Бынæттон халсартæ æлхæнынмæ - Хуыбецты æфсымæрты хъӕрмуатмæ

© Sputnik / Дриаты ЛейлаХуыбецты æфсымæрты хъӕрмуат
Хуыбецты  æфсымæрты хъӕрмуат  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Экологон æгъдауæй ссыгъдæг продукттæ алкæй дæр хъæуы. Амалиуæггæнджытæм бынатмæ цыдысты æлхæнджытæ æмæ æлхæдтой халсæрттæ

ЦХИНВАЛ, 29 апр – Sputnik, Дриаты Лейла. Хуыбецты дыууæ æфсымæры - Сослан æмæ Руслан цалдæр азы размæ Цхинвалы Хъайтарты уынджы кæрон сæрибар зæххы фадыгыл сарæзтой хъармуат. Зæхх дыууын азæй фылдæр ничи куыста, уыд æнæркаст. Дыууæ æфсымæры йæ ныссыгъдæг кодтой, стæй йæ бахуым кодтой. Мæр уыд зынкусæн, мæгуыр æмæ йæм æрбаластой æндæр ранæй сыджыт, бахастой йæм хъацӕнтӕ æмæ бавнæлдтой сæ куыстмæ счъилдысæй.

Æфсымæртæ дыууæйæ не ‘ххæсыдысты сæ куыстыл æмæ бахатыдысты сæ мады æфсымæры лæппумæ, кæцы чысылæй фæстæмæ уарзы зæххы куыст, йæхи къухтæй æркæнгæ халсæрттæ æмæ дыргътæй цæры. Уый сын разы дæр ссис æмæ ма сын ныфсытæ дæр æвæрдта, хъуыддæгтæ рæстмæ кæй ацæудзысты, уымæй.

© Sputnik / Дриаты ЛейлаХуыбецты æфсымæрты хъӕрмуат
Бынæттон халсартæ æлхæнынмæ - Хуыбецты  æфсымæрты хъӕрмуатмæ  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуыбецты æфсымæрты хъӕрмуат

Дыууæ æфсымæр цæмæй ахæм егъау хъармуат сарæзтаиккой, уый тыххæй кредит райстой бангæй, хӕс æхцатӕ райстой се ‘мбæлттæй дæр. Ӕмæ ныр дыууæ аз сæ хъармуаты тауынц пъамидортæ æмæ джитритæ. Экологон æгъдауæй ссыгъдæг продукттæ алкæй дæр хъæуы. Уыдонмæ бынатмæ цыдысты æлхæнджытæ æмæ æлхæдтой халсæрттæ. Ацы аз та лӕппутӕ байтыдтой цъæхыгтæ.

"Фæстаг азты зæхкуысты къабазы фæзынд иу стыр проблемæ. Зæххы куыст кæнын никæй уал фæнды, кæд æмæ а-зæххыл уый фæрцы цæрæм, уæддæр. Адæм алыгъуызон химикаттæй пайда кæнынц, æмæ уымæй мах кæнæм фыдми зæххæн, сарæх сты алыгъуызон низтæ", - загъта Сослан.

Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, фылдæр тыллæг райсынымæ тырнгæйæ, бирæтæ нæ ауæрдынц алыгъуызон химикаттæ мæрмæ бахæссыныл. Уыцы дыргътæ æмæ халсæрттæ сæ бинонтæ, кæстæртæ æмæ ‘ввахс адæм кæй хæрдзысты, ууыл нал фæхъуыды кæнынц.

"Уымæ гæсгæ къух сисын фæхъæуы ахæм препараттыл, æнæ уыдон дӕр ис тыллæг æркæнæн. Баивæн сын ис, адæймаджы организмæн зиан чи нæ хæссы, ахæм æрдзон хъацæнтæй. Уымæй иуæй не ‘нæниздзинад бахъахъахъæндзыстæм, аннæмæй тыллæграйст къаддæр нæ уыдзæнис", - дзуры Сослан.

Икъаты Ибрагим Дменисы сӕндидзын кодта зӕхкуыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фӕткъуы, сӕнӕфсир ӕмӕ халсар: Икъаты Ибрагим Дменисы сӕндидзын кодта зӕхкуыст

Иу ахæм метод уый схуыдта, фыдæлтæ куыд кодтой, уый – дæ зæххы фадыгыл фаджыс ныккал æмæ 4-5 азы сæрибар дæ.

"Хъæрмуатæн та йæ аразын зын у, фæлæ уый фæстæ пайда хæссы. Æрмæст хъуамæ куыстуарзаг уай. Æппынæдзух, сæрдæй-зымæгæй сæ мидæг хъуамæ архайай. Æрдзы анамалон фæзындтытæй кæд хызт уыдзæн дæ тыллæг, уæддæр зонын хъæуы, цафон сын цы аразын хъæуы. Ныртæккæ интернет хызæгты бирæ амындтытæ ис зайæгойты тыххæй æмæ мах дæр уыдонæй пайда кæнæм", - банысан кодта хъармуаты хицау.

Ӕфсымӕртӕ зымæгон бонты хъæрмуат хъарм кæнынц газæй хъармгæнгæ пецтæй. Йæ мидæг ын сæвæрдтой, фондз тоннæйы кæм цæуы, ахæм бак æмæ афтæмæй донхæр кæнынц сӕ халсар.

Ныртæккæ та хъæрмуаты зайы петрушкæ, цæхæрайы сыфтæ, киндза, тархун æмæ салаты сыфтæ. Амалиуæггæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй æрласæггаг цъæхыгтæй уыдон асламдæр кæнынц сæ товар.

Дыууæ æфсымæры зæрды ма ис сæ хъæрмуаты фарсмæ афтид зæххыл дæр ноджы иу хъармуат саразын, фæлæ нырма финансон æгъдауæй ифтонг не сты. Уымæ гæсгæ чысыл фæфæстæдæр уыдзæн уыцы хъуыддаг.

Ног хабӕртты лентӕ
0