæн дæр, фылдæр бæрцæй йæ клиенттæ сты сабитæ.

"Чысыл сабитæн уæй кодтон чысыл фигурæтæ дыууæ сæдæ соммæ. Аразын ма брелоктæ дæр. Уадиссаг дзы ницы бакуыстон", - зæгъы хæдахуыр скульптор.

© Sputnik / Наталья АйриянСкиф
Фондз ӕхсӕв Фреддиимӕ: хæдахуыр скульптор Джиоты Александры фæндаг аивадмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Скиф

Александры коллекцийы ма хъазты персонажтæй дарддæр ис, йæхи хъуыдыйы цы фæлгонцтæ райгуырынц, уыдон дæр. Иу рæстæджы лæппуйыл бандæвта æхсæнады цæстæнгас æмæ уый дæр сарæзтæ ныры дуджы популярон æфсæддоны фигурæ. Скиф кæд хъуамæ равдыст-армукъайы йæхицæн ссардтаид ног хицауы, уæддæр ын æлхæнæг нæ разынд æмæ сидзæрæй лæууы йæ авторы коллекцийы.

"Дыууæ скифы уыдысты армукъа-равдысты, æнæбарыдæр кæй сарæзтон, уый уайтагъд æрбауæй, фæлæ ацы æфсæддон мемæ ʻрцард", - загъта уый.

Хæдахуырæй профессионалмæ

Лæппу кæд йæхи хоны хæдахуыр скульптор, уæддæр фæнд кæны ацы хаххыл профессионалон ахуырад райсын.

"Нывгæнджыты цæдисы сæрдар Цхуырбаты Тамерлан мын бауынаффæ кодта бацæуын нывгæнæн уагдонмæ. Ацы азæй хъуамæ райдайон ахуыр, кæд мын бантыса бацæуæн фæлварæнтæраттын, уæд", - радзырдта йæ фæндтæ Александр.

Ныридæгæн лæппу йæхи цæттæ кæны ног равдыстмæ. Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы ʻрдыгæй хæдбардзинады банымады бонмæ Къостайы хъæуы ацæудзæн равдыст–армукъа æмæ та ам дæр адæмы размæ рахæсдзæн йæ куыстытæ.

© Sputnik / Наталья АйриянПолимерон æлыгæй конд хъазæнтæ.
Полимерон æлыгæй конд хъазæнтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/5
Полимерон æлыгæй конд хъазæнтæ.
© Sputnik / Наталья АйриянПолимерон æлыгæй конд хъазæнтæ
Полимерон æлыгæй конд хъазæнтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/5
Полимерон æлыгæй конд хъазæнтæ
© Sputnik / Наталья АйриянПолимерон æлыгæй конд хъазæнтæ
Полимерон æлыгæй конд хъазæнтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/5
Полимерон æлыгæй конд хъазæнтæ
© Sputnik / Наталья АйриянПолимерон æлыгæй конд хъазæнтæ
Полимерон æлыгæй конд хъазæнтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/5
Полимерон æлыгæй конд хъазæнтæ
© Sputnik / Наталья АйриянПолимерон æлыгæй конд хъазæнтæ
Полимерон æлыгæй конд хъазæнтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
5/5
Полимерон æлыгæй конд хъазæнтæ
1/5
Полимерон æлыгæй конд хъазæнтæ.
2/5
Полимерон æлыгæй конд хъазæнтæ
3/5
Полимерон æлыгæй конд хъазæнтæ
4/5
Полимерон æлыгæй конд хъазæнтæ
5/5
Полимерон æлыгæй конд хъазæнтæ
Ног хабӕртты лентӕ
0