Харбыз, мæнæргъы, битъна, лимон: цъунайраг арахъхъы ад

© Sputnik / Фатима Плиева Лохты Дауыт
 Лохты Дауыт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Алкоголон продукци "Цъунар"-ы уадзæг йæ нозты баиу кодта йæ сыхаг сылгоймаг Нателлайы рагон ирон рецепт æмæ нырыккон ифтонгады фадæттæ. Йæ ныккæндæй цæуы мæнæргъы, лимон, битъна, чъерами æмæ харбызы арахъхъ, фæстæдæр срæвдз кæндзæн чачайы рауагъдад дæр

ЦХИНВАЛ, 28 авг — Sputnik, Плиты Фатимæ. Ӕртæ азы дæргъы куысты фæрцы Цъунары хъæуы цæрæг Лохты Дауыт æмæ йæ продукци - алыгъуызон дыргътæ æмæ халсæрттæй конд арахъхъы кой айхъуыст Хуссар Ирыстоны æмæ уымæй дарддæр.

Цхинвалы районы Цъунары хъæуы æртæ азы размæ бындур æвæрд æрцыд алкоголон продукцийы рауагъдады чысыл амалиуæгад "Лохов Давид"-æн. Лохты Дауытæн, кæцы йæ хъуыддагæн радта йæхи ном, йæ чысыл заводæй цæуы хойраг, чылауи, мæнæргъы, лимон, харбыз æмæ æндæр халсарæй карз нозт.

© Sputnik / Фатима ПлиеваАлкоголон продукци "Цъунар"
Харбыз, мæнæргъы, битъна, лимон: цъунайраг арахъхъы ад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Алкоголон продукци "Цъунар"

Дауыт дæргъвæтин рæстæг цард Мæскуыйы, куыста фыдызгъæлы стыр заводы, фæлæ аскъуыддзаг кодта раздæхын Ирыстонмæ. Фыццаг фæлвæрдта фосдарды куыст кæнын, фæлæ фæстæдæр фæцайдагъ нозт уадзыныл.

"Ныртæккæ у сезон. Арахъхъ рауагътон чылауи, фæткъуы, чъерами, харбызæй, фæлæ мæ рауагъдад бындуриуæг кæны мæнæуы задыл. Сыхæгтæ мæ ифтонг кæнынц дыргъæй, разæнгард мæ кæнынц - "уый дæр бафæлвар". Ацы аз тонны бæрц райстон фæткъуы фермерæй, канд мæхи бизнес нæ кæнын, фæлæ ма уыдон дæр рæвдз кæнын куыстмæ", - дзуры амалиуæггæнæг.

Ныртæккæ йæ ныккæнды ис 100 литры фæткъуыйы арахъхъ, къаддæр сты мæнæргъы æмæ æндæр халсарты нозт.

Амалиуæггæнæг хъуыддаджы куы бацыд, уый фæстæ йæ ʻрфæндыд фылдæр архайын, йæ нывæзты ис æддагон базармæ ахизын æмæ йæ алкоголь та ноджы фæхуыздæр кæнын.

© Sputnik / Фатима ПлиеваАлкоголон продукци "Цъунар"
Харбыз, мæнæргъы, битъна, лимон: цъунайраг арахъхъы ад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Алкоголон продукци "Цъунар"

"Азæй–азмæ фæнд кæнын мæ продукцийы гъæд хуыздæр кæнын, дунейы карз нозт уадзджыты æмвæзадмæ схизын. Мæн фæнды, цæмæй мæ нозты иу авгæй лæг расыг ма ныууа, фæлæ йæ бæрцгай нуаза æмæ йын æхцондзинад хæсса", - бафтыдта Лохты Дауыт.

Нателлайы амынд

Алкоголон продукци уадзæг йæ нозты баиу кодта йæ сыхаг сылгоймаг Нателлайы рагон ирон рецепт æмæ нырыккон ифтонгады фадæттæ. Нозт, йæ хъуыдымæ гæсгæ, у æнæ æппæрццаг æндæвдадæй. Йæ зианхæссæг элементтæ йын айсы нырыккон ифтонгад.

"Мæ арахъхъытæ арæзт цæуынц мæ сыхаг ус Нателлайы амындмæ гæсгæ, нырыккон терминтæй дзургæйæ, уый у мæ технолог, уый мын саразы зад, амоны къахдзæфгай рецепттæ", - зæгъта Лохты Дауыт.

Хæрзбон харбыз

Амалиуæггæнæг фæлвары ног дыргътæй карз нозт рауадзын, кæцыдæр фæлварæнтæ свæййынц æнтыстджын æмæ йæ нæлгоймаг бахæссы йæ рецепты номхыгъдмæ. Фæлæ харбызимæ йæ ахастытæ нæ рæсугъд кæнынц.

"Бахардз ыл кодтон бирæ тыхтæ æмæ 800 сомы аргъ харбыз. Фидарæй аскъуыддзаг кодтон - харбызæй æз арахъхъ нал рауадздзæн. Нæ фæбæззыд", - зæгъы Лохты Дауыт.

Амалиуæггæнæг ныридæгæн иууыл тынгдæр æппæлы мæнæргъыйы арахъхъæй.

"Ивгъуыд аз сарæзтон мæнæргъыйы ликер. Ӕртын æрдæглитрон авджы аскъæфтой уайтагъд æлхæнджытæ", – бафтыдта уый.

© Sputnik / Фатима ПлиеваАлкоголон продукци "Цъунар"
Харбыз, мæнæргъы, битъна, лимон: цъунайраг арахъхъы ад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Алкоголон продукци "Цъунар"

Йæ рауадзгæ арахъхъæй кæцыдæртæн сæ тых хизы 95 % онг. Раздæр хойраджы арахъмæ æфтыдта дыргътæ, ныр та рахызт сыгъдæг дыргътæй нозт уадзынмæ. Уый уырнын кæны, йæ арахъхъæй дыккаг бон сæр кæй нæ риссы, адæймагæй нозты тæф дæр нæ фæкæлы, "нæ дзы фæрисдзынæ, ныуазгæйæ та йæ зæрдæ скъæфы".

Цъунайраг арахъхъ дуканиты æмæ æмгуыстад "Сæнæфсир"-имæ

Лохты Дауыты продукци уæй цæуы Цхинвалы дыууæ дукани – "Яблочко" æмæ "Mon Chеri"-йы. Лæварæн рæсугъд къоппы нозт у зынгæ зынаргъдæр, хуымæтæг авджы – къаддæр.

"Мæ сæйраг клиент Хуссар Иры цæрæг нæу, дуканиты иу авг лæууы 500 сомæй уæлæмæ, уый нозтуарзагтæн нæу, фæлæ сын чи аргъ кæны, уыдонæн. Хъæдын къоппытæ мын аразынц мебелон дуканийы, уымæй æххуыс кæнын сæ рауагъдад размæ кæнынæн", - бафтыдта лæппу.

Цъунайраг арахъуадзæг ныридæгæн фидар кæны ахастытæ егъау сæнуадзæн амалиуæгад "Сæнæфсир"-имæ. Уый фæнд кæны йæ ног партнеры фæрцы срæвдз кæнын сæны дуцæнтæй арахъуадзыны куыст. Уый адыл тагъд йæ хæзнадоны фæзындзæн "чача" дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0