Нанайы арахъхъæн хæрзбон: куыд аразынц къуыдайраг виски Хуссар Иры

© Sputnik / Наталья АйриянКуыд аразынц къуыдайраг виски Хуссар Иры
Куыд аразынц къуыдайраг виски Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сæн, арахъхъ, ликер æмæ æгæрыстæмæй виски дæр цæттæ кæнынц мини-заводты Цхинвалы, Къуаисайы æмæ хъæуты

ЦХИНВАЛ, 26 фев — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Иры фæстаг фондз-дæс азы дæргъы сбирæ сты сæн, арахъхъ, виски æмæ æндæр карз нозтыты рауагъдæттæ. Нозт уадзынц нанаты амындмæ гæсгæ æмæ дунейы фæлтæрддзинад фæзмынгæйæ.

Хуссар Иры фæстаг дыууæ азы бакодтой дыууæ сæндуцæн заводы - "Иронсæн" æмæ "Сæнæфсир", уыдон парахат кæнынц сæ продукци Цхинвал æмæ фæсарæнты дæр. Ацы æмæ ма æгæрыстæмæй донуадзæн заводы бындурыл дæр райгуырд ликер æмæ коньякты рауагъдадтæ. Ӕмрæстæджы нæ къаддæр кæны "нанаты арахъхъы" табугæнджыты нымæц дæр.

© Sputnik / Наталья АйриянГæджиты Тенгизæн йæ рауагъдады ныр дæр куыст нæ нымæг кæны.
Нанайы арахъхъæн хæрзбон: куыд аразынц къуыдайраг виски Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гæджиты Тенгизæн йæ рауагъдады ныр дæр куыст нæ нымæг кæны.

Къуаисайы цæрæг Гæджиты Тенгиз ныр æхсæз азы архайы Хуссар Ирыстоны æнæкъæм виски саразыныл. Къуыдаргомы, Кировы хъæуы Джоджорайы доны был сарæзта йæ чысыл рауагъдад.

Нозт уадзæг уырнын кæны, къуыдайраг виски кæй у æнæкъæм. Нозт райгуыры Тъыбеты хъæуы æркæнгæ тыллæг, Къуыдаргомы дон æмæ тулдзы уидæгтæй.

"Фыццаг баудайын мæнæу, стæй йæ ныхсын, уый фæстæ йæ бамбæрзын æмæ дыууæ боны онг зайы мæнæу. Басуры фæстæ йæ мæ чысыл куыройы æрыссын. Уæлæмхасæй йæм æфтауын æрмæст æнхъизæн. Виски рацæуы цалдæр уагъдæй, стæй йæм æфтауын хуызæн - францаг тулдз, бынæттон тулдзы уидаг та йын дæтты аромат", - радзырдта Гæджиты Тенгиз.

© Sputnik / Наталья АйриянГæджиты Тенгиз
Нанайы арахъхъæн хæрзбон: куыд аразынц къуыдайраг виски Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гæджиты Тенгиз

Виски аразæг канд шотландаг нозт нæ аразы, фæлæ ма фæнд кæны "нанайы цæссыг" дæр нывыл саразын.

"Фыдæлты рецептты ныхмæ нæ дæн, фæлæ уыдон дæр хъæуы хуыздæрæй хуыздæр кæнын. Абон у 2020 аз, арахъхъ та у нæхи нуæзт æмæ хъуамæ вискийæ фæстæ ма лæууа. Ӕз цы арахъхъ уадздзæн, уый "нанайы арахъхъ" нæ уыдзæн, фæлæ ноджы хуыздæр", - загъта уый.

Тенгиз йæ нозтуадзӕн цех сарæзта йæхæдæг 2014 азы, йæ ифтонгадæй бирæтæ рацарæзта ӕндæр нысанмæ здæхт мигæнæнæй. Уый стыр гуырахсты рауагъдадмæ нæ тырны æмæ уымæ гæсгæ йæ рецепттæ дæр нæ сусæг кæны. Йæ сæйраг нысаныл нымайы идеалон нозты рецепт саразын. Сахуыр кодта, суанг Шотландийы куыд арæзтой виски, уый амæлттæ дæр, фæлæ йын се 'ппæт сфæлхатт кæнын нырма нæ бантыст.

"Дзæуджыхъæуы ма иу лæппу аразы виски, уый ацыд Шотландимæ дæр. Нæ фæлтæрддзинад кæрæдзийæн нæ хæлæг кæнæм, дыууæтæ дæр архайæм иу хъуыддагыл – иттæг хорз нуæзт саразыныл", - зæгъы нозт уадзæг.

Гæджиты Тенгизæн йæ рауагъдады ныр дæр куыст нæ нымæг кæны. Йæ амалиуæгады йæхæдæг у иунæг кусæг — ацы бæрнон куыст никæуыл æууæнды.

Ног хабӕртты лентӕ
0