Хуссар Иры Урстуалгомы бакодтой донхосгæнæн

© Лейла Дряева Хуссар Иры Урстуалгомы бакодтой донхосгæнæн
Хуссар Иры Урстуалгомы бакодтой донхосгæнæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Пансионат цы бынаты арæзт æрцыд, уый денджызы æмвæзадæй у 1 551 метр бæрзонддæр, ам хос кæндзысты артроз, диабет æмæ кæцыдæр цармы низтæн

ЦХИНВАЛ, 2 мар — Sputnik, Дриаты Лейла. Дзауы районы Згъубиры хъæуы йæ дуæрттæ байгом кодта хосгæнæн пансионат. Дон ахъаз у артроз, диабет æмæ кæцыдæр цармы низтæй фервæзынæн.

Хосгæнæн пансионат сарæзта амалиуæггæнæг Босыкты Владимир. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы дон цæуы Кавказы хохырагъæй æмæ йæм никæцы дон хæццæ кæны.

Ныртæккæ ам цы пансионат сырæзт уым ис 8 бынаты.

"Ардæм æрмæст хос кæнынмæ нæ цæудзысты. Сæрдæй-зымæгæй кусдзæн пансионат, уымæ гæсгæ ардæм баулæфынмæ сæ бон уыдзæн æрбацæуын, кæй фæнды, уыдоны", - зæгъы пансионаты бардарæг Босыкты Владимир.

Пансионаты арæзт æрцыд æппæт уавæртæ дæр. Ифтонг у, улæфæн зонæйы цахæм хиирхæфсæнтæ вæййы, уыдонæй. Босыкты Владимир куыд зæгъы, афтæмæй пансионат цы бынаты арæзт æрцыд, уый денджызы æмвæзадæй у 1 551 метр бæрзонддæр.

© Лейла Дряева Хуссар Иры Урстуалгомы бакодтой донхосгæнæн
Хуссар Иры Урстуалгомы бакодтой донхосгæнæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры Урстуалгомы бакодтой донхосгæнæн

"Доны хосгæнæн миниуджытæ зыдтон, фæлæ мæ тынгдæр та бауырныдтой, мæ хæстæг зæронд ус йæ уæрджытæн ацы донæй куы схос кодта, уæд. Иу хатт мæм æрбахатыд, Згъуыбирæй, дам, суарæй ралас мигæнæны. Сылгоймагæн уыд уæраджы артроз, сæвæрдта дзы компресстæ æмæ фервæзт йæ низæй. Уый фæстæ та мæм æрбахатыд сыхаг, кæцыйæн уыд сæкæрниз. Уый дæр йæхи иттæг хорз хатын райдыдта. Йæ сæкæр хæрдмæ нал хизы", - загъта Босыкты Владимир.

Пансионат арæзт æрцыд амалиуæггæнæгæн йæхи фæрæзтæй. Æххуыс ын кодта йе "фсымæр лæгдыхæй. Æхцайы фæрæзтæ фаг кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ арæзтад ныддаргъ, фæлæ арæзт цыд бæстон, цæмæй ардæм улæфынмæ æмæ хоскæнынмæ чи æрбацæуа, уыдон здæхой райгондæй.

Ам чи улæфа, уыдон хæрзиуæгæн арæзт æрцыдысты сæрдыгон бонты тезгъогæнæн бынæттæм аив къахвæндæгтæ. Бæхтыл тезгъо кæнын чи уарзы, уыдонæн фадат уыдзæн экскурсийы Урстуалтæм бацæуынæн дæр. Зымæгон бонты куыд сывæллæттæ, афтæ хистæр кары адæмæн дæр сæ бон уыдзæн къахдзоныгътыл бырын.

"Улæфджытæн менюйы цы хæринæгтæ уыдзæн, уыдон уыдзысты экологон æгъдауæй сыгъдæг продукттæ. Сæрдыгон бонты улæфджытæн фадат уыдзæн Урстуалтæ æмæ Сыбайы комы цы хосгæнæн кæрдæджытæ зайы, уыдон æрæмбырд кæнынæн. Згъубиры комы бирæ историон цыртдзæвæнтæ ис æмæ уыдонмæ экскурситæ аразгæйæ улæфджыты зонгæ кæндзысты, ивгъуыд цардимæ", - радзырдта уый.

Ам ма амалиуæггæнæг хъавы саразын цад дæр, цæмæй дзы ауадза кæсæгтæ æмæ пансионаты чи улæфа, уыдæн сæ фынгыл уа кæсаг дæр. Фидæны, ам арæзт æрцæудзæнис фермерон хæдзарад дæр, цæмæй улæфджытæ хæрой бынаты æркæнгæ урсаджы продукттæ. Æппæт уыдæттæ нысан æрцыдысты Босыкы лæппуйы бизнес-проекты, кусæн бынæттæй сифтонг кæндзæн 15 адæймаджы.

Дзæвгар адæм бацымыдис кодтой ацы пансионатмæ

"Мæскуы æмæ Санкт-Петербурджы цæрæг ирон лæппутæ ныридæгæн сæхицæн бынæттæ æрцæттæ кæнын кодтой, æмæ сæм æнхъæлмæ кæсæм марты мæйы кæрон", - зæгъы Босыкты Владимир.

© Лейла Дряева Хуссар Иры Урстуалгомы бакодтой донхосгæнæн
Хуссар Иры Урстуалгомы бакодтой донхосгæнæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры Урстуалгомы бакодтой донхосгæнæн

Уый ма загъта, зæгъгæ, Ирыстоны хæхты хъæбысы баулæфын кæй фæнды, уыдон æхсæн ис æндæр нациты минæвæрттæ дæр. Пансионаты цы уавæртæ ис, уыдонæй та хъуамæ баззайой райгондæй, спутникон телеуынынад æмæ интернетæй дæр æххæст кæй сты, уымæ гæсгæ.

Босыкты Владимир нырмæ дæр нæ республикæйы зынгонд уыд, куыд минералон дон "Аландон" уадзæн куыстуаты сæргълæууæг. Цалдæр азы размæ уый Згъубиры суаргуырæны бындурыл бакодта ацы куыстуат, паддзахадæй кредит райсгæйæ. Йæ саразыны фæнд та йæм фæзынд, Згъубиры суарæй цалдæр азы размæ Пятигорскы курортологийы зонад-иртасæн институтмæ, иртасынмæ куы ахаста æмæ йæ анализтæ куы базонгæ, уый фæстæ.

© Лейла Дряева Хуссар Иры Урстуалгомы бакодтой донхосгæнæн
Хуссар Иры Урстуалгомы бакодтой донхосгæнæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры Урстуалгомы бакодтой донхосгæнæн
Ног хабӕртты лентӕ
0