Хъусдард авд мин адæймагмæ: фадыгон инспектор Козаты Янайы æрвылбонон службæ

© Из личного архива Яны КозаевойКозаты Яна
Козаты Яна  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фадыгон милиционеры дæсныйад æнцон нæу, хъæуы дзы лæгдзинад æмæ тыхджын удыхъæд равдисын. Уыцы æууæлтæй æххæст у милицийы капитан Козаты Яна

ЦХИНВАЛ, 24 мар — Sputnik, Дриаты Лейла. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады фадыгон инспектортæй ацæугæ азы æппæт хъуыддæгты дæр йæхи активонæй чи равдыста, уыдонæй иу у милицийы капитан Козаты Яна. Янайы æрвылбон дæр фенæн вæййы Цхинвалы хуссар-ныгуылæн фарс. Йæ фадыджы цæры авд мин адæймагæй фылдæр. Ацæугæ аз æркаст æмæ равзæрста 60 хъуыддаджы бæрц. Уыдонæй 23 уыдысты, цæрджытæй йæм чи æрбацыд, ахæм куырдиæттæ. Фадыгон инспектортæн ацы куыст у иууыл ахсджиагдæр. Уымæн æмæ дзы алы куырдиат дæр йæхирдыгонау вæййы вазыгджын, бæстон бакусын кæуыл хъæуы, ахæм.

© Из личного архива Яны КозаевойКозаты Яна (галиуæрдыгæй)
Хъусдард авд мин адæймагмæ: фадыгон инспектор Козаты Янайы æрвылбонон службæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Козаты Яна (галиуæрдыгæй)

Фадыгон инспектор цалдæр аз цы адæмы ‘хсæнмæ фæцæуы, уыдонæй алцы дæр базоны бæстон. Яна цы фадыджы тыххæй дæтты дзуапп, уым хорз базыдта, закæттæ æмæ æхсæнадон цардмæ уæлæнгай ахаст кæмæн ис, уыдоны. Йæ фадыджы кæд бирæ нæ, уæддæр дзы ис, цы аразы, ууыл бæстон чи нæ ахъуыды кæны, афтæмæй фæткхалæн цаутæ чи саразы, ахæмтæ.

Яна семæ фембæлынмæ, иу кæнæ æндæр темæйыл беседæтæ ауадзынмæ никуы бызивæг кæны. Чи сæм нæ байхъусы, хатдзæгтæ сæ чи нæ саразы, уыдон ныхмæ та ист æрцæуынц фæкарздæргонд мадзæлттæ. Уæд, æцæгæйдæр бамбарынц сæ рæдыд æмæ ма фæсмон дæр фæкæнынц, фадыгон инспектормæ кæй нæ байхъуыстой, уый тыххæй. Ахæм адæмы нымæц азæй азмæ кæны къаддæр, æмæ уый Яна нымайы æнтыстыл.

Яна стыр хъусдард здахы, йæ фадыджы цæрджытæй лæвар æмæ табелон æхсæнгарз кæмæ ис, уыдон сæ куыд æфснайдæй дарынц, уымæ. Алкæмæ дæр сæ уыд бæрæггæнæг. Басгæрсты рæстæджы чысыл фиппаинагæй дарддæр æхсæнгарз дарын æмæ йе фснайыны фæткойтæ иунæг ран дæр хæлд не ‘рцыдысты.

Фадыгон инспектор активон хайад райста раздæры фыдракæндтæ раргом кæныны хъуыддæгты æмæ кæимæ куыста, уыдон дзы баззадысты райгондæй.

Ацæугæ аз ма бæстон æркаст æмæ бакуыста сыхæгты æмæ бинонты хъаугъаты тыххæй цы куырдиæттæ æрбацыд, уыдоныл дæр. Йæ фембæлдты рæстæджы сæ алкæмæн дæр бамбарын кодта йæ рæдыд æмæ се хсæн цы æндыгъдад ахастытæ уыд, уыдон банывыл сты.

Булкъон Лали - Sputnik Хуссар Ирыстон
Булкъон Лали
Фадыгон инспектор уымæй дарддæр хорз бакуыста Цхинвалмæ æрцæуæг адæймæгтæй йæ цæрæн бынат бæлвырд кæмæн нæ уыдис, уыдонимæ дæр. Ахæмтæ та уыдысты 35 адæймагæй фылдæр æмæ дзы алчидæр фæдзæхст æрцыдис, цæмæй ацы фарст барадхъахъхъæнæг органтæ нæ, фæлæ бæстон кæной сæхæдæг. Уыимæ ма сæ бафæдзæхста, зæгъгæ, ахæм фæткхалæн цауты тыххæй æндæр хатт ивар кæй цæудзысты, уымæй.

Арæх горæты дзæгъæл куыйты аххосæй иу æмæ дыууæ адæймаджы нæ фæтыхсы. Ацы фарсты фæдыл дæр фадыгон инспектор бакодта æмбæлон куыст - карзæй бафæдзæхста, фæтк чи хæлдта æмæ адæмæн тасдзинад кæй куыйтæ хастой, ахæм 15 адæймагæй фылдæры, цæмæй сæ хæдзарон цæрæгойты æнæхъусдардæй уынгтæм ма уадзой.

Ног хабӕртты лентӕ
0